Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 3
Гостей: 2
Пользователей: 1
Bogdanohe

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » НАРТЫ СÆФT

ДЗЫРДУАТ
А
Агуыр — æвæццæгæн, туркаг адæмы хатт — огуз-огур. Ирон адæмы
фыдæлтæ — алантæ — огуримæ æмбæлыдысты нæ эрæйы VI— VII æнусты.
Адайы хох — Ирыстоны хæхтæй иу, ис Зæрæмæг, Цъæй æмæ Рацъы
æхсæн.
Аза, Аза-бæлас — кадджытæм гæсгæ, зайы «дзæнæты»; ис æм низтæ
сурыны æмæ мард æгас кæныны тых.
Аласа — чысыл уæвгæйæ, тынг домбай чи у, ахæм бæхты мыккаг.
Алæгатæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «Æртæ Нарты».
Алæмæт — ам: тынг диссаг, стыр æмбисонд.
Аминон — ирон мифологийы — мæрдты бæсты дуаргæсы сæрмагонд
ном.
Андиаг нымæт — дагъистайнаг нымæт; анди, зæгъгæ, афтæ хуыйны
иу адæмы хатт Дагъистаны.
Ангусаг саргъ — цавæрдæр бæстæйæ («Ангусæй») æфтгæ саргъ.
Арвы айдæн — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ — æгас дунейы,
суанг зæххы бын дæр, цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдон кæм зынынц, ахæм
айдæн.
Арвы рон — арвы æрдын.
Арт — схонæй зынг цы æндоны гæбазæй ацæгъдынц, уый.
Архъызы дæндаг — кæнæ хъох-дæндаг, Хæмыцы дæндаг; кадджытæм
гæсгæ, ахæм дæндаг кæй комы уыдаид, уымæн йæ фæндоныл «нæ» никæцы
сылгоймаг загътаид.
Арц — рагон рæхойæн хæцæнгарз; йæ даргъ хъæды кæроныл сагъд
уыдис æрхуыйæ кæнæ та æфсæйнагæй конд цыргъ фындз.
Арыхъ — Елхоттæй хурыскæсæны 'рдæм цы нæухохы рагъ ацыдис, уый
сæрмагонд ном.
Арыхъытæ — лæнчытæ æмæ къуыппытæ арæх кæм ис, ахæм ран.
Арыхъ-сапон — ам: хорз сапон. Арыхъыты ранæй-рæтты вæййы
фынкгæнаг цъæх æлыджы мыккаг; фыццаг заманы дзы найгæйæ æхсадтой
бæхтæ.
Астæрд — дурæй, хъæдæй, авгæй æмæ æндæр истæмæйты цъарæвæрд.
Астæуккаг Нарт — Нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс «Æртæ Нарты».
Астфисынон, цыппæркъуымон хæдзар — раджы заманы-иу иуæй-иу
хæдзæрттæ кæнæ мæсгуытæ, фидардæры тыххæй, арæзт цыдысты афтæ, æмæ
дзы мидæгæй уыдис цыппар къуымы, æттæрдыгæй та — аст фисыны.
Астымгæрдæг-къуыстымхал — астымты, дурджын рæтты кæрдæг
тыхджын вæййы, æмæ, ома, астымгæрдæг арæххалæй, бирæйæ; хорз,
бæзджын кæрдæг.
Ахар-калак — æвæццæгæн «Ахал-калак», горæт Гуырдзыстоны.
Ахæсты аргъ — ахст лæджы, уацайраджы суæгъдгæнæггаг фиддон.
Ахст («цæргæсы хъæр æмæ сыл уарийы ахст фæкодта») — цъæхахст,
цъæхснаг тыхджын хъæр.
Аххæрæг, аххæрджытæ — хохаг хæдзары цары хъæдтæ, цæджындзтыл
чи æнцайы, уыдон; аххæрджыты уæлæ æвæрд вæййынц лыстæгдæр хъæдтæ —
уæладзæнтæ, уыдон уæлæ та хъилтæ — æндзæлмттæ, стæй уæд пыхс,
хъæмп æмæ сыджыт.
Ахъ-денджыз — Каспийы денджыз.
Ацц — хъæддаг бабыз (хъаз?).


