Меню сайта

Категории каталога

Духовный и культурный мир Алании [89]
Творчество [35]
Фольклор, литература, сказки, публикации.
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ [71]
Нартский эпос [5]
СКАЗАНИЯ О НАРТАХ
Время Ацамаза [10]
Мурат Джусойты

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи

Всего материалов в каталоге: 199
Показано материалов: 111-120
Страницы: « 1 2 ... 10 11 12 13 14 ... 19 20 »

Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан цуаны рацыдысты. Ацæ сæ
хæрæфырт уыди, æмæ йæ семæ скъæрæг ракодтой. Сау бон изæрмæ æртæ
æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. Изæры 'рдæм куы уыдис,
уæд та Ацæ раскъæрдта рувас.
Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой, æмæ рувас
расхъиудта æмæ фæтымбыл ис.
Иу иннæмæ дзуры: æз æй амардтон; иннæ дæр зæгъы: æз æй
амардтон. Уæд сын Сослан загъта:
— Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амардтон,
зæгъгæ, кæд, мийаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæд дæр!
Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц:
— Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?!
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2782 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Ахсæртæггатæ æмæ Борæтæ уыдысты дыууæ мыггаджы. Уыдысты
сыхæгтæ. Кæрæдзийæ дардтой фæйнæ авд туджы.
Иу бон куы уыд, уæд Ахсæртæггаты лæппутæ къорийæ хъазгæ
æрбацæйцыдысты. Сæ къори Борæты куырдадзмæ батылди, æмæ лæппу йæ
фæстæ бауади. Борæты куырд уыдис куырдадзы; лæппуйы рацахста,
фæмард æй кодта æмæ йæ лæглæууæн дзыхъы ныппæрста, уæлæмæ куыд нæ
зындаид, афтæ. Ахсæртæггатæ агурын райдыдтой сæ лæппуйы. Уырызмæг,
Хæмыц æмæ Сослан арвы кæрæтты хаттысты сæ лæппуйы агурæг.
Уырызмæгмæ хуыскъ хъуг уыдис. Сырдон куы базыдта, Уырызмæг
лæппуйы агурæг ацыд, уый, уæд бавдæлд æмæ хъуджы сæргæвста. Изæрæй
Ныхасы бадтысты лæгтæ. Сырдонæн уыдис авд лæппуйы; йæ иу лæппу
æрбауад Ныхасмæ æмæ Сырдонмæ дзуры:
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 1734 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нартæ дыууадæсæй хæтæны ацыдысты. Цас фæцыдысты, чи йæ зоны,
фæлæ никуы ницæуыл сæмбæлдысты. Афтæмæй ныфтыдысты иу. быдырмæ.
Уым сыл æрталынг ис. Фæцæуынц, æмæ Сосланæн йæ арц цæуылдæр
фæхæцыди. Сгарынц æй, æмæ лæгæты хуызæн цæмæдæр бацыдысты. Дис
кæнынц: «Ам куы нæ хъæд и, куы нæ дур, уæд ай циу?»
Æхсæв уым баззадысты. Сæумæ райсом кæсынц, æмæ æхсæв кæм
арвыстой, уый кæд уыди иу стыр сæры кæхц.
Нарт скуывтой: «Уæ, хуыцауты Хуыцау! ацы лæг удæгасæй цы
хуызæн уыд, афтæ йæ фестын кæн, æрмæст цæстæй куыннæ уына, афтæ».
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 1992 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 5.0/1 | Комментарии:0

Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди, æмæ уæларвон Сафамæ арвы
цæлхъау фехъуысти. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый
уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæн бафтыдта æмæ йæ æркодта
Нарты хъæумæ. Ныхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: «Чи райгуырд, уый
цæринаг, йæ хъаны бар та мæн куыд уа!» Йæхæдæг гал аргæвста æмæ
куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Айсана, зæгъгæ; стæй
йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ.
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2266 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Иухатт Нарты Уырызмæг афæдз балцы ацыди, чи зоны — кæдæм. Йæ
ус,— Нарты Сатана,— хæстбойнон баци. Æвæдза, гъе ныр афон
ралæууыди, афтæ Нарты Сатана æртæ мыдамæсты ракодта æмæ Хуыцаумæ
скуывта:
— Хуыцауты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Афæдзæй-афæдзмæ нæ бæстыл цы
мигъ, цы 'врагъ æрбада, уый ацы сахат Нарты хъæуыл цы 'рбады, уый
радт!
Тар мигъ ныббадт Нарты хъæуыл. Уæд Сатана Тутыры гуырд
уæнгуытæ уæрдоны баифтындзын кодта...
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2205 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уæрхтæнæг Нарты астæу фæцард зæронды онг æнæ усæй. Нарты
фæсивæд бауынаффæ кодтой: «Уæрхтæнæгæн байзæдтаг нæй, нæй йын
бындар, æмæ йын ус ракурæм. Кæд нæ коммæ нæ бакæса, уæд та йæ
дуртæй амарæм».
Уæрхтæнæгмæ бацыдысты Нарты фæсивæды минæвæрттæ æмæ йын
загътой:
— Уæрхтæнæг, байзæдтаг дын нæй, нæй дын бындар, æмæ ус ракур.
Уæрхтæнæг сразы ис ус ракурыныл æмæ Нарты фæсивæды минæвæрттæн
загъта:
— Майрæмбоны-иу уæ алчи дæр рæвдзæй æрбацæуæд æмæ уын уæд
зæгъдзынæн, усгур кæдæм фæцæуын хъæуы, уый.
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2130 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Алæгаты Алымбегæн авд фырты æмæ иунæг чызг уыдис. Йе 'хсæз
фырты æмæ йæхæдæг дæр Сосланы къухæй мард фесты; баззадис ма йын
æрмæст чызг æмæ авдæнон лæппу. Лæппуйыл ном сæвæрдта Сырдон —
Алымбеджы фырт Тотырадз, зæгъгæ.
Лæппуйæ та ахæм уыд, æмæ разæй сыгъдæг æндон уыд, бон уыдисн
рæзти, æхсæв та уылынг.
Сфæнд кодта Сослан Алымбеджы мыккаг бынтон дæр сыскъуынын. Иу
бон бадзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:
— Ацу æмæ Нарты адæмæн фехъусын кæ: «Абон — майрæмбон, иннæ
маирæмбрны Хъазæн фæзы хъаздзыстæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ
рацæуа уырдæм, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!»
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2433 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди, Уæллаг Нартæн та чызг. Дыууæ
дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ
бахъуызыди æмæ-иу æхсæв бонмæ йемæ фæци. Уый адыл гыццыл чызгыл йæ
авдæн-бæттæнтæ над æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй
дангæл кæна, зæгъгæ, Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди — йæ цокора
сыгъзæрин, ахæм. Сатанамæ фæуадысты: «Нæ чысыл чызг лæппу куы
ныййардта!»
— Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый...
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2081 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарты Борæтæ авд азы фæллой фембырд кодтой сæ зæронд мæрдтæн
кады хист скæнынæн.
Хисты бонмæ ма æртæ азы куы уыди, уæд фидиуæг ныхъæр кæнын
кодтой:
— Борæтæ æртæ азы фæстæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн, æмæ
алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила; дугъ та уыдзæн Ахъденджыз æмæ
Хъараденджызы астæу сакъадахæй Нарты Хъазæн фæзмæ; Хъазæн фæзы
уыдзæн тырыса сагъд, æмæ уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн
фыццаджы хай — уацайраг лæппу, дыккагæн та — уацайраг чызг; аннæ
бæхтæй дæр иу дæр æнæ хай нæ уыдзæнис, хæцæнгарзæй, фосæй æмæ
æндæр хæзнатæй.
Фидиуæг куы фехъусын кодта, уæд алчи дæр йæ дугъон бæх
æууæрдын байдыдта.
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 3076 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уастырджииæн уыдис дыууæ усы.
Дард балцы ацæуын сфæнд кодта Уастырджи æмæ йæ дыууæ усæн
зæгъы:
— Фæндаггæгтæ мын æрцæттæ кæнут, хæрынæн мын адджын чи уа,
хæссынæн рог, стæй мын тагъд ахуыйут дзаумæттæ.
Дыууæ усы февнæлдтой бæлццоны арæвдз кæнынмæ. Уæд хистæр ус
кæстæрмæ афтæ дзуры:
— Ахуый тагъддæр, ахуый, нæ лæг тагъд цæуы.
Уæд ын кæстæр ус зæгъы:
— Цас тæрсыс нæ лæгæй, Нарты Мæргъуыдз, мийаг, дын куы нæ у!
Хистæр ус кæстæрмæ уæд афтæ бадзуры:
— Æмгар æмгарæн нæ лæгæй сомы куы кæны, адæмы хæрзтæ нæ
лæджыстæн куы кæнынц, уæд ма Мæргъуыдз та чи у? — йæ кой дæр ын
куы ничи хъусы!
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Просмотров: 2483 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

1-10 11-20 ... 91-100 101-110 111-120 121-130 131-140 ... 181-190 191-199