Меню сайта

Категории каталога

Духовный и культурный мир Алании [89]
Творчество [35]
Фольклор, литература, сказки, публикации.
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ [71]
Нартский эпос [5]
СКАЗАНИЯ О НАРТАХ
Время Ацамаза [10]
Мурат Джусойты

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи

Всего материалов в каталоге: 199
Показано материалов: 101-110
Страницы: « 1 2 ... 9 10 11 12 13 ... 19 20 »

Нарты Сосланы ус уыди Хуры чызг. Рагæй фæнд кодта Хызы 'лдар
Сосланы усы йæхи бакæнын. Æууæрдын райдыдта йæ бæхы,— авд азы
дæргъы йæм фæзылди къæйгонд хъæбæр хорæй.
Иухатт куы уыди, уæд Сосланы ус хуртуæттæ кодта. Хызы 'лдар æй
федта, сбадти йæ хорхор бæхыл æмæ араст ис Сосланы хæдзармæ.
Сослан уыцы рæстæджы уыди дард балцы.
Хызы 'лдар Хуры чызджы афардæг кодта, уæдæ цы уыдаид!
Йæ хæд уæлвæд Сослан йæ балцæй æрыздæхти, æмæ йæ усыл йæ цæст
куы нæ 'рхæцыд, уæд бафарста Сатанайы, кæм ис, зæгъгæ. Сатана йын
радзырдта, йæ усы йын Хызы 'лдар кæй ахаста æмæ йæ Хызы фидары кæй
дары, уый.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1675 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 1.0/1 | Комментарии:0

Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Уымæ ахæм
миниуæг уыд, æмæ, æвæдза, адæймаг йе скуыхтдзинæдты тыххæй æцæгтæ
дзуры, уæд-иу æнæвналгæйæ йæхи систа æмæ-иу адæймаджы дзыхы размæ
бацыд, на 'мæ-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтаид.
Иуахæмы та Нарт бадтысты æмæ сæ Уацамонгæйы сæ разы
æрæвæрдтой, къуымæлæй йе 'дзаг, афтæмæй. Æмæ алыхуызон таурæгътæ
кæнын байдыдтой сæ лæгдзинæдты тыххæй.
Иу-иу загъта: æз афтæ дæр бакодтон æмæ уфтæ дæр, æз уым æмæ
уым фескуыхтæн; иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ. Фæлæ кæсынц, æмæ
Уацамонгæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны.
Батрадз æнцадæнцой бады æмæ хъусы.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1289 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Арвы рухс æмæ зæххы фидауц баскуыхти авд æфсымæры иунæг хо
Акула-рæсугъд.
Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы 'хсæн, авд
фæндаджы астæу, æфсæн мæсыг æмæ уым бадти, æттæмæ нæ каст; йæ
цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ
бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не 'фтыди.
Уæд иу бон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Уырызмæгæй
фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой. Симгæ
та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, сау хъæды бæлæстæ фæзтытæ
кодтой, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1449 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Иухатт Нартæн сæ дзуар æргом рацыд. Устытæ йæм иугай-дыгай
цыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой: «Хорз нывы конд мын радт, хорз
нывы конд мын радт!»
Иннæты хынцмæ йæм Батрадзы ус дæр ссыд æмæ йæм бадзырдта:
— Табу дæхицæн, нæ дзуар!— мæ кувинæгтæ мын айс æмæ мын исты
хæрзиуæг бакæн.
Дзуар æм радзырдта:
— Дæ хуызæн мондадæджынтæн æз хæрзиуæг нæ кæнын.
Ус ма цы загътаид!— аздæхт æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзармæ
ныццыди.
Батрадз сæхимæ нæ уыд — балцы та ацыд кæдæмдæр.
Бады æнкъардæй Батрадзы ус.
Уæд мæнæ зæрватыкк æрбатахт æмæ хæдзары ердойыл абадт.
Батрадзы ус æм дзуры:
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1309 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бадæнтыл.
Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.
— Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ
мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта
йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй
рæстдзинады йеттæмæ куы ницы ирвæзти, Нæ дзыллæ дзыллæ уæд
уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.
Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр.
— Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардыл уæд
хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы
хъахъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; ацы рæстæджы хуызæн сæ
мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фыр нозтæй
се 'фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се 'хсар куы нæ састой.
Афтæ загъта дыккаг хистæр.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1459 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарты Хæмыц Нарты 'хсæн номдзыд лæг уыди. Цæуæнты цыди,
хæтæнты хатти æмæ бирæ хæрзтæ фæци Нартæн.
Фæлæ йæм Борæты Бурæфæрныг рагæй мæсты уыд. Уый афтæ рауад.
Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд,
æмæ-иу æй сылгоймаджы мыккагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый-
иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ. загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт
райста Хæмыц. Йæ ус Быценон куы нæуал уыдис, уæд Борæты
Бурæфæрныджы усмæ дæр фæрæдыди. Бурæфæрныг маст йæ зæрдæйы
нытъыссæн кодта, фæлæ йæ куыд райстаид, уымæн ницы амал ардта,— йæ
ныфс нæ хаста Хæмыцмæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1197 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Ахсæртæггатæ Хæмыцы мард бавæрдтой.
Батрадз уым нæ уыд — кæдæмдæр та дард балцы фæцыди.
Ахсæртæггатæ бауынаффæ кодтой, цæмæй фехъусын кæной Батрадзæн,
дæ фыды дын чидæр амардта, зæгъгæ; фæлæ нæ зыдтой, кæм ис Батрадз,
уый. Уæд бавдæлдысты, æмæ Изæры Ирдгæйы Райсомы Ирдгæмæ арвыстой
æмæ йын бафæдзæхстой: «Арвæй, зæххæй — тагъд æрзил, ссар Хæмыцы
фырт Батрадзы æмæ йын зæгъ: дæ фыды дын чидæр амардта. Кæд бадгæ
кæна, тагъд сыстæд, кæд лæугæ кæна, мауал сбадæд».
Изæры Ирдгæ Ахсæртæггаты ныстуан Райсомы Ирдгæмæ фæхæццæ
кодта. Райсомы Ирдгæ æрзылди арвыл, зæххыл, фембæлди Батрадзыл æмæ
йын, Нарты 'гъдаумæ гæсгæ, тæфæрфæстæ ракодта, стæй йын загъта:
— Нарты гуыппырсартæ мæ сæудары хъæргæнæг рарвыстой дæумæ: де
'ндонрихи фыд Хæмыц кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1608 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уымæй фæстæмæ зилын райдыдта зæдтæ 'мæ дауджыты фæдыл Батрадз
æмæ сыл кæм хæст кодта, уым сæ тыхсын кодта, цагъта сæ.
Уæд зæдтæ 'мæ дауджытæ 'рæмбырд сты æмæ Хуыцаумæ бахъаст
кодтой:
— Хæмыцы фырт Батрадз нæ цæрын нал уадзы, æмæ йæ фесаф!
— Цы уын кæнон?— уый ме 'вастæй равзæрд, æмæ йын мæ къухы
мæлæт нæй,— загъта сын Хуыцау.
Батрадз куы бамбæрста, зæдтæ 'мæ йыл дауджытæ Хуыцаумæ хъаст
кæнынц, уый, уæд загъта йæхицæн: «цавæр Хуыцау у, зæдтæ 'мæ
дауджытæ сæ хъаст кæмæ хæссынц, уый? Цон æмæ йæ бабæрæг кæнон».
Æмæ барæвдзытæ кодта йæхи æмæ араст ис уæларв Хуыцаумæ. Цæуы
йæ фæндагыл. Хуыцау куы базыдта, Батрадз æм ссæуы, зæгъгæ, уый,
уæд ын зæххы æмуæз дзæкъул йæ размæ æрæппæрста...
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1852 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Насран-æлдармæ фыццаг æрцыдис хуын, æмæ йæм хуынæн цы 'рцыди?
Хуынæн æм æрцыди урс фыры æвзаргæ хъуынæй конд нымæт.
Уый фæстæ та йыл уац сæмбæлдис, дæ усы дын Мысыры æлдар
аскъæфта, зæгъгæ.
Насран-æлдар Нартыл фидиуæг ныхъæр кæнын кодта: «Алы хæдзæр
дæр æфсæддон куыд сцæттæ кæна, афтæ! Æфсæддон цы хæдзар нæ
рарвита, уымæн аргæвддзыстæм йæ гал иварæн, йæ артыл ын дон
ауадздзыстæм, йæ фæнычы къæрмæг ын дымгæмæ ныддардзыстæм».
Æмæ се 'ппæт срæвдз кодтой æфсæддонтæ Насран-æлдары æфсадæн.
Насран-æлдар кæсы æмæ йе 'фсады æхсæн нæ уыны йæ мады
'рвадæлтæ — Ацæты мыккагæй æфсæддон.
Ацæтæй мыккаг нал уыдис — Ацæ йæхæдæг зæронд баци, йæ фырт
Ацæмæз та ма дзидзидай уыдис.
АЦÆМÆЗ | Просмотров: 1759 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ
уарыныл ныллæууыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ-иу ныббыцæутæ
сты.
Нарты хорз лæгтæ сын уыдысты уарæг æмæ сын ницы фæрæзтой сæ
хъуыддаг алыг кæнынæн. Авд Ныхасмæ рахастой хъуыддаг, авд Ныхасы
йыл фæтæрхон кодтой, уæддæр ницæуыл ахицæн сты. Нарты хистæр —
зæронд чъиуцæст Мæгуырæг — фæстагмæ сæ уарæг уыдис æмæ стæрхон
кодта: фос — хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та —
кæстæрæн.
АЦÆМÆЗ | Просмотров: 1807 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

1-10 11-20 ... 81-90 91-100 101-110 111-120 121-130 ... 181-190 191-199