Æ
Æвæд лæг — æнæцот, æнæбайзæдтаг, æвæстаг.
Æвидигæ — æнæихсигæ; цасдæриддæр дзы хъауай, уыйас ногæй-ногмæ
æфтгæ кæуыл кæны, ахæм исты.
Æвицог бæстæ — æнæсгæрст, æнæбæрæггонд, æнæхæрд бæстæ.
Æгъуыстуай куыд фæдæн — ома, куыд фесæфтæн, куыд бабын дæн.
Æйкæвдылд, айкæвдылд — «бæхы уым сапонæхсад, æйкæвдылд акодта»
— ома, хорз æй цынадта.
Æлутон, æлутон фых бæгæны — ирон адæмы фыдæлтæ æлутон, зæгъгæ,
афтæ хуыдтой бæрæг хицæн æгъдауыл конд бæгæны. Фæстагмæ «æлутон»
æмбарын байдыдтой афтæ, цыма уый у цавæрдæр диссаджы хæринаг кæнæ
нозт, йæ гыццыл фæхъæстæйæ дæр адæймагæн йе стонг мыккагмæ чи
сæтты, низтæ чя суры, марды чи æгас кæны, адæймаджы цæрæнбон
даргъдæр чи кæны, ахæм.
Æлхæд — ам: æлхæд адæймаг, цагъайраг кусæг.
Æмбырддон хæдзар — (кæс «Ахсæртæггаты зæронд хæдзар»).
Æммадæлонтæ — иу мадæй гуырдтæ.
Æмхицхæрæн Бæрæг обау — цавæрдæр бынаты, раны сæрмагонд ном.
Æмцек — фыццаг заманы-иу уыдис ахæм æгъдау, æмæ æдыхдæр
мыккагæй чи уыд, ахæм хæдзар-иу хæссынмæ иста лæппу (кæнæ чызг)
тыхджындæр мыккагæй. Æмæ уæд уыцы дыууæ хæдзары (дыууæ мыккаджы)
кæрæдзийæн уыдысты æмцектæ. Хъомыл кæнынмæ-иу цы лæппу кæнæ цы
чызг радтой, уый та хуындис хъан.
Æндзалм — кæс «Аххæрæг».
Æрвыг — æрвгъуыз цъæх.
Æргъæу — рæсугъд æмæ зынаргъ дуры мыккаг, перламутр.
Æргъæуон цæхæр кæсаг — æргъæухуыз, перламутрхуыз цæппæрджын
кæсаг.
Æрдамонгæ хæдзар — мыккаг-иу ард кæм хордтой, æвæццэегæн, ахæм
хæдзар.
Æрдзæ («амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сырды») — мин.
Æрмийæ, æрмидаргæйæ æхсын — хæцæнгарз къухы, армы даргæйæ, æнæ
истæуыл æрæвæргæйæ æхсын.
Æртæ абоны куывд — æвæццæгæн, æртæ къуырийы дæргъы куывд.
Æртæ Нарты — Нарты сæйрагдæр æртæ мыккаджы: Ахсæртæггатæ,
Борæтæ æмæ Алæгатæ. Иуæй-иу варианттæм гæсгæ та, Нарты хъæуы æртæ
сыхы: Уæллаг Нарт, Дæллаг Нарт, Астæуккаг Нарт.
Æрттигътæ — фæтты кæрæттыл-иу цы æртæтигъон æфсæн фындзтæ
(бырынчъытæ) конд уыдис, уыдон.
Æрфæн — Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы сæрмагонд ном.
Кадджытæм гæсгæ уый у зæххон бæхты «хистæр», ома, дам, бæхты
мыккаг зæххыл уымæй рацыдис. Ирд æхсæвты арвыл цы урсбын фæтæн
тæлм фæзыны æмæ ирон адæм «Æрфæны фæд», зæгъгæ, кæй хонынц, уый
ном дæр рауадис ацы мифон бæхы номæй.
Æстæмæй-астмæ — амоны, «иннабонæй-иннабонмæ» цы амоны, уый.
Кæс «Иннабонæй-иннабонмæ».
Æфсати — ирон мифологийы — сион сырдты æмæ цуаны бардуаг. Йæ
бадæн бынатыл, кадджытæм гæсгæ, нымад уыд Адайы хох.
Æфсургъ — ирон мифологийы — тæхгæ æмæ æвæллайгæ, æвæлмæцгæ
бæх.
Ахсæртæггатæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «Æртæ
Нарты».
Ахсæртæггаты зæронд хæдзар, Алæгаты стыр хæдзар, Борæты
æрдамонгæ хæдзар, нарты иу-мæйаг хæдзар, Нарты æмбырддон хæдзар —
Нарты кадджыты бирæ ис ахæм ныхæстæ; уыдон сты, æгас мыккаг ма-иу
се 'ппæт иумæ куы цардысты, уыцы незаманты царды æгъдæутты
бæрæггæнæн.
Æхсинæг — бæлон.
Æхснарцъы — къутæр зайæгойы мыккаг, йæ зæнг вæййы фылдæр-
фылдæр æнгуылдзы стæвдæн.
Æхсын — тар бурбын хуыз уæныггал.

