УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » НАРТЫ СÆФT |
В категории материалов: 2 Показано материалов: 1-2 |
Нарты тыхджынтæ иууылдæр фæцардысты хæцгæйæ. Бирæ тыхгæнджыты
тых басастой. Нал сын уыд, сæ тых ма кæимæ бавзæрстаиккой, ахæм. Хъуыды кæнын байдыдтой, чемæ ма бавзарæм нæ тых, зæгъгæ. Уæд сын фыдбылызы Сырдон загъта: — Хуыцауæн кувгæ кæнут, фæлæ ма йæ тыхæй дæр бафæлварут. Нарт ын загътой: — Кæм и, куы нæ йæ зонæм. Сырдон сын загъта: — Куы йæ смæсты Ксенат, уæд уæм йæхæдæг зындзæни. Нарт Сырдоны фæрсынц: — Æмæ йæ цæмæй смæсты кæнæ? — Цагъды фæуат, Нарт,— загъта Сырдон,— кæд искуы ис, уæд ын кувгæ мауал кæнут æмæ йын йæ ном ферох кæнут. Стæй уæ дуæрттæ бæрзонд саразут, цæмæй уæ сæртæ гуыбыр ма кæнат, на 'мæ, мæнæн кувынц, зæгъгæ, зæгъдзæн. Афтæ куы бакæнат, уæд уæ йæхæдæг агурдзæн. Нарт Сырдоны коммæ |
А
Агуыр — æвæццæгæн, туркаг адæмы хатт — огуз-огур. Ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ — огуримæ æмбæлыдысты нæ эрæйы VI— VII æнусты. Адайы хох — Ирыстоны хæхтæй иу, ис Зæрæмæг, Цъæй æмæ Рацъы æхсæн. Аза, Аза-бæлас — кадджытæм гæсгæ, зайы «дзæнæты»; ис æм низтæ сурыны æмæ мард æгас кæныны тых. Аласа — чысыл уæвгæйæ, тынг домбай чи у, ахæм бæхты мыккаг. Алæгатæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «Æртæ Нарты». Алæмæт — ам: тынг диссаг, стыр æмбисонд. Аминон — ирон мифологийы — мæрдты бæсты дуаргæсы сæрмагонд ном. Андиаг нымæт... |