УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ |
В разделе материалов: 71 Показано материалов: 1-10 |
Страницы: 1 2 3 ... 7 8 » |
Нартæн уæд сæ хистæр Уæрхæг уыдис.
Уæрхæгæн райгуырдис дыууæ лæппуйы, фаззæттæ. Иу дзы райгуырдис фыццаг кæркуасæны, иннæ та райгуырдис дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Рухс хуры тынтæ ныккастис Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй — Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты. Уæрхæджы уарзон лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон: хистæрыл — Ахсар, кæстæрыл — Ахсæртæг. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдзы Нарт сæвæрдтой сæ фынгыл, æмæ сын кодта диссаджы зарæг уадындз хъæлæсæй: «Айс æй, аназ æй Хуыцауы хæларæй, Айс æй, аназ æй — ронджы нуазæн!» |
Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджытæ-иу
æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. фæткъуы уыдис сыгъзæрин фæткъуы, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый йеттæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис. Бон изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та иу æй цыдæр адавта. Æмæ йæ хъахъæдтой радыгай Нарт; æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъæнын. Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад. Æрбасидтис йæ фырттæм, Ахсар æмæ Ахсæртæгмæ, Уæрхæг æмæ сын загъта: — Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон бахъахъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — иæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты 'хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æыæ дарæгæй. |
Ахсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та
ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ — æргъæу, йæ бын — цъæх авг, йæ сæр — сæууон стъалы. Хæдзары бадынц авд æфсымæры, сæ уæле — сæ дыууæ хойы,— амæй ай рæсугъддæртæ, сæ сæры хил сыгъзæринау æрттивы. — Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз! — загъта Ахсæртæг, хæдзармæ куы бахызти, уæд. — Хорз дæ хай уæд !— зæгъгæ, йын загътой уыдон дæр æмæ сыстадысты, авд æфсымæры æмæ сæ дыууæ хойы, æмæ 'рбадын кодтой Æхсæртæджы; æрбадтысты сæхуыдтæг дæр авд æфсымæры, æртæйæ — Ахсæртæгæн йæ уæллаг фарс, цыппарæй та — йæ дæллаг фарс. Чысыл куы абадтысты, уæд æфсымæртæ бакастысты Ахсæртæгмæ æмæ йын загътой: — Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ 'ркодта, нæ дæр нæм цæугæ 'ркæндзæн, æмæ дыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм. — Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст кæнут?— бафарста сæ Ахсæртæг. |
Дзерассæ Ахсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Ахсар æмæ
Ахсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæнриу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ кæцы у, уый, Хуыцау æмæ зæххы йеттæмæ. Мусонджы дуарæй куы бакаст æмæ Дзерассæйы куы федта Ахсар, уæд загъта йæхи нымæры: «хуыцауты Хуыцау, нæ амонд нын фæндагыл дæр ма фесаф æмæ бынаты дæр! Уый та кæм æнхъæл уыдтæн, æмæ Ахсæртæг æд бинойнаг æрцæудзæн!» Дзерассæ йæм скаст æмæ йæ фæрсы: — Куыд æрæгмæ цыдтæ? Ахсар æм ницы сдзырдта. — Уаих фæуай! Нал мæ зоныс?— афæдзæй-афæдзмæ доны бын иумæ куы уыдыстæм,— зæгъгæ, йæм бадзырдта Дзерассæ. Уæд бæлвырд базыдта Ахсар, ай йе 'фсымæр Æхсæртæджы ус кæй у, уый. |
Дзерассæ цардис йæ цæгаты æмæ йæхи бар нæ уыд. Æмæ йын йæ мад
загъта: — Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдон стæджы хъæд афтæ у, æмæ сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц, Цы кæна, мæгуыр, æнкъард ус! Йæ мад ын куыд загъта, афтæ, æрхæндæгæй, рараст ис Донбеттыртæй Нартмæ. Цæугæ кæны, фæлæ йæхи нымæры хъуыды кæны: «Гъа, цæугæ фæкæндзынæн Нартмæ, фæлæ мын хæдзар та кæм уыдзæн?» Æрцыди Нартмæ. Фæцæуы нымдгæнгæ Ныхасы рæзты. Ныхасы адæм дис кæнынц: — Ай чи у? Цæугæ нæм чындзы цыд куы кæны, æмæ нæ чындз æттæ куы нæ и — нæ хуындæджы бадæг, нæ тæргай лыгъд. Хистæртæ дзурынц кæстæртæм: — Ацæут, устытæн зæгъут, æмæ ацы уазæгус чи у, уый нын базонын кæнæнт. |
Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. Фат
æмæ 'рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иу бон рацыдысты уынгмæ, фатæрдынæй хъазгæ. Æгас Нарт сæ фаты хъæрæй бамбæхстысты. Къулбадæг ус йæ чызджы рарвыста донмæ. Хæмыц æй куы суыдта, уæд æй фехста, æмæ чызгæн йæ донгарз ныцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд, уыдон дæр фат ныскъуыдтæ кодта. Чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ баздæхтис, æмæ йæм йæ мад дзуры: — Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа, дон цæуылнæ 'рбахастай? Уый йын загъта: — Дæлæ мæ Хæмыц фехста фатæй æмæ мын мæ донгарз ныцъæл кодта, стæй мын мæ пысултæ дæр ныскъуыдтæ кодта. Мад æм радта ног донгарз æмæ йын загъта: — Ацу, æмæ дын кæд мæ дзыхæй хай уыдзæни, уæд дын цы дзидзи фæдардтон, уый дын хæлар уæд, кæннод Сехы гоппыл фæхау. |
Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн сæ иумæ бацарды боныл афæдз куы сæххæст
ис, уæд Уæрхæг амард. Иннæ афæдзы бон куы 'рæввахс ис, уæд Донбеттырты чызг рарынчын ис. Йæ мæлæт куы 'рхæстæг ис, уæд загъта йæ дыууæ лæппуйæн: — Куы амæлон, уæд-иу мæ фыццаг æртæ 'хсæвы дзæгъæл ма ныууадзут — хорз лæгæй хæс нæ дарын, æмæ мæ мæрдты дæр нæ ныууадздзæн. Ус амардис, æмæ йæ бавæрдтой зæппадзы. Бон куы æризæр ис, уæд Уырызмæг райста йæ хæцæнгæрзтæ, ссыди зæппадзы дуармæ æмæ йæ фæхъахъæдта бонмæ. Дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Æртыккаг æхсæв Хæмыц дзуры йе 'фсымæрмæ: — Нæ мад нæ хъомыл иумæ куы скодта,—ацы 'хсæв та йæ хъуамæ æз бахъахъæнон. |
Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы ахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты
рæсугъд Елдайы. Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъæн кодта, афæдзмæ та — æртæаздзыды цахъæн. Йæ конд, йæ уындæн та æмбал нæ уыди — сыгъзæринхил, цæхæрцæст. Мой кæнын афон ын куы 'рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «мой бæргæ скæнин, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ зонын». Хъуыды кодта æмæ зæдты 'хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта. Йæхи зæрды сфæнд кодта: «ех, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод нæ мой кæнын!» Ныр цы кæна Сатана: йæхи дзыхæй зæгъын ын уæндгæ нæ кæны, æндæр искæй дзыхæй йын бамбарын кæна, уый та йæ фæндгæ нæ кæны. Æмæ зæгъы уæд йæхицæн: «цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг бауæндон». |
Сатана райста йæ зæронд хуыз. Уырызмæгмæ бацыди æмæ йын зæгъы:
— Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ дæхицæн мæ удæгасæй бинонты кой бакæн. Уæд ын Уырызмæг загъта: — Сатана, цалынмæ мын дæ цæст æрттива, уалынмæ мæнæн бинонтæ 'рхæссæн нæй. Уæд та йæм дыккаг хатт дзуры Сатана, лæгъстæгæнæгау: — Уырызмæг! мæнæй дын пайда нал ис, æмæ 'ртæ Нарты 'хсæн фесæфдзынæ. Цалынмæ дын мæ цæст æрттивы, уалынмæ дæхицæн бинонты кой бакæн. |
Фыр мæстæй иухатт загъта Уырызмæг йæ ус Сатанайæн:
— Дæ Хуыцауы тыххæй, фæцу дæ цæгатмæ! Ахæсс нæ хæдзарæй, цы дæ бафæнда, уыдон иууылдæр, дæ зæрдæ цы хæзнатæ зæгъы, уыдон, æмæ мæ ныууадз,— нал дæ фæразын! — Иттæг хорз,— загъта Сатана.— Гæнæн мын нал ис, мæ лæджыхай, дæ коммæ бакæсдзынæн, фæлæ ма дæ курын иу хъуыддаг. Æз Нарты цæхх æмæ кæрдзынæй хайджын дæн, уыдон дæр — афтæ. Ныр мын куывд скæн,— æз Нартæн мæ нуазæн радтон. Уырызмæг сразы ис æмæ йын куывд скодта. Сатана заманайы фынг сарæзта — къæбицты ницыуал ныууагъта хуыздæр хæринагæй, хуыздæр нуазинагæй. Нарты адæм куывды авд æхсæвы æмæ авд боны фæбадтысты, стæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, æрмæст ма уырдыгыстджытæ фæстæдæр аззадысты. Æмæ сын Сатана загъта: — А лæгыл ма мын ацин кæнут!... |