Б
Бабиаг æфтаугæтæ — цавæрдæр бæстæйæ («Бабийæ») æфтгæ
æфтаугæтæ.
Бадæн (Хæмыц... ныхъагр кодта Нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый
тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ ис, уый бадæнимæ рацæуæд, уыдон кæмæ
не сты, уый та — фистæгæй, æмæ ахæссут уæхицæн сырдты мæрдтæ!») —
ам: æвæццæгæн, бæх.
Баджиз дардзæн — бахъыг дардзæн.
Базæрдæхсайгæ ис — басывæрджын ис.
Бакайдта — ам: фæхъæуын кодта, фæцагъта.
Байзæдтаг — цот, зæнæг, фæстагæттæ.
Балсæджы Цалх — ирон мифологийы — тыхджын удгоймаг цалхы
хуызы, цардис уæлæрвты.
Балц — (кæс «Стæр», «Хæтæн»).
Барастыр — ирон мифологийы — мæрдты бæсты хицау.
Бардуаг — рагон мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ — бæрæг исты бар кæмæ
ис, уыцы дауæг, зæгъæм: «Абоны бардуаг», «Рыны бардуаг», «Бынаты
бардуаг».
Барысчъи — афтæ хуынди, марды тыххæй-иу фыдызгъæл æмæ урссаг
куы нæ хордтой, уæд уый.
Басмахъытæ — рагон къахы дарæс, хæдзары дарынæн, схъæл фындзтæ
сын, сæ зæвæттæ та гом.
Бæлгъæ — бæрæг нæу, афтæ цавæр адæм æмæ бæстæ хуындысты, уый.
Бæх æууæрдын — дугъон бæхмæ сæрмагонд зылд кæнын.
Бæхджыны нуазæнтæ — «Уастырджийы гаджидау» кæнæ «фæндаггоны
нуазæнтæ», зæгъгæ, кæй хуыдтой, уыдон.
Бестау — Пятигорск-горæты цур цы хох ис, уый ном. Тюркаг
æвзагыл «бестау» амоны — «фондз сæры», ома, фондз цъуппы цы хохæн
ис, уый.
Бидасы тахъа — Нарты кадджытæм гæсгæ, номдзыд Бидасы æмбисонды
згъæр худ; хæсты коймæ-иу йæхæдæг абадти хæстоны сæрыл, æмæ-иу
уыцы хæстон лæджы уæд кард дæр нал карста, фат дæр дзы нал хызти,
Болат — рагон æндоны мыккаг.
Бонасадæн кæнын — хи фæстиæттæ кæнын.
Бонвæрнон (кæнæ Боброн) — сæууон стъалы, боны 'рдæм цы стыр,
ирд стъалы скæсы, уый.
Бонцау — иу бон цас ацæуæн ис, уый. Фæндаджы дæргъ-иу фыццагон
рæстæджы нымадтой бонцаутæй.
Борæтæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыккагæй иу. Кæс «Æртæ Нарты».
Бузна, бузнаг нæл хуы — фыдмитæгæнаг, налат хъæддаг хуы.
Бурæ («бурæ нæл фыс») — хæрзхаст.
Бурæмæдз — мифон сасмы мыккаг.
Быцентæ — лыстæг адæмы мыккаг, Нарты Хæмыцы каистæ,
Донбеттыртæй равзæргæ, цардысты зæххы бын.

Г
Галæгон — ирон мифологийы — дымгæты бардуаг.
Галуан — дурæй амад рæсугъд стыр хæдзар, фидæрттæгонд,
мæсгуытимæ, йæ алфæмблай—æмæхгæд быру.
Галхатт — дыууæ галæй иу хаттæн цы раласæн ис, уый.
Гамхуд — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ, ахæм худ, æмæ-иу æй
адæймаг йæ сæрыл куы æркодта, уæд-иу ын уынæн нал уыдис, йæхæдæг
та уыдта алцы дæр.
Гæбæт — лалым.
Гæтæг — ирон мифологийы — суадæтты бардуаг, Сырдоны фыд.
Гурæй-г урмæ (гуырæй-гуырмæ) цæуын — ома, хæд фæстæ цæуын.
Гуры фидар — ис Гуры горæты, Гуырдзыстоны.
Гуыдын — раджы заманты-иу бæрæг истæй тыххæй, истæй номыл
кодтой, иу лæг сисын кæй нæ фæрæзта, ахæм стыр уæлибых; уый
хуындис гуыдын; стыр кæрдзын дæр уымæ гæсгæ фæсномыгæй фæхонынц
гуыдын.
Гуым, Гуымыбыдыр — багстæйы ном; æвæццæгæн уый у — Хъуым,
Хъуымы быдыр Цæгат Кавказы, ныры Пятигорскы цур.
Гуымирытæ — ирон таурæгътæм гæсгæ, зæххыл фыццаг равзæрд
Уадмеритæ, зæгъгæ, ахæм адæмы мыккаг. Уыдон уыдысты ставд æмæ
тыхджын адæм: кæмтты нæ цыдысты, зæхх сæ нæ урæдта. Уыдон фæстæ
фæзынди æндæр адæм — Камбада, зондæй дæр æмæ тыхæй дæр Уадмериты
хуызæн, фæлæ асæй тынг къаннæг, æмæ зæххыл цæрынæн нæ бæззыдысты.
Уыдон фæстæ равзæрди Гамеритæ, уыдон дæр та фесты æгæр стыр адæм,
æмæ та Хуьщау сфæлдыста ног адæмы мыккаг — Гуымирыты. Уыдон дæр
зæххы аккаг нæ фесты, æмæ та уæд Хуыцау сфæлдыста Уæйгуыты. Уыдон
дæр нæ фæрæстмæ сты, æмæ уæд Хуыцау сфæлдыста Нарты. Нарт
рауадысты загххы аккаг адæм.
Гуыппырсартæ — уæнгджын, домбай, æххæстзонд, æгъдауджын æмæ
номдзыд лæгтæ.


