Цӕрукъаты Алыксандрӕн йӕ поэзи куыд хъӕздыг, мидисджын ӕмӕ бирӕвӕрсыг у, ахӕм схонӕн нӕй йӕ прозӕ — стыр поэтӕй уыцы-иу рӕстӕг стыр прозаик дӕр арӕх нӕ рауайы. Уыимӕ Цӕрукъайы-фырт ӕнӕмӕнг хайджын уыд прозаикы курдиатӕй — рацыд ын радзырдты ӕмбырдгонд [1], йӕ радзырдтӕ ӕмӕ уацаутӕ мыхуыргонд цыдысты газеттӕ ӕмӕ журналты. Уыимӕ сӕхуыздӕрты — «Мӕлгӕ аццы кафт», «Зӕрдӕйы тӕрхон», «Мидхъуырдухӕн», «Дымгӕ хъазыди митфӕлдзӕгъдӕнтӕй» ӕмӕ иннӕты ис философон хъуыдытӕ, интимон ӕнкъарӕнтӕ, патриотон мотивтӕ, ома, йӕ поэзийӕн сӕйрагдӕр чи уыд, ахӕм миниуджытӕ. Йӕ зондахаст, йӕ цӕстӕнгас цардмӕ ам дӕр поэты сисы ахорӕнтӕй ӕвдыст цыдысты ӕмӕ дзы баххӕстгӕнинӕгтӕ ис йӕ лирикон хъайтарты фӕлгонцтӕм. Поэты хуыздӕр, аивадон ӕгъдауӕй ӕнӕлаз радзырдтӕй иу «Ку, Тангуга...» [2, 5-7] ахӕм баххӕстгӕнинаг у йӕ фыд Ибрагимы номарӕн ӕмдзӕвгӕты циклмӕ.