Меню сайта

Категории каталога

Духовный и культурный мир Алании [89]
Творчество [35]
Фольклор, литература, сказки, публикации.
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ [71]
Нартский эпос [5]
СКАЗАНИЯ О НАРТАХ
Время Ацамаза [10]
Мурат Джусойты

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи

Всего материалов в каталоге: 199
Показано материалов: 91-100
Страницы: « 1 2 ... 8 9 10 11 12 ... 19 20 »

Нарты хъæуы, Нарты Уырызмæджы хæдзары, Ахсæртæггаты зæронд
хæдзары цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана.
Къонайыл, дæлтъурыл, арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй
æмæ къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй. Артмæ бадынæй цъыхыры сысты
лæппуйы зæнгтæ. Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди
Нарты Сатана.
— Уазæг, æгас цу!
— Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис?
— Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу,— фысым дын
уыдзыстæм; хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды — фæздæгджын сихорæй,
кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй.
— Бузныг, хорз ус, арфæгонд у Хуыцауæй,— фæлæ мæ æхсызгон
хъæуы Нарты Сослан.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1604 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нартæн сæ хæхты фæзындис Хъулонзачъе Уæйыг. Сæ фосы сын
хизæнуатмæ нал уагъта, æмæ цагъды кодтой фос.
Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм,
уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс Уырызмæг
арвыста хонджытæ Æртæ Нартмæ. Хонджытæ æппæт адæмы дæр æрхуыдтой.
Куывды Уырызмæг скуывта æмæ загъта:
— Нарты адæмæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг
айсæд!
Иу дæр йæ ныфс нæ бахаста.
Дыккаг хатт та Уырызмæг хонджытæ арвыста, ацæут æмæ ноджы
фылдæр адæм æрхонут, цъиузмæдæг дæр мауал ныууадзут фæсте, зæгъгæ.
Ацыдысты æмæ та æрхуыдтой адæмы.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1764 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Ахсæртæггаты гуыппырсартæ хæтæны ацыдысты. Хъæуы ма дзы
баззади æрмæст зæронд Уырызмæг. Æрæгмæ здæхтысты фæстæмæ
гуыппырсартæ. Адæм дзырдтой: «Ахсæртæггаты тыхджынтæ хæтæны
ацыдысты, кæмдæр сыл сæхицæй тыхджындæртæ сæмбæлди, æмæ,
æвæццæгæн, фæцагъды сты». Борæтæ загътой: «Ахсæртæггатæй змæлæг
нал ис, æмæ сæ фæллой хæссыны фыдæй лæууы. Уæлæ ма дзы иу зæронд
лæг ис, æмæ йæ, цом, ныммарæм æмæ æввонг фæллой рахæссæм!»
Иу бон æрæмбырд сты Борæтæ æмæ бауынаффæ кодтой: «Куывд
скæнæм, æрхонæм Уырызмæджы, баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм æмæ
Ахсæртæггаты фæллой нæхи бакæнæм».
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1914 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уæд, дын, Батрадз иуахæмы хъуыды кæнын байдыдта: «ныр куыд
дæн, афтæмæй мын искуы тыхгæнæг тых ссардзæн. Цæуон æмæ уæларв
Куырдалæгонæн мæхи байсæрын кæнон».
Араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры:
— Байсæр мæ, Куырдалæгон!
— Макæ, мæ хур!— дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыныс æмæ судзынæн
æгæр æвгъау дæ.
— Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон, æмæ дæ курын — байсæр мæ.
Уæд Куырдалæгоы сразы ис æмæ йын зæгъы:
— Уæдæ ацу æмæ мæй æвзалы фæсудз, мæй та дойнаг дзæнхъа фæлас.
Ацыд Батрадз æмæ мæй æвзалы фæсыгъта, мæй та дойнаг дзæнхъа
фæласта.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1571 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Батрадз уый хуызæн лæг рацыд, æмæ уæларв йæхи æмбæхстæй
дардта.
Нарт цæуæг уыдысты стæры. Стæй-иу тагъд не 'рыздæхтысты, æртæ
азы дæр-иу дзы баззадысты. Иу хатт та фæцыдысты фæсивæды дзæбæхтæ
стæры, Нартæн сæ гуыппырсартæ дæр семæ, афтæмæй. Иу афæдзмæ куы нæ
'рцыдысты, уæд Тыхы фырт Мукара, фæсте ма сæ чи баззад Нартæй,
уыдонмæ сæрвыста сæ уæзæгмæ: «Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæн чызг хъалон
фыстой; иу къорд азы уæ нал бацагуырдтон æз уыцы хъалон. Ныр мын
æй рарвитут, кæннод уæм тыхæй цæуын».
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1664 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм, симд, æмæ зæхх сæ быны
рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди,— нæ дæр Уырызмæг,