Д
Дауæг, дуаг — ирон мифологимæ гæсгæ, бæрæг исты бартæ лæвæрд
кæмæ уыдис, ахæм «чысыл» Хуыцау.
Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа — æлгьыст, ома, дæ мыккаг сыскъуыйа,
цот дæ ма рацæуа, дæ цард рæстмæ ма фæуа.
Дæлдæртæ — лæггадгæнджытæ, дæлдæр адæм.
Дæллаг Нарт — Нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс «Æртæ Нарты».
Дæлтъур — фыццагон ирон хæдзары артдзæсты фæйнæ фарс-иу уыдис
дуртæ æвæрд æхсидæвты кæрæттæ æрæвæрынæн, æмæ ахæм дур хуындис
дæлтъур.
Дæргъ уæрхмæ гæрста — ома, йæ фæндаг цыбыр кодта.
Догъ, донхъ — хъуг, фыс, сæгъ иу дыгъдæн цы 'хсыр æркæны, уый.
Догъгъæрæг, доххæрæг — хуымтæм, уыгæрдæнтæм æмæ
аф. д. дон уадзæн чысыл къанау.
Донбеттыр — ирон мифологийы — денджызтæ æмæ стыр дæтты
бардуаг; Донбеттыртæ — Донбеттырæн йæ хæдзарвæндаг, денджызы бын
цæрæг адæмы ном, стæй сæ бæстæйы ном дæр.
Дур-дура — Нарты Хæмыцы бæхы ном.
Дывæрссагæй (дывæрццыгæй) рабадтысты — дыууæ рæнхъæй.
Дыдзы хур — ирон мифологийы — мæрдты бæсты хур.
Дыдзы хъарм — цъус хъарм, хъæрмуст.
Дыууадæстæнон фæндыр — рагон ирон фæндыр.
Дыхъусыг — 1) тъæпæнбын стыр æрхуы аг (цæдæджинаг); 2)
дыууæхъусджын стыр дурын.


Дз
Дзаггарз — нозт, тынгдæр бæгæны цы стыр мигæнæны рахæссынц
бадтмæ, уый.
Дзауматухæг — фыццаг рæстæджы-иу ирон адæммæ, чындз хæсгæйæ,
чындзы дзауматæ уыдысты хицæн лæджы æвджидгонд, æмæ уый хуындис
дзауматухæг.
Дзæгъындзæг — маргъы мыккаг, гæркъæраджы хуызæн.
Дзæнхъайы цæст — кристалл.
Дзигло, хæххон дзигло — хæххон чысыл цъиу; ам уæйгуытæ афтæ
хонынц Нарты.
Дзындз-аласа — зæлдагхуыз, сыгъзæринхуыз аласа. Кæс «Аласа».
Дзыхы-дон — Нарт нуазынæн цы донæй хастой, уый.

Е
Елиа — ирон мифологийы — арвы нæрд æмæ арвы æрттывды бардуаг.
Ердо — хуынкъ рагон ирон хохаг хæдзары цары, фæздæг æмæ рухс
цæуынæн; иуæй-иу рæтты ма йæ хонынц «сæйраг», «сæйраг рудзынг».
Ехсыхъæд — къутæр зайæгойы мыккаг, йæ зæнг вæййы фылдæр-фылдæр
ехсы хъæды стæвдæн.

З
Залгъæд — ныллæг къутæртæй чи зайы, ахæм зайæгойы мыккаг. Йæ
зæнг у лыстæг æмæ цыбыр.
Залты мит, залты мит æмæ æнусы цъити — иттæг бирæ миты æруард,
ома, залты бæсты цы мит æруары, ахæм.
Згъæр, згъæр хæдон — фыццагон хæстон дарæс, згъæр цæгтæй конд,
адæймаджы буар кард æмæ фæттæй хъахъæныны тыххæй.
Зилахар — Нарты хъазæн фæз, Нарт фат æмæ 'рдынæй, кардæй,
дугъы уайынæй, кафын æмæ симынæй сæ хъару кæм æвзæрстой, уый.
3онынджын — цы 'рцыди æмæ цы 'рцæудзæн, уый чи зоны, ахæм
адæймаг.
3ым — хъæддаг гогыз.

