Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1451

Форма входа

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

В категории материалов: 22
Показано материалов: 1-10
Страницы: 1 2 3 »

Сортировать по: Дате · Названию · Рейтингу · Комментариям · Просмотрам
Нартыл фыд стонг аз скодта. Цы бахордтаиккой, уый сын нал
уыди. Цуаны хаттысты æмæ сырды фыдæй сæ царды уаг æрвыстой. Хæмыц
чи уыди, уый сын райдыдта Бурфæсалæй бур сæгуыттæ хæссын. Ууыл дæр
сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын райдыдта Хуыскъадагæй хуыскъ хъуазтæ
хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын Сау хохы сæрæй райдыдта
хæссын сау зымтæ уæргътæ-уæргътæй.
Уæд та, дын, иу бон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не
'рыййæфта, сырды мыккаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры
онг. Изæрæй кæсы, æмæ, дын, иу æрдузы цъæх кæрдæгыл хизы сагты
дзуг. Се 'хсæн — иу дынджыр урс саг. «Хуыцау мын радта», зæгъгæ,
дын, урс сагмæ ныхъавыди Хæмыц. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ
кæмттæ ныццарыдтой. Сагтæ фæпырх сты, фæлæ урс саг йæ бынатæй нал
сызмæлыд. Дис бафтыд Хæмыцыл: «Мигъ дæр куы никуы ис, уæд арвы цæф
дæр куыд уыдзæн?!
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1655 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта, бон-иу хæфсы цъары бадти ус,
æхсæв та-иу рахызти, афтæмæй. Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ усыл,
æмæ кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Уæд, дын, иуахæмы Хæмыц
Нарты стыр Ныхасмæ рараст ис æмæ йæ усмæ дзуры:
— Быценон, абон дын Нарты стыр Ныхасмæ æнае хæсгæ нæй!
Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта:
— Ма мæ ахæсс, кæннод дын мæнæй ницыуал пайда уыдзæн.
Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта,
афтæмæй ацыд Ныхасмæ.
Сырдон рагæй дæр Нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмыцæн йæ ус
йемæ кæй уыд, уый бамбæрста æмæ бавдæлд æмæ фæсивæды йæхиуыл
сардыдта, нæмут мæ, зæгъгæ. фæсивæд дæр æй нæмын райдыдтой.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1783 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Лæппу денджызы бын хъомыл кæнын байдыдта. Мæймæ-иу, æртæ азмæ
цас сырæза адæймаг, уый бæрц сырæзтис. Доны бычмæ йыл сæвæрдтой
ном — Хæмыцы фырт Батрадз, зæгъгæ.
Нарты сывæллæттæ-иу зымæгон цыдысты денджызмæ — ихыл хъулæй
хъазынмæ. Батрадз-иу их стыдта, сывæллæттимæ-иу хъулæй фæхъазыди
æмæ-иу сæ амбылдта. Уæд та иу хатт куы уыдис, уæд Нарты лæппуты
фыд æмбылд ныккодта Батрадз. Лæппутæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ æмæ
уым æнкъардæй бадынц.
— Цæуыл æнкъард стут?— бафарстой сæ Нарт.
— Куыннæ уæм æнкъард?! Денджызæй нæм иу иæ карæн æмæ не 'нгæс
лæппу рацæуы æмæ нын нæ хъултæ амбулы,— загътой лæппутæ.
Сатана базыдта, уый Хæмыцы фырт кæй у, уый.
Зилын райдыдтой Нарт, цæмæй лæппуйы денджызæй расайой, ууыл,
фæлæ ницы амал ардтои,— нæ сæм цыди æттæмæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 2270 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Батрадзы митæ 'мæ æууæлтæм куы бакаст золынджын Сатана, уæд
бамбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Искæмæн исты фыдбылыз
куы скæна, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, æттæмæ нал уагъта Батрадзы æмæ
йæ иу хицæн талынг агъуысты бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ
цы уыдаид!
Иуахæмы йæм кæцæйдæр хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынди. «Ай æтте
рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?» — бафарста йæхи
нымæры Батрадз. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ дуармæ фæкомкоммæ ис,
йæ уæлныхты йæ рахаста æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — уынджы
Нарты сывæллæттæ кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд
Батрадз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд уынг цъæхахст æмæ
æрдиагæй баидзаг ис — йæ цонгыл-иу кæмæн фæхæцыд сывæллæттæй
Батрадз, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуыста, уымæн та-иу йæ
зæнг фæмур ис. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста,
цъæхснаг уисимæ разгъордта уынгмæ æмæ Батразы цъыччытæ кæнгæ
батардта сæхимæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1782 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарты хъæуы, Нарты Уырызмæджы хæдзары, Ахсæртæггаты зæронд
хæдзары цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана.
Къонайыл, дæлтъурыл, арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй
æмæ къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй. Артмæ бадынæй цъыхыры сысты
лæппуйы зæнгтæ. Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди
Нарты Сатана.
— Уазæг, æгас цу!
— Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис?
— Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу,— фысым дын
уыдзыстæм; хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды — фæздæгджын сихорæй,
кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй.
— Бузныг, хорз ус, арфæгонд у Хуыцауæй,— фæлæ мæ æхсызгон
хъæуы Нарты Сослан.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1681 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нартæн сæ хæхты фæзындис Хъулонзачъе Уæйыг. Сæ фосы сын
хизæнуатмæ нал уагъта, æмæ цагъды кодтой фос.
Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм,
уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс Уырызмæг
арвыста хонджытæ Æртæ Нартмæ. Хонджытæ æппæт адæмы дæр æрхуыдтой.
Куывды Уырызмæг скуывта æмæ загъта:
— Нарты адæмæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг
айсæд!
Иу дæр йæ ныфс нæ бахаста.
Дыккаг хатт та Уырызмæг хонджытæ арвыста, ацæут æмæ ноджы
фылдæр адæм æрхонут, цъиузмæдæг дæр мауал ныууадзут фæсте, зæгъгæ.
Ацыдысты æмæ та æрхуыдтой адæмы.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1838 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Ахсæртæггаты гуыппырсартæ хæтæны ацыдысты. Хъæуы ма дзы
баззади æрмæст зæронд Уырызмæг. Æрæгмæ здæхтысты фæстæмæ
гуыппырсартæ. Адæм дзырдтой: «Ахсæртæггаты тыхджынтæ хæтæны
ацыдысты, кæмдæр сыл сæхицæй тыхджындæртæ сæмбæлди, æмæ,
æвæццæгæн, фæцагъды сты». Борæтæ загътой: «Ахсæртæггатæй змæлæг
нал ис, æмæ сæ фæллой хæссыны фыдæй лæууы. Уæлæ ма дзы иу зæронд
лæг ис, æмæ йæ, цом, ныммарæм æмæ æввонг фæллой рахæссæм!»
Иу бон æрæмбырд сты Борæтæ æмæ бауынаффæ кодтой: «Куывд
скæнæм, æрхонæм Уырызмæджы, баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм æмæ
Ахсæртæггаты фæллой нæхи бакæнæм».
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1997 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Уæд, дын, Батрадз иуахæмы хъуыды кæнын байдыдта: «ныр куыд
дæн, афтæмæй мын искуы тыхгæнæг тых ссардзæн. Цæуон æмæ уæларв
Куырдалæгонæн мæхи байсæрын кæнон».
Араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры:
— Байсæр мæ, Куырдалæгон!
— Макæ, мæ хур!— дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыныс æмæ судзынæн
æгæр æвгъау дæ.
— Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон, æмæ дæ курын — байсæр мæ.
Уæд Куырдалæгоы сразы ис æмæ йын зæгъы:
— Уæдæ ацу æмæ мæй æвзалы фæсудз, мæй та дойнаг дзæнхъа фæлас.
Ацыд Батрадз æмæ мæй æвзалы фæсыгъта, мæй та дойнаг дзæнхъа
фæласта.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1647 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Батрадз уый хуызæн лæг рацыд, æмæ уæларв йæхи æмбæхстæй
дардта.
Нарт цæуæг уыдысты стæры. Стæй-иу тагъд не 'рыздæхтысты, æртæ
азы дæр-иу дзы баззадысты. Иу хатт та фæцыдысты фæсивæды дзæбæхтæ
стæры, Нартæн сæ гуыппырсартæ дæр семæ, афтæмæй. Иу афæдзмæ куы нæ
'рцыдысты, уæд Тыхы фырт Мукара, фæсте ма сæ чи баззад Нартæй,
уыдонмæ сæрвыста сæ уæзæгмæ: «Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæн чызг хъалон
фыстой; иу къорд азы уæ нал бацагуырдтон æз уыцы хъалон. Ныр мын
æй рарвитут, кæннод уæм тыхæй цæуын».
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1757 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

Нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм, симд, æмæ зæхх сæ быны
рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди,— нæ дæр Уырызмæг,
нæ дæр Сослан, нæ дæр Батрадз.
Хохæй бынмæ Нарты симдмæ касти сохъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт
Алæф æмæ загъта:
— Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг
кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон!
Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры:
— Уæ, макæ, ма ацу — Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты
фыдбылыз сараздзæн,— уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ
хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иухатт Нарты фæсивæд фембæлдысты;
загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ,— мæ цæст мын сæппæрстой.
Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны
атъыста фæндаггагæн æмæ рараст ис Зилахармæ.
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Просмотров: 1730 | Дата: 07.09.2009 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии:0

1-10 11-20 21-22