Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ

Нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм, симд, æмæ зæхх сæ быны
рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди,— нæ дæр Уырызмæг,
нæ дæр Сослан, нæ дæр Батрадз.
Хохæй бынмæ Нарты симдмæ касти сохъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт
Алæф æмæ загъта:
— Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг
кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон!
Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры:
— Уæ, макæ, ма ацу — Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты
фыдбылыз сараздзæн,— уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ
хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иухатт Нарты фæсивæд фембæлдысты;
загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ,— мæ цæст мын сæппæрстой.
Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны
атъыста фæндаггагæн æмæ рараст ис Зилахармæ.
— Хорз,— зæгъгæ, загъта фыд,— кæд дыл мæ ныхас не 'рцæуа, уæд
фендзыстæм.
Дзæвгар куы 'руади лæппу, уæд кæсы, æмæ иу ран хъомы рæгъау
хизы. Бауади, дыууадæс хъуджы дзы радыгъта æмæ сбадти аходæн
хæрыныл. Куы бахордта, уæд та дарддæр йæ фæндаджы кой кæны. Иу ран
иу дынджыр тулдз бæлас æд уидæгтæ стыдта æмæ йæ йе уæхскыл
авæрдта, афтæмæй Нарты симдмæ бахæццæ ис. Бахæццæ ис æмæ тулдз
бæлас зæххыл нытъæпп ласта. Нарты фæсивæд бæласы тъæппæй фьщцаг
хæрдмæ фесхъиудтой, стæй сæ мидбынæтты æрбадтысты. Сохъыр уæйыджы
фырт йæ дзыхы дзаг ныккæлкæл кодта. Уый фæстæ дзуры:
— Куыйты Нарт!— рацæут æмæ симæм, нæ хъару бавзарæм! Цы бон сæ
уыд тарст адæмы, æрхæндæг зæрдæйæ та æрхæцыдысты кæрæдзийыл æмæ
симынц.
Бахызти симды астæумæ уæйыджы фырт æмæ, йæ зæрдæ кæимæ
фæзæгъы, ууыл æрхæцы æмæ симы. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ Нарты
фæсивæдæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ мæкъуыстæг фелвæсын
кæны, кæмæн йæ фæрстæ балхъивы. Хъæрзынц Нарты фæсивæд, фæлæ сæ
уæддæр кæм уадзы сохъыр уæйыджы фырт. Æризæр ис. Нарты фæсивæд сæ
симд ныууагътой æмæ ахæлиу кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сын
уæйыджы фырт сæ дарæс байста, йæ дæлармы сæ акодта æмæ араст ис
сæхимæ. Хохы сæрæй йæ хо фæлгæсы. Йæ цæст фæхæцыд комы йе
'фсымæрыл. Бауади чызг йæ мад æмæ йæ фыдмæ æмæ сæм дзуры:
— Далæ ме 'фсымæр ссæуы æмæ мын Нарты чызджыты дзауматæ
схæссы.
Сохъыр уæйыджы нæ уырны, æмæ дзуры йæ чызгмæ:
— Цума, акæс, кæддæра къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны, æви
адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы?
Акастис хо — йе 'фсымæр къуылдым-къуылдым хъæлдзæгæй сыскъæры.
Сохъыр уæйыджы нæ уырны уæддæр. Схæццæ ис лæппу æмæ
сæрысхъæлæй дзуры йæ фыдмæ:
— Æда! нæ мæ уагътай, фæлæ кæсыс — хорз фæсимдтон, фæхынджылæг
кодтон мæ фаг Нарты фæсивæдæй, мæнæ дын адон та — сæ дзауматæ.
Сохъыр уæйыг æм дзуры:
— Æнхъæл дæн, саудзагъд æмæ къуыппных лæппу уьгм нæ уыди!
— Сауæй, урсæй, къуппныхæй, дзыхъныхæй — иууылдæр уым уыдысты
Нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы хъыпп-сыпп ничи суæндыд,— загъта
лæппу.
— Уæ, макæ, мæ фырт,— саудзагъд æмæ къуыппных лæппу уым нæ
уыд, фæлæ ныр ныууадз, мауал сфæнд кæн уырдæм цæуын.
Йæ къух ауыгъта Алæф йæ фыды дзырдтыл æмæ сæрысхъæлæй иннæрдæм
аздæхти.
Дыккаг бон дæр та раджы фестади Алæф, дыууадæс кæрдзыны та йæ
роны атъыста æмæ та араст ис Зилахармæ. Хъоммæ та фездæхти,
дыууадæс хъуджы догъимæ та кæрдзын ахордта, тулдз бæлас та
ратыдта, Нарты симды та балæууыд æмæ та фыд митæ кæнын райдыдта
Нарты фæсивæдæн.
Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъитийыл,
цæмæй йе 'ндон уазал кодтаид, уый тыххæй. Касти уырдыгæй æмæ
уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Алæф дыккаг хатт куы 'рцыд
Зилахармæ, уæд йæхицæн хъуыды кæны Батрадз: «ныр дыккаг хатт
хынджылæг кæны Нарты æнæрцæф фæсивæдæй сохъыр уæйыджы фырт. Цон,
æмæ мæ тых йемæ бавзарон, æндæр амал нал ис». Цъитийы 'рдæг
ратыдта, йæ сæрыл æй авæрдта, цæмæй ма тæвд кæна, уый тыххæй, æмæ
хæххон цæргæсау йæхи раскъæрдта Зилахармæ. Æрхæццæ ис. Цъити йæ
сæрыл тад, æмæ йæ сæры дыууæ фарсыл дæттæ згъордта. Сохъыр уæйыджы
фырт куы бакасти Батрадзмæ, уæд йæхи нымæры загъта: «ай, бæлвырд,
мæ фыд мын кæмæй загъта, уый у — саудзагъд æмæ къуыппных». Æмæ йæ
зæрдæ бауазал ис.
Хæрзæгъдау уыд Хæмыцы фырт: æгас цу, зæгъгæ, загъта уæйыджы
фыртæн æмæ йын йæ къух райста. Дæ фыдгул афтæ — бамуртæ ис хъал
Алæфы къух.
Уый фæстæ йæм дзуры Батрадз:
— Уазæг, куы асимиккам, уæд куыд уаид?
Бæргæ æмризæджы рызти сохъыр уæйыджы фырт, фæлæ ма йын цы
гæнæн уыд? Ныххæцыдысты. Симынц. Иу къорд зылды куы акодтой, уæд
Батрадз Алæфы къахыл фæлæууыди æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк
ис Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ фæкодта. Симд тынгæй-тынгдæр
кæны. Батрадз та Алæфы фарс басхуыста, æмæ йæ фæрсчытæ басастысты
Алæфæн. Лæгъстæ кæнын байдыдта Батрадзæн, суадз мæ, зæгъгæ.
Батрадз ма йæ араууæрдбау-уæрд кодта иучысыл, карчы цъиуы куыд
араууæрд-баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта. Ныр феуæгъд дæн,
зæгъгæ, уый куы базыдта уæйыджы фырт, уæд, гъейт-мардзæ! — йæ син
йæ фæстæ ласгæ ныййарц ис сæхимæ.
Йæ хо та ракасти æмæ дзуры йæ мад æмæ йæ фыдмæ:
— Далæ та ме 'фсымæр ссæуы æмæ мын Нартæн сæ сырх дзауматæ
схæссы.
— Ма-ма тагъд кæн,— дзуры чызгмæ йæ фыд,— фендзынæ, цавæр сырх
дзауматæ дын схæсса, уый.
Цалынмæ тарсти, куы мæ расура Батрадз, зæгъгæ, уымæй, уалынмæ
цæф тæрхъусы згъорд кодта уæйыджы фырт, фæлæ куы адард ис, уæд йæ
бон нал уыд, æмæ афæлдæхти.
Фыд дзуры йæ чызгмæ:
— Цу-ма, акæс-ма йæм иу хатт: къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд
кæны æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы? Акастис хо: йе 'фсымæр ададжы
дæргъæй лæууы. Бацыд чызг æмæ йæ фыдæн зæгъы:
— Далæ ададжы фæлдæхтæй лæууы. Цы базонын хъуыд зæронд уæйыгæн
йæ фырты хъуыддаг! Галтæ арвыста, æмæ æрдæг мардæй сластой Алæфы.
— Нæ дын загътон, мæ фырт, Нартæн тыхгæнæг тых нæ ары,—
бадзырдта фыд йæ фыртмæ.
Йæ зæрдæ йе 'муд куы 'рцыд, уæд фæрсы йæ фыды Алæф:
— Цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз?
— Уымæй, æмæ йæхи уæларв Куырдалæгоны куынцгомы байсæрын
кодта,— дзуапп ын радта йæ фыд.
— Гъе, сохъыр хæрæг, æмæ мæн цæуылнæ байсæрын кодтай
Куырдалæгонæн!— зæгъгæ, фæхъæр кодта йæ фыдыл Алæф. Сыстад æмæ
араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ ис æмæ дзуры:
— Куырдалæгон, мæнæ дын сыгъзæрин, æмæ Батрадзы куыд
байсæрдтай, афтæ мæн дæр байсæр.
— Батрадз æндон уыд, фæлæ ды басудздзынæ, æмæ тæригъæд дæ,—
зæгъы йын Куырдалæгон.
— Байсæр мæ, æндæр амал нæй.
Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта: райста сыгъзæрин, бавæрдта
Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр æм арт бахæццæ ис
Алæфмæ, афтæ йæ дзыхы дзаг ныхъæр кодта:
— Басыгъдтæн, тагъддæр мæ айс, нал сæрын кæнын мæхи!
Куырдалæгон æртдзыскæн радавта, фæлæбурдта уæйыдæьг фыртмæ,
фæлæ дзы сыгъдæтты йеттæмæ ницыуал баззади. Куырдалæгон сыгъдæттæ
райста æмæ сæ æнæсдзургæйæ бырæттæм акалдта.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1661 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]