И
Ивазн — цæнгтæ фæйнаердæм айвазгæйæ, иу къухы кæронæй иннæмæ,
рагон рæстæджы дæргъбарæн.
Ивар — стъраф.
Иннабонæй-иннабонмæ, иу абонæй иннæ абонмæ— æвæццæгæн, къуыри.
Иумæйаг æмбырддон хæдзар — кæс «Ахсæртæггаты зæронд хæдзар».


К
Кадзитæ — кадджытæм гæсгæ — зæххы бын, денджызы бын цæрæг
адæм; дæлимонтæ, зинтæ.
Кайын — хъауын, фæхъуаг кæнын.
Кæраз — цæджындзтыл арæзт тапкагонд. Рагон рæстæджы-иу
æрвдзæфы кæнæ æнæуый марды æвæрынæн ныссагътой бæрзонд цыппар
цæджындзы, сæ уæлæ цæхгæрмæ кау кæнæ хъилтæ æвæрд, афтæмæй.
Кæрдих — карст, хай исты хæринагæй.
Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар — ирон мифологийы — кæфты, кæсæгты
бардуаг.
Курдиат — 1) кадджытæм гæсгæ Нартмæ Хуыцауæй уыдис ахæм лæвар,
æмæ-иу сæ цы бафæндыд, уый-иу агрцыдис;2) стыр зæрдæргъæвддзинад,
стыр зонд, иттæг арæхстдзинад истæмæ; зæгъæм, фыссæджы курдиат,
нывгæнæджы курдиат; 3) курындзинад.
Куый хъæд, куый дур баисты — ома, фæйнæрдæм ныххæлиу сты,
ныппырх сты.
Куырдалæгон — ирон мифологийы — уæларвон куырд, куырды куысты
бардуаг; Нартæн кодта хæцæнгæрзтæ, сæрыдта Нæртон адæмы.
Куырыппы бæрзонд — нæухох, ис Цæгат Ирыстоны, Куырыппы районы.
Куыф — стыр чыргъæд; хохы дзы хуымтæм фæласынц фаджыс.

Къ
Къала бæлас — æнæхъæн бæлас æд къалиутæ æмæ æд уидæгтæ.
Къаты бон — кусгæ бон (бæрæгбон нæ, фæлæ).
Къæрит, къæрид — кæрцы хæррæгъ, æвзæр кæрц.
Къæсса — цармæй конд голлаггонд.
Къоти — хæф, цъæй, фаджыс. «Къоти калын» — хæлæф кæнын, зыд
кæнын.
Къулбадæг ус — ирон аргъæуттæ æмæ кадджыты — сидзæргæс ус,
хибар ран цæрæг, хинтæ 'мæ кæлæнтæгæнæг, дунейыл цы 'рцыди æмæ цы
'рцæудзæни, уыдон зонæг.
Къусбæрттæ кæны фæныкæй — фæныкæй хъазы, фæнык бары.
Къухццæг — хъомвосæй найкæнгæйæ, цæджындзмæ æппæты хæстæгдæр
цы стур вæййы, уый.
Къуыстил — æнæхъæн хъæды лыггагæй конд, къахт мигæнæн.
Къуыстымхал — кæс «Астымгæрдæг-къуыстымхал».


Л
Лæгдон — рæстæгмæ цæрæн бынат хъахъæнджытæн, фосгæсгæн æмæ аф.
д.
Лæглæууæн дзыхъ — ирон куырдадзы мидæг-иу хъæстарæг арæзт
уыдис ныллæг къуыдырыл, æмæ цæмæй куырды æгæр тынг гуыбыр кæнын ма
хъуыдаид, уый тыххæй-иу хъæстарæджы фарсмæ уыдис дзыхъ къахт, гъе
уый хуындис лæглаеууæн дзыхъ.
Лыстхуыд — ома, лыстæг сынкæй хуыд.

