Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА

В категории материалов: 7
Показано материалов: 1-7

Сортировать по: Дате · Названию · Рейтингу · Комментариям · Просмотрам
Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы ахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты
рæсугъд Елдайы.
Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъæн кодта,
афæдзмæ та — æртæаздзыды цахъæн. Йæ конд, йæ уындæн та æмбал нæ
уыди — сыгъзæринхил, цæхæрцæст.
Мой кæнын афон ын куы 'рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «мой бæргæ
скæнин, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ зонын». Хъуыды кодта æмæ зæдты
'хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта.
Йæхи зæрды сфæнд кодта: «ех, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод нæ мой
кæнын!»
Ныр цы кæна Сатана: йæхи дзыхæй зæгъын ын уæндгæ нæ кæны,
æндæр искæй дзыхæй йын бамбарын кæна, уый та йæ фæндгæ нæ кæны.
Æмæ зæгъы уæд йæхицæн: «цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг
бауæндон».
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 3231 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Сатана райста йæ зæронд хуыз. Уырызмæгмæ бацыди æмæ йын зæгъы:
— Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ дæхицæн мæ удæгасæй бинонты
кой бакæн.
Уæд ын Уырызмæг загъта:
— Сатана, цалынмæ мын дæ цæст æрттива, уалынмæ мæнæн бинонтæ
'рхæссæн нæй.
Уæд та йæм дыккаг хатт дзуры Сатана, лæгъстæгæнæгау:
— Уырызмæг! мæнæй дын пайда нал ис, æмæ 'ртæ Нарты 'хсæн
фесæфдзынæ. Цалынмæ дын мæ цæст æрттивы, уалынмæ дæхицæн бинонты
кой бакæн.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 3605 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 5.0/1 | Комментарии:0

Фыр мæстæй иухатт загъта Уырызмæг йæ ус Сатанайæн:
— Дæ Хуыцауы тыххæй, фæцу дæ цæгатмæ! Ахæсс нæ хæдзарæй, цы
дæ бафæнда, уыдон иууылдæр, дæ зæрдæ цы хæзнатæ зæгъы, уыдон, æмæ
мæ ныууадз,— нал дæ фæразын!
— Иттæг хорз,— загъта Сатана.— Гæнæн мын нал ис, мæ лæджыхай,
дæ коммæ бакæсдзынæн, фæлæ ма дæ курын иу хъуыддаг. Æз Нарты цæхх
æмæ кæрдзынæй хайджын дæн, уыдон дæр — афтæ. Ныр мын куывд скæн,—
æз Нартæн мæ нуазæн радтон.
Уырызмæг сразы ис æмæ йын куывд скодта. Сатана заманайы фынг
сарæзта — къæбицты ницыуал ныууагъта хуыздæр хæринагæй, хуыздæр
нуазинагæй. Нарты адæм куывды авд æхсæвы æмæ авд боны фæбадтысты,
стæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, æрмæст ма уырдыгыстджытæ фæстæдæр
аззадысты. Æмæ сын Сатана загъта:
— А лæгыл ма мын ацин кæнут!...
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 3403 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Фыд аз скодта Нартыл. Тыхсын байдыдтой тынг, сыдæй мæлынмæ
æрцыдысты. Сæ ныфс асаст Нартæн, сæ зæрдæ амард, сæ къухы ницыуал
æфтыдис. Уый бæрц æгуыдзæгмæ, уый бæрц æдзæллагмæ æрцыдысты Нарты
скуыхт фæсивæд, æмæ-иу Ныхасы бон-изæрмæ хуысгæйæ баззадысты. Куы
сæм байхъуыстаис, уæд ма æрмæст мысыдысты сæ цард. «Æз уыцы ран
фескуыхтæн, æз уæд фосы конды фæдæн»,— дзырдтой-иу Нарты адæм,
Ныхасы бадгæйæ, æндæр сæ ничиуал кодта хорз карды кой, хорз фат
æмæ æрдыны кой.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 1879 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Иуахæмы Уырызмæг уыдис балцы. Уыцы рæстæджы-иу Æртæ Нарты
фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ-иу сæхи мидæг тæрхон кæнын
байдыдтой, хуыздæр сæм чи у, ууыл. «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус
хуыздæр чи уыдзæнис? » — алыбон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм ныхас.
Фæлæ нæ фидыдтой: æппын чи ницæмæн бæззыдис, уый дæр-иу загъта:
«Æз уæ хуыздæр дæн!»
Куы нæ 'мæ куы нæ фидыдтой,'уæд сын Сатана загъта:
— Уæртæ Къармæгонмæ бацæут, зæронд ус у, æмæ йæ бафæрсут: уый
уын раиртасдзæнис уæ хуыздæры 'мæ уæ фыддæры.
Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ 'рбахуыдтой Ныхасмæ.
— Къармæгон, иу хъуыддагæй дæ фæрсдзыстæм, æмæ нын æй раст
зæгъ,— загътой Нарты фæсивæд.
— Уæ хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ! Æз цы зонын?—
загъта Къармæгон.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 1731 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Базæронд ис тынг Нарты Уырызмæг, басасти йæ тых. Нал цыдис
стæры, нал æй фарстой зондæй Нарты фæсивæд. Фæцис-иу Нарты хъал
фæсивæды 'хсæн ахæмтæ дæр, худгæ йыл чи кодта, ницыуал пайда нын
у, зæгъгæ-иу чи загъта. Райсомæй-иу рацыдис Ныхасмæ æмæ-иу йæ бон
уым арвыста адæммæ хъусгæйæ; кастис-иу, куыд æхстой фатæй Нарты
фæсивæд, æмæ-иу æрлæууыдысты йæ лæппуйы бонтæ йæ зæрдыл, æмæ та-иу
изæры æнкъардæй бацыдис йæ хæдзармæ.
— Гъæй джиди, искуы ма фосы конды фæу!— загъта иухатт Уырызмæг
æмæ рацыди Нарты стыр Ныхасмæ. Ныхасы бадтысты Нарты фæсивæд, æмæ
сæм дзуры:
— Мæ чысылæй мæ зæронды бонмæ уын мæ зонд никуы бахæлæг
кодтон, ныр базæронд дæн, æмæ уын мæ зæронд сæр фыдæбоны йеттæмæ
ницæмæнуал бæззы, мæнæй уын ницыуал пайда ис. Райсом мын стыр
æнгом чырын саразут, уым мæ нывæрут æмæ мæ фурды баппарут: мæнæн
Нарты уæлмæрдты нæй ныгæнæн.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 2047 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уæд, дын, цъиу бæласыл куы абадти,
Уым хуымæллæг куы ратыдта.
Æртæ гагайы дзы ахордта.
Уырдыгæй, дын, куы ратахти,
Хуртуаныл куы абадти,
Зады нæмыг, дын, фелвæста.
Зады нæмыг куы ахордта,
Зæхмæ, дын, куы ахаудта,
Ратул-батул куы байдыдта.
Нарты Уырызмæг æй куы ауыдта,
Сатанамæ йæ куы бахаста.
Мæнæуы цæстмæ йæ бахæссы,
Мæнæуы цæсты йæ куы нывæры.
Сæрæй исгæ 'мæ бынæй ахадгæ куы фæвæййы.
Цъиу, дын, уым куы æрчъицы.
Сатана йыл сагъæс куы байдайы,
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Просмотров: 2329 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0