Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 3
Гостей: 2
Пользователей: 1
Bogdanzju

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ

АЙСАНА

Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди, æмæ уæларвон Сафамæ арвы
цæлхъау фехъуысти. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый
уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæн бафтыдта æмæ йæ æркодта
Нарты хъæумæ. Ныхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: «Чи райгуырд, уый
цæринаг, йæ хъаны бар та мæн куыд уа!» Йæхæдæг гал аргæвста æмæ
куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Айсана, зæгъгæ; стæй
йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ.
Айсана куы рахъомыл ис, уæд æм цыдысты уынынмæ Сафайы
хæлæрттæ: Уастырджи æмæ Æфсати иумæ æрцыдысты, Тутыр æмæ Уацилла
иумæ, Ногбон æмæ Елиа та иумæ.
Хъан сæ размæ рацыди æмæ сын хистæрæй-хистæрмæ сæ бæхтæ
райста. Бæхты сæргътæ систа, сæ ехсытæ æмæ сын сæ нымæттæ бахаста
æмæ сæ бафснайдта.
Сафа уазджыты бакодта хæдзармæ, æрбадын сæ кодта дывæхсыг
бандæттыл æмæ сын сæ разы фынгтæ æрæвæрдта алыхуызон минасимæ.
Айсана йæ худ систа æмæ уазджыты раз уырдыг лæууын байдыдта.
Уазджытæ фынгæй куы сыстадысты, уæд зæхмæ фæлгæсын байдыдтой,
кастысты Нарты хъæумæ. Кæсынц, æмæ Нарты хъæуы Агуыры 'фсæдтæ бæхы
фаджысы бын фæкодтой.
Нарты адæмæн сæ бæгуыдæртæ хæтæны уыдысты, фæлæ иннæтæ иу
ранмæ æртымбыл сты, симд сарæзтой æмæ симынц. Агуыры 'фсæдтæ фат
йæ уæнтыл кæмæн ныццæвынц, уый рогдæр асимы, арц йæ уæрджытыл
кæмæн ныццæвынц, уый тынгдæр скафы.
Дисыл фесты дауджытæ: «Цæмæй конд сты ацы Нарт — йе сæ фат куы
нæ хизы, йе сæ кард куы нæ кæрды?»
Ноджы уыцы рæстæджы Сосланы ус рацыди — хурау худгæ кодта,
Бонвæрнонау тыбартыбур — æмæ дон нозта; дон йæ хъуырæй æрттивæнтæ
калдта, зынди суанг уæларвмæ, хъуыры куыд цыди, уый.
Дауджытæ фæстæмæ баздæхтысты, æрбадтысты та фынгтыл æмæ
дисгæнгæ радзырдтой Сафайæн, зæххыл цы федтой, уый.
Сæ ныхæстæм Айсанайæн йæ дурын йæ къухæй æрхауд, æмæ йын Сафа
зæгъы:
— Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа, кæд нырма дæуæн ус афон нæу, дæ
дурын дæ къухæй куыд æрхауд?!
— Усы коймæ бæргæ не 'рхауд мæ дурын, фæлæ Нарты хъæуы зæронд
мад æмæ фыд ныууагътон, æмæ сæ афонмæ Агуыры æфсæдтæ сæ бæхты
къæхты бын ныккодтой, æз та ам кæрдзынтæ хæрын. Хурау æрттивгæ чи
кæны, Бонвæрнонау тыбартыбур, уый нæ чындз у, Сосланы ус. Æмæ та,
сыгъдæгæй, нæ лæгтæ сæфты балцы фæцыдысты, уый йеттæмæ махмæ чи
æрбауæндыдаид, стæй нæ чындз дæр хъастмæ нæ рацыдаид.
Сафа йæ уазджытæм дзуры:
— Мæ хъанæн мын лæвæрттæ ракæнут.
Уæд Уастырджи зæгьы:
— Æз ын мæ къуылых уадсуры радтдзынæн.
— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?
— Хуыцау æмæ зæхх ме 'вдисæн: бæстæн йæ иу кæронæй йе 'ннæ
кæронмæ арвы æрттывдау ахæццæ вæййы,— зæгъы Уастырджи.
— Елиа, ныр та дæ рад у, ды та цы лæвар кæныс мæ хъанæн?
— Æз та — мæ хъæргæнæг!
— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?
— Хуыцау æмæ зæхх ме 'вдисæн: æфсады куы 'ргæрах кæна, уæд сæ
хуырау фæйнæрдæм ныппырх кæндзæн.
— Тутыр, ды та йын цы лæвар кæныс мæ хъанæн?
— Æз ын лæвар кæнын мæ хæдæхсгæ сагъадахъ.
— Уацилла, ды та?
— Æз та йын — болат кард.
— Ногбон, ды та цы лæвар кæныс мæ хъанæн?
— Æз дæр ын æххуысгæнæг уыдзынæн хæсты быдыры, мæ лæвар
райсдзæни хæсты фæстæ.