М
Мады бæх — фыццаг рæстæджы-иу сиахс, ирæдæй уæлдай, чызджы
мады номыл цы бæх лæвар кодта, уый.
Мæ сæры хицау — кæс «Хицау».
Мæргъгæ — бадæн саргъы гæрз, бæхы риуыл кæнгæ, саргъ фæстæмæ
цæмæй нæ быра, уый тыххæй.
Мæрдæгъдау, марды æгъдау — фыццаг рæстæджы-иу, мардмæ
бацæугæйæ, нæлгоймæгтæ хостой сæ сæртæ (ехсæй, тымбыл къухæй),
сылгоймæгтæ — сæ уæрджытæ, сæ рустæ; уый хуындис мæрдæгъдау.
Мæрт — фыццаг заманы хорбарæн, 6 килограммы бæрц.
Мæхæлыстыгъд — лалымыстыгъд.
Мидгъуын къæрит — бæгънæг буарыл конд кæрц.
Миф — рагон адæмы таурæгъ, дуне æмæ адæмты равзæрды тыххæй,
æрдзы фæзындты тыххæй, хуыцæуттæ æмæ хъæбатыры тыххæй.
Мифологи — искæцы адæмы равзæрды тыххæй, дауджытæ, сгуыхт
лæгтæ æмæ æндæр ахæмты тыххæй рагон таурæгътæ, мифтæ се 'ппæт
иумæ.
Мондадæджын — æфхæрæн дзырд сылгоймагæн; хæлд, æдзæсгом.
Мусонг — сырддзæрмттæй кæнæ бæласы къалиутæй конд рæстæгмæ
цæрæнбынат, халагъуд.
Мыдамæстытæ — мыдджын хыссæйæ конд кувинæгтæ.
Мысыр — Египет.

Н
Наййаг — най цы стурæй фæкæнынц, уый; æфхæрæн дзырд.
Налхъуыт-налмас — зынаргъ дуры мыккаг, æвæццæгæн, бриллиант.
Нæ хицау — кæс «Хицау».
Нæрæмон — йæхиуыл хæцын, йæхи уромын чи нæ фæразы, æрхъæцмæ чи
нæ хъæцы, ахæм адæймаг.
Ногбон — ам: ногбоны бардуаг.
Ноггæнæн суадон — кадджытæм гæсгæ-иу уыцы суадоны доны йæхи чи
цынадта, уый-иу фестадис хæрз æрыгон адæймаг.
Ныв, нывыконд — амонд, хъысмæт, ныхыфыст.
Ныккæнд— зæххы бын конд цæрæн бынат, фосы бынат, хæзна
дзауматæ æвæрæн бынат.
Ныккола — ирон мифологийы — дуаджы ном.
Нымд кæнын — æфсæрмы кæнын, æгъдау дæдтын.
Ныхыдзуарджын — амондджын.

П
Пысултæ — уæлæдарæс.

Р
Реком — ирон мифологийы — стурвосы бардуаг. Рекомы кувæндæттæ
Ирыстоны ис цалдæр раны. Сæ тæккæ рагондæр ис Цъæйы комы
Рифтаг — дзæкъул, хордзен.
Ронг — Нарты нозт, тынгхæрзад æмæ карз.


С
Сагъадахъ — Нарты кадджыты: иу варианттæм гæсгæ у фатдон, иннæ
варианттæм гæсгæ та — хæдæхсгæ фатдон.
Саденджыз — æвæццæгæн, Сау денджыз.
Сафа — ирон мифологийы — артдзæсты, уæларт рæхысы, цыргъаджы
æмæ бинонты царды бардуаг.
Сахсæн — бæхы къæхтæбæттæн, гæрзæй конд.
Сæйраг, сæйраг рудзынг — кæс «Ердо».
Сæрæй исгæ æмæ бынæй ахадгæ — кадджытæм гæсгæ — ома, уæле дзы
цас исай, уыйас бынæй æфтгæ кæуыл кæны, ахæм.
Сæрджын саг — ома, стырсыкъаджын саг.
Сæры хицау — кæс «Хицау».
Сæрын — æфсæйнаг, æндон хъæбæрдæр кæнын. Ам фылдæр вæййы Нарты
хъæбатырты сæрыны кой. Зæгъæм, Батрадз йæхи байсæрын кодта
уæларвон куырд Куырдалæгоны куырдадзы. Сослан йæхи байсæрын кодта
бирæгъы 'хсыры.
Сæццæйæ аззад — джихæй, сагъдауæй аззад.
Сехы гоппыл фæхау — æлгъыст, ома, фесæф, бабын у.
Силæм — куыдзы ном; кадджытæм гæсгæ, Силæм у зæххон куыйты
«хистæр», зæххон куыйты мыккаг цы куыдзæй рацыд, уый.
Совахъ — маргъы мыккаг.
Софиайы зæппадз — Батрадз Софиайы зæппадзы куыд ныгæд æрцыдис,
уый фæсномыгæй æвдисы чырыстон дины фæуæлахиздзинад муртаккаг
диныл. Чырыстон дин цыдис Византийæ, æмæ уым та стырдæр æмæ
рæсугъддæр аргъуан уыдис Софийайы аргъуан.
Ссын — ам: цыргъ кæнын.
Стæггаг, сымахæй нæ стæггаг куы уаид — ома, сымахæй нæм
сылыстæг куы уаид,
Стæр — хæстон балц къордæй.
Стæрон — стæры уæвæг.
Стыг, «мигъы стыг» — мигъы цъупп.
Стыггай — къордгæйттæй, дзыгуыртæ-дзыгуыртæй.
Стъæлды фæуай — ома, фесæфай, бабын уай.
Суанг — («Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн») — фахс.
Сухы цагъд — ома, бындзагъд.
Сы — сыкъа.
Сылæг мигъ — бæзджын сур мигъ.