нæ дæр Сослан, нæ дæр Батрадз.
Хохæй бынмæ Нарты симдмæ касти сохъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт
Алæф æмæ загъта:
— Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг
кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон!
Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры:
— Уæ, макæ, ма ацу — Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты
фыдбылыз сараздзæн,— уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ
хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иухатт Нарты фæсивæд фембæлдысты;
загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ,— мæ цæст мын сæппæрстой.
Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны
атъыста фæндаггагæн æмæ рараст ис Зилахармæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1650 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Йæ фырты сæфты фæстæ йæ фæрстæ цъæх арт уагътой сохъыр уæйыг
Æфсæронæн. Нартæй йæ маст цæмæй райса, ууыл архайдта æмæ алы
фæндтæ кодта. Батрадзæн йæхимæ кæм бауæндыдаид, фæлæ, дын, иу бон
куы уыди, уæд бахуыдта йæхимæ уазæгуаты Нарты зæрæдты — Уырызмæг
æмæ Хæмыцы. Йæ фырттæн бафæдзæхста: «Фæсхæдзар æмбæхстæй лæуут;
нозт тых кæнын куы байдайа Нарты зæрæдтæн, уæд уæм бæрæг
кæндзынæн, æмæ-иу уæхи хæдзармæ хæстæг ласут».
Нæ бацауæрста цæхх æмæ кæрдзыныл Æфсæрон — сырды фыдæй фынгтæ
зæхмæ тасыдысты, рахаста нозт æмæ дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ рæгъ —
афтæмæй нуазын райдыдта Уырызмæг æмæ Хæмыцимæ.
Ницы фыд æнхъæл уыдысты Нарты дыууæ зæронды æмæ нозтæй сæхимæ
куыннæ фæкастаиккой? Гъа ныр сæм нозт хъарын байдыдта, зæгъгæ,
афтæ, дын, Æфсæроны фырттæ хæдзармæ сæхи хæстæг баластой.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1358 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уæд та иухатт Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан
ацыдысты цуаны. Авд боны æмæ авд æхсæвы фæхаттысты, æмæ сыл
сырдæмбæлæг нæ фæци.
Хæлцæй дæр æмæ дарæсæй дæр схъуаг сты Нарт æмæ сфæнд кодтой
фæстæмæ раздæхын. Цæуынц, цæуынц, æмæ сыл иу тар хъæды кæрон иу
урс саг фембæлди — сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта, афтæмæй
фæлидзы.
Нарт сæ номдзыд хотыхтæ фелвæстой æмæ йæ афтæмæй сурынтæ
байдыдтой. Саг сæм æхстбæрцмæ æрлæууы, стæй та дарддæр алидзы.
Нарт дæр æй сурынц, уæдæ цы! Авд хохы æттæмæ сæ басайдта саг æмæ
уым цыдæр æрбаци.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1978 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Кадзиты Сатана йæ лæппуйæн арæзта кæхц æмæ рарвыста Кадзиты
чызджытæн сæ рæсугъддæрты æмæ сын загъта:
— Ацæут Нарты Сатанамæ кæхцгур; лæвæрттæ уын фæкæндзæн, æмæ-иу
фæстæмæ афоныл раздæхут. Араст сты чызджытæ. Нарты цæхæрцæст
Сослан фыдбылыз кæм нæ уыд! Фембæлди фæндагыл Кадзиты чызджытыл
æмæ сын фыд митæ фæкодта. Фæстæмæ ныццыдысты чызджытæ мæстæйдзагæй
Кадзиты Сатанамæ. Сатана сæ фæрсы:
— Цы баистут?
— Фыдвæд, фыдамонд фæхæссæд, кæхц кæмæн кæныс, уый дæр, æмæ нæ
кæхцгур кæмæ æрвыстай, уый дæр: Сослан ныл фембæлдис æмæ нын фыд
митæ фæкодта,— загътой чызджытæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1791 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нартыл та фыд аз скодта, æмæ бирæ хъуæгтæ æййæфтой. Уæд
иуахæмы Батрадз дзуры йæ хистæртæм:
— Искуыдæм фæцæуæм, æмæ мæ ауæй кæнут — кæд уын уæ цардæн
искæцы 'рдыгæй феххуыс уаин. Рацыдысты Нарт иу дард бæстæм æмæ уым
Батрадзы иу æлдарæн ауæй кодтой.
Йæхи хуымæтæг лæджы уаджы 'вдыста Батрадз æмæ афтæмæй куыста
æлдарæн, уæдæ цы уыдаид! Кусгæ та афтæ кодта: сæдæ цæдыл-иу хъæдмæ
ацыд, бæлæстæ-иу æд уидæгтæ сыскъуыдта, сæ хихтæ-иу сын ахсæста,
сæдæ галхатты-иу аввонг кодта суг æмæ-иу иннæ хъæддзаутæ хъæдмæ
нæма бахæццæ сты, афтæ-иу уый фæстæмæ хъæумæ æрхæццæ ис.
Æлдар цинæй цæуылнæ мардаид, хорз æлхæдыл фæхæст дæн, зæгъгæ.
Афтæмæй куыста. Батрадз. Уæд иу бон куы уыди, уæд Хуыцау
æлдары хъæумæ иу уæйыджы æрбауагъта. Уынджы фæцæуы уæйыг, æмæ дзы
адæм фæйнæрдæм лидзынц.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1228 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

1-10 11-20 ... 71-80 81-90 91-100 101-110 111-120 ... 181-190 191-199