Айсана йæхи хæстон арæзт скодта, Уастырджийы лæвар —
æртыкъахыг бæхыл сбадти æмæ 'рцыди Нарты хъæумæ. Нарты хъæу
сыстадысты æмæ йыл цин кодтой. Сатана уыцы рæстæджы йæ цæгаты уыд,
æмæ уымæ дæр арвыстой йæ цæгатмæ.
Æрмæст Сосланы ус йæ бынатæй уæлæмæ дæр нæ фезмæлыд, æмæ йын
Айсана зæгъы:
— Хорз ус, цæй уæззау дæ?— æз хион дæн, фæлæ дæ бынатæй
фезмæлын куы нæ фæразыс!
Ус ын загъта:
— Цы дын стон, мæ хур, исты мын Агуыры 'фсæдты куы нæ аздæхтай
Нартæй.
Уыцы ныхасмæ Айсана йæ бæхыл абадт æмæ фыр мæстæй цæхæртæ
калгæ Агуыры 'фсæдты цур балæууыд. Байдыдта сæ цæгъдын, æмæ кæй
мардта, уыдоны туджы зæй иннæты ласта, афтæмæй Агуыры 'фсæдты
ныццагъта, Нарты хъæуы фервæзын кодта, йæхæдæг фæстæмæ æрбаздæхти.
Нарты хъæу уырдыг ныллæууыдысты йæ размæ æмæ йæ фыр цинæй
зæхмæ нал уагътой, фæлæ Сосланы ус уæддæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд.

Айсана йæм бадзуры:
— Хорз ус, куыд уæззау дæ, æппын уæлæмæ куы нæ стыс!
Ус ын загъта:
— Цы дын стон, мæ хур, исты мын, хурныгуылдæй æмбисæхсæвмæ
дидинæг чи æфтауы, æмбисæхсæвæй бонмæ рæгъæд чи кæны æмæ дыууæ
хохы фырыты хæст кæуыл кæнынц, уыцы бæлас мын мæ дуармæ, мийаг,
куы нæ ныссагътай!
Айсанамæ х.ъыг фæкаст уыцы ныхас, æмæ аздæхт уыцы бæлас
хæссынмæ. Фæндагыл æй йæ бæх фæрсы:
— Кæдæм цæуыс, Хуыцауæн æнады гуырд, мæнæн дæр ма йæ зæгъ.
Айсана бæхæн зæгъы:
— Уæлæ, хурныгуылдæй æмбисæхсæвмæ дидинæг чи 'фтауы,
æмбисæхсæвæй бонмæ рæгъæд чи кæны æмæ дыууæ хохы фырыты хæст кæуыл
кæнынц, уыцы бæлас хæссынмæ.
Бæх æм дзуры:
— Ма дæ бафæндæд уыцы хъуыддаг; уымæ къорд дæ хуызæттæ фæцыд
хæссынмæ, фæлæ фæстæмæ сæ сæртæ дæр нал æрхастой.
— Нæй гæнæн, хъуамæ йæ æрхæссон, — зæгъы Айсана.
Бæх ын загъта:
— Уæдæ мын ме 'хтæнгтæ фидар балвас, мæ къæдзил мын хъæбæр
балхынцъ кæн, æрмæст ма дзы æртæ хъисы æнæ 'лхынцъæй ныууадз. Стæй
мын ахæм къæрцц фæкæ, æмæ мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фæхауа, дæ
армы дзыхъæй ехсытъæпæнхор.
Дыууæ хохы кæронмæ куы бахæццæ сты, уæд Айсана бæхæн йе
'хтæнгтæ фидар балвæста, йæ къæдзил ын хъæбæр балхынцъ кодта, стæй
афтæ ныкъæрцц ласта йæ бæхы, æмæ йæ армы дзыхъæй ехсытъæпæнхор
фæхаудта, бæхы агъды фарсæй та — уафсхор.
Бæх уыцы иу гæпп бакодта дыууæ хохы 'хсæнмæ. Айсана бæласы æд
уидæгтæ стыдта æмæ фæстæмæ фездæхт. Уалынмæ сæ дыууæ хохы
æрбаййæфтой æмæ бæхæн йæ къæдзилæй æртæ хъисы аскъуыдтой.
Рацыдысты, æмæ бæх зæгъы Айсанайæн:
— Мæ мад ма мын æртæ боны дзидзи куы бадардтаид, уæд уыцы 'ртæ
хъисы дæр нал аскъуыдтаиккой хæхтæ.
Æрцыд Айсана Нарты хъæумæ æмæ, цы бæлас æрхаста, уый ныссагъта
Сосланы усы дуармæ.
Нарт æрæмбырд сты Айсанайыл æмæ йыл цин кодтой,— мæнæ нын цы
диссаджы бæлас æрхаста, зæгъгæ.
Сосланы ус уæддæр нæ сыстад йæ бынатæй, æмæ йæм Айсана дзуры:
— Ныр та цæуылнæ сыстыс, цы 'фсон ма кæныс?
Ус ын загъта:
— Цы дын стон, исты мын Саумæрон Бурдзæбæхы куы нæ æрхастай?