Т
Танхъа — фынк.
Тапка — цауд агъуыстгонд.
Тарандæелос — ирон мифологийы — дзуар; йæ кувæндæттæ
баззадысты Тырсыйы, Тибы.
Тархъы Сындз — бæсты ном Каспийы денджызы был.
Тахъа — згъæр худ; кæс «Бидасы тахъа».
Тæтæртупп — ирон мифологийы — дуаджы ном.
Телыг — ставд лæдзæг.
Тинты кæрц — зынаргъ сырддзæрмттæй конд кæрц.
Тулæг — уæрдон.
Тутыр — ирон мифологийы — бирæгъты бардуаг.
Тыбауы хох — ис Цæгат Ирыстоны, Дæргъæвсы комы.
Тылиф кæнын — хи фæиуварс кæнын, фæфæливын.


Тъ
Тъæр — къонайы цур сугтæвæрæн, дур кæнæ æфсæйнагæй.
Тъыфыл цæргæс — стыр цæргæс.


У
Уаддымд — ирон мифологийы — уадау тагъд уайаг бæхы мыккаг.
Уаддымдтæ — уад йæ мит кæмæн фæхаста, ахæм зæххы гæппæлтæ
хæхты.
Уадсур — ирон мифологийы — уад æййафæг бæх.
Уаз, Уаза, Уазы къуыпп — хохы ном Дыгургомы.
Уарби — бæрæг нæу, афтæ цавæр бæстæ æмæ адæм хуындысты, уый.
Уарпы фидар — уыдис ныры Кубаны облæсты, Урупы доны был.
Уарт — фыццаг рæстæджы — карды цæфæй хи хъахъæнæн стыр
чъиригонд хæстон дзаума, цонгыл кæнгæ.
Уас-къуыпп — кувæн къуыпп.
Уацамонгæ, Амонгæ, Нартамонгæ — Нарты диссаджы зонынджын къус,
кæхц, хъæбатыры кæхц. Уыдис æм ахæм миниуæг, æмæ-иу стыр хæстон
скуыхтдзинæдтæ чи равдыстаид, стæй йæ хæстон скуыхтдзинæдты тыххæй
æрмæст дæр æцаегтæ чи радзырдтаид, уымæ-иу йæхæдæг йæхи æгъдауæй
бацыди; иннæтæй йæ къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бануазын.
Уæладзæн — кæс «Аххæрæг».
Уæлæндыг — зæронд ирон хæдзары-иу артдзæсты сæрмæ уыдис дыууæ
хъилы ауыгъд, сæ уæлæ та кау (хуынди «æндыг») — истытæ æвæрынæн.
Уыцы хъилтæ хуындысты уæлæндгуытæ.
Уæллаг Нарт— кæс «Æртæ Нарты».
Удæвдз — Нарты кадджыты — диссаджы уадындз, йæхæдæг йæхи
æгъдауæй алы зарджытæ чи кодта, ахæм.
Уыдисн — дисны.
Уырдæндах — уырд — тынуафæн дзаума; уырдæндах — уырдтæ цы
æндахæй арæзт сты, уый.
Уытъыр —доны цæрæг зулкъ.

Ф
Фалгæрæттæ — куыройы фыдæй фæлгæтæджы æхсæн цы ссады рыгтæ
æрæмбырд вæййы, уыдон.
Фæлвæра — ирон мифологийы — фысвосы бардуаг.
Фæндырты уæ фæцæгъддзысты — ома, зарджытæ уыл фæкæндзысты.
Фæринк — цирхъ кæнæ Ахсаргарды мыккаг.
Фæсмæргомау лæппу — къæйныхгомау лæппу.
Фæснах — бæрæг нæу, фæлæ, æвæццæгæн, роныл ауыгъд истытæ
æвæрæн.
Фæтк — æгъдау, уаг.
Фæтыг — бæрæг хицæнхуызон æндоны мыккаг.
Фосы конд — мулкыл фæхæст.
Франк, фæранк — тигр.
Фурд — 1) денджыз, 2) сындæг чи цæуы, ахæм стыр дон.
Фыдвæд — фыд цот, æвзæр байзæдтаг.


