УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА |
Сатана райста йæ зæронд хуыз. Уырызмæгмæ бацыди æмæ йын зæгъы: — Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ дæхицæн мæ удæгасæй бинонты кой бакæн. Уæд ын Уырызмæг загъта: — Сатана, цалынмæ мын дæ цæст æрттива, уалынмæ мæнæн бинонтæ 'рхæссæн нæй. Уæд та йæм дыккаг хатт дзуры Сатана, лæгъстæгæнæгау: — Уырызмæг! мæнæй дын пайда нал ис, æмæ 'ртæ Нарты 'хсæн фесæфдзынæ. Цалынмæ дын мæ цæст æрттивы, уалынмæ дæхицæн бинонты кой бакæн. Уырызмæг куы бакастис усы уынгæгдзинадмæ, уæд йæ бæх — Æрфæны — сифтыгъта æмæ далæ Дæлæсыхы Борæтæм ныццыдис. Борæты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы æмæ иунæг чызг уыд. Уырызмæджы куы федта Бурæфæрныг, уæд ыл бацин кодта: — Уырызмæг, дæ фенд мын æхсызгон уыдис. Рагæй фæстæмæ бæллын дæ уындмæ. Цы хур, цы къæвда дæ 'рхаста? Уырызмæг ын загъта: — Уынгæг лæг кæдæм нæ бахаудзæн! Сатана мын ныззæронд ис, ницыуал хъом у, æмæ уæм фехъуыстон чызг куринаг. Уырызмæгыл йæхи чи атигъ кодтаид! Бафидыдта Борæтимæ. фæстæмæ ссыд. Нарты бæгуырдæрты амбырд кодта æмæ сæ акодта чындзхæссæп Хæмыц — хистæр уазæг (хæдзары хицау), Сослан — нымæттухæг (дзауматухæг), Батрадз — къухылхæцæг. Ныццыдысты Борæтæм. Борæтæ сæ фæхынцтой иннабонæй-иннабонмæ. Уый фæстæ рараст сты Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ. Уырызмæг фервиты Æртæ Нартмæ хонæг. Æрæмбырд вæййынц Нарт æмæ иннабонæй-иннабонмæ фæминас кæнынц Уырызмæджы чындзæхсæвы. Гъа ныр чындзæхсæвы адæм ацыдысты, æмæ Уырызмæг Борæты чызджимæ æмуат цæудзæн, зæгъгæ, афтæ та Сатана райста йæ чызггон хуыз. Уырызмæг æй куы федта, уæд Борæты чызгмæ æмгæрон дæр нал æрцыд. Нартыл айхъуысти уыцы хъуыддаг. Æмæ та æрцыди Нарты Ныхасы Уырызмæджы кой. Уæд иу фæсмæргомау лæппу зæгъы Ныхасы адæмæн: — Æз ахæсдзынæн ме 'хсæв Уырызмæджы хæдзармæ æмæ уын райсоммæ йæ бæрæг хæсдзынæн. Араст ис лæппу æмæ ныццыди Уырызмæгтæм æмæ сæм æхсæвиуат æркодта. Уырызмæг ын аргæвста бурæ нæл фыс. Хорз æй федта. Кæдмæ бадтысты, уæдмæ фæбадтысты, фæныхас кодтой; стæй лæппуйæн бауат кодтой хæдзарæн йæ иу къуымы, Борæты чызгæн — йе 'ннæ къуымы. Сатана æмæ Уырызмæг та се 'ргъæу уатмæ афардæг сты. Лæппу чысыл куы афынæй ис, уæд Борæты чызг сыстад æмæ бацыд æмæ йын йæ хъæццулыл рахæцыд. Лæппу йæ базыдта æмæ йæм дзуры: — Гъæцитт! кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссын мæ ныууадз! Чызг фæстæмæ раздæхтис хъуырхъуыр гæнгæ. Чысыл афæстиат ис, стæй та бацыд лæппумæ æмæ та йын рахæцыд йæ хъæццулыл. Æмæ та йæм лæппу дзуры: — Кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссын ма мæ куы ныууадзай! Раздæхтис та чызг фæстæмæ хъуырхъуыр гæнгæ. Æртыккаг хатт куы бацыд Борæты чызг лæппумæ, уæд нал дæр «гъæцитт!», нал дæр æндæр — æмуат æрцыдысты лæппу æмæ Борæты чызг. Зонынджын Сатанайæн цæй æнæ базонгæ уыд уыцы. Райсом куы сыстадысты æмæ сæхи куы ныхсадтой æмæ куы 'рбадтысты фысымæй, уазæгæй, уæд Сатана дзуры: — Сехы гоппыл фæхауæд, уазæгæй, фысымæй нæ дысон чи цы фын федта, уый куы нæ радзура! Уырызмæг фæрсы: — Хистæрæй дзурут уæ фынтæ æви кæстæрæй? Сатана загъта: — Нæ зæронд лæг, дæ разæй махæй ныхасы бар никæмæ хауы. Уæд Уырызмæг зæгъы: — Дысон куы бафынæй дæн, уымæй бонмæ фыны мыккагæй ницы федтон, фæлæ, не 'фсин, дæхæдæг цы фынтæ федтай, уыдон дзур. Сатана загъта: — Дысон нæ ефс бæх йæ бæндæн аскъуыдта æмæ ныццыдис далæ дæллаг нæ хицæуттæм æмæ уым уырсмæ цыди. — Лæппу, ды та цы фын федтай? Уый загъта: — Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн, æмæ иу хъугсаг мæ разы февзæрдис. Гъа ныр æй фехсон, куыд загътон, афтæ мæм дыккаг суангæй ныхъæр чынд: «Ма йæ фехс — Уырызмæджы фæтдзæф у!» Чысыл та афынæй дæн æмæ та дыккаг суангыл ацыдтæн, æмæ та уыцы хъугсаг февзæрдис мæ разы. Æмæ та йæ фехсон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ та мæм æртыккаг суангæй ныхъæр чынд: «Ма йæ фехс,— Уырызмæджы фæтдзæф у!» — æмæ та йæ ныууагътон. Чысыл та афынæй дæн æмæ та ауадтæн æртыккаг суангыл, æмæ та мæ разы февзæрд уыцы хъугсаг. Нал дæр хъæрмæ байхъуыстон, нал дæр æндæрмæ æмæ йæ фехстон. — Гъе, Борæты чызг, ды та цы фын федтай? — Æз дысон бантыдтон ронджы гæрзтæ. Æппындæр мын не 'нхъызтысты, æмæ æз дæр ныццыдтæн далæ дæллаг нæ хицæуттæм æмæ уырдыгæй схастон æнтуан; уыцы æнтуанæй куыддæр фæхъæстæ сты, афтæ æнхъизын байдыдтой. Райсомæй лæппу ацыдис. Нарты Ныхасы йыл Нарты фæсивæд æмбырдтæ кæнынц: — Гъы, куыд у Уырызмæджы хъуыддаг? — Куыддæриддæр æй дзурынц, афтæ: Сатана райста йæ чызггон хуыз, æмæ Уырызмæг æппындæр нæ цæуы Борæты чызджы 'мгæрон,— загъта лæппу. | |
Категория: УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 3699 | Рейтинг: 5.0/1 | |
Всего комментариев: 0 | |