Х
Харæ хъуымац — зæлдаг хъуымацы мыккаг.
Хатиаг æвзаг — бæрæг нæу, цавæр æвзаг у, уый.
Хахиаг хæрх идон— бæрæг нæу, цавæр идон у, уый.
Хæзмы быдыр — бæрæг нæу, цавæр быдыр у, уый.
Хæлцон — дзæкъул, хызын.
Хæрзæджытæ — адæмы хæрзтæ.
Хæстбойнон (хъæстбойнон) баци — басывæрджын и.
Хæтæн — балц фос фæкæныны тыххæй.
Хицау — ам: фыццагон ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагæн не
'мбæлди йæ лæджы ном, йæ тиуы ном, йæ лæджы фыды ном, уыдонæн сæ
мыккаджы ном дзурын, фæлæ сæ-иу амыдта фæсномыгæй. Йæ лæджы хуыдта
«мæ сæры хицау», йæ лæджы фыды — «нæ хицау» æмæ аф. д.
Хорасан худ — хорз цъæх уæлдзарм худ. Хорасан, зæгъгæ, афтæ
хуыйнынц бæстæ æмæ горæт Ираны.
Хорæлдар — ирон мифологийы — хорты бардуаг.
Хорхор бæх — хорæй хаст бæх,
Хор-хос— хор æмæ хосæй цыдæриддæр ис, уый. Ам: бирæ фæллæйттæ.
Хуыйысæр — рагон ирон хъисын фæндыр.
Хуындæджы бадæг — фыццаг рæстæджы ирон адæммæ уыдис ахæм
æгъдау: ног чындзæн, йæ чындзы 'рцыдæй цалынмæ афæдз рацыдаид,
уæдмæ йæ фыды хæдзармæ цæуын не 'мбæлди. Афæдзы фæстæ-иу ацыд йæ
цæгатмæ æмæ дзы-иу дзæвгар рæстæг фæци. Гъе уыцы рæстæг хуынди
«хуындæджы бадæн» рæстæг, чындз та-иу хуынди «хуындæджы бадæг».
Хуысар хъуымац — зынаргъ зæлдаг хъуымац.
Хуыцауæгас загъта — Хуыцаумæ скуывта.


Хъ
Хъабахъ — фыццаг рæстæджы — даргъ хъил, йæ уаелæ нымæты кæнæ
фæйнæджы гæбаз фидаргонд, марды номыл мысан æхсынæн.
Хъамбул уæраг — фидар уæраг.
Хъан — кæс «Æмцек».
Хъандзал — 1) æндоны хицæн мыккаг, тынг хъæбæр; 2) æндонæй
конд цъæт.
Хъандзалджын тулæг — цъæтджын уæрдон.
Хъандзалсæфтæг бæх — æндонсæфтæг бæх.
Хъара денджыз — Сау денджыз.
Хъара сапон — сау сапон.
Хъæрæу — иуцæстон, сохъыр. Хъæргæнæг — топп (цуанонты
æвзагыл).
Хъох-дæндаг — кæс «Архъызы дæндаг».
Хъуаз — хъуг (сыл) саг.
Хъугом — егъау хуымгæнды зæхх хæхбæсты.
Хъуымбылæг — къоригонд; хъуымбылæгтæ-иу аивдæрæн кодтой карды
фистоныл.
Хъуытаз — чысыл дзæнгæрæг.

ц
Цам — къæмдзæстыг, æгад, аххосджын.
Цæдæджинаг — стыр æрхуы аг бæгæны æмæ фыдтæ фыцынæн, йæ бын
цыргъ. Уыдис хæзна дзаумайыл нымад.
Цæхгæр — бæгæныстон стыр уæрæх гарз.
Церечы згъæр — кадджытæм гæсгæ — номдзыд лæг Церечы згъæр
хæдон. Хæсты коймæ-иу йæхæдæг йæ хицауы уæлæ фестад, æмæ йæ уæд
кард нæ карста, фат дзы нæ хызти.
Цирхъ — хъамайы хуызæн Ахсаргард.
Цокора, коцора — 1) сæрыхъуынты бындзыг сæры астæу; 2)
басылыхъы, худы уæлæ къæдзилгонд.
Цыкурайы фæрдыг — зынаргъ дуры мыккаг. Ам: мард æгас кæныны,
цæфтæ дзæбæх кæныны тых кæмæ ис, ахæм фæрдыг. Ома, цы курай, уый
дæдтæг.
Цылыхъ — цармæй конд фæндаггон доннуазæн дзаума.

Ч
Чемæ — кæимæ.

Чъ
Чъырын — чъыримæ амад мæсыг.

___________________________________
* Нарты кадджытæ. Гасситы Викторы номыл рауагдадон-полиграфион
куыстуат. Дзæуджыхъæу, 1995 г.
Категория: НАРТЫ СÆФT | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 4466 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]