Айсана йæ бæх фæзылдта 'мæ Саумæрон Бурдзæбæхмæ хæссынмæ ацыд.
Саумæрон Бурдзæбæх ахæм мæсыджы бадти, æмæ йын йæ сæр цæст нæ
уыдта, æмæ ахæм лæгæн куымдта, мæсыгæн йæ бынæй йæ сæрмæ йæ хъæр
кæмæн фехъуыстаид.
Бирæ усгуртæ йæм фæцыди, фæлæ йæм дзы никæй хъæр сыхъуысти,
æмæ-иу цавддуртæ фестадысты.
Айсана мæсыджы бынæй ныхъæр кодта, фæлæ йæ хъæр мæсыджы
æмбисмæ дæр нæ сыхъуысти, æмæ йæ уæрджытæй дæлæмæ цавддур фестад.
Дыккаг хъæр ныккодта, фæлæ та нæ фехъуыст йæ хъæр, æмæ астæуæй
дæлæмæ цавддур фестади. Стæй уæд йæ цæстытæ доны разылдта, æмæ йæм
йæ бæх дзуры:
— Цы фæдæ, мæ барæг?
Айсана йæм дзуры:
— Мæнæн мæ бон ницыуал у, фæлæ дæ хъару æмæ дæхæдæг — дæ сæр
мæ бахъуыд!
Уæд бæх ныууасыд, æмæ мæсыджы цъуппæн йæ тигъ æркалди, Айсана
дæр цы уыд, уый фестад.
Саумæрон Бурдзæбæх базыдта Айсанайы йæ бæхы уастæй æмæ рараст
ис мæсыджы сæрæй.
Куы 'рцыди мæсыгæн йæ бынмæ, уæд Айсанамæ дзуры:
— Æрхæццæ мæм дæ, Айсана?!
— Æрхæццæ дæм дæн, бæгуыдæр, фæлæ рацу æттæмæ æмæ цом.
Саумæрон Бурдзæбæх рахызт мæсыгæй æмæ Айсанайы фæсарц бабадт.
Куы рацыдысты, уæд æй Айсана фæрсы:
— Ацы урс дуртæ та цы сты, куыд арæх сты?
— Уыдон дуртæ не сты, фæлæ мæнмæ курæг чи фæцыд, уыдон сты: сæ
хъæр мæм-иу нæ фехъуыст мæсыджы сæрмæ, æмæ-иу цавддуртæ
фестадысты.
Айсана йын зæгъы:
— Уæдæ ма сæ фæстæмæ лæгтæ фестын кæн!
Саумæрон Бурдзæбæх дзуры Айсанамæ:
— Уый дæ ма бафæндæд. Дæу дæ бæх сарæзта, фæлæ ам дæуæй
хуыздæр лæппутæ уыди, æмæ куы райгас уой, уæд мæ дæуæн хæссын нал
ауадздзысты.
— Нæй гæнæн, хъуамæ сæ райгас кæнай,— зæгъы Айсана уæддæр.
Саумæрон Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн рахизы 'рдæм разылдта,
æмæ цавддуртæ лæгтæ фестадысты.
Æмхуызонæй лæбурæг сысты Айсанамæ.
Сæ иу Айсанайы кардæй æрцæвынмæ куыд хъавыди, афтæ Саумæрон
Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн галиуырдæм фæзылдта, æмæ та иууылдæр
цавддуртæ фестадысты.
Айсана Саумæрон Бурдзæбæхы рахаста уырдыгæй æмæ æрцыд Нарты
хъæумæ. Нарты хъæу æмхуызонæй цин кодтой Айсанайыл æмæ сæ чындзыл,
хастой сæм хуьштæ алырдыгæй. Сатана дæр йæ цæгатæй æрбацыд; тынг
фæцин кодта йæ лæппуйыл æмæ куывдæн ронг бантыдта.
Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц дæр æрцыдысты хæтæнæй, æмæ уыдон
цинæн та æппын кæрон нал уыди, Агуыры æфсæдты пырхæй куы федтой,
уæд.
— Йæ рынтæ йын бахæрон мæ чысыл Айсанайæн, нæ хъæу нын чи
фервæзын кодта знаджы бæхы сæфтджытæй; йæ цæрæнбон бирæ уа ме
'рдхорд Сатанайæн дæр, ахæм саггуырд лæппу чи схъомыл кодта
Нартæн,— загъта Уырызмæг.
Сосланы ус дæр æнæбары сыстад йæ бадæнæй, æмæ йæм Айсана
дзуры:
— Уа 'нæбары цæмæн сыстадтæ, хорз ус, бадтаис фæлтау!
Ус ын зæгъы:
— Цы дын стон цæрдæг, исты мын, Хуыцауы раз йæ хъуырæй заргæ
чи кæны, йæ дыстæй — æмдзæгъд, йæ фæччитæй — кафгæ, уыцы кæрц,
мийаг, куы нæ 'рхастай!
Уæд ын Айсана зæгъы:
— Уыцы кæрц кæд ды бахуыдтай, уæд æй æрхæсдзынæн, кæннод йе
'рхæссын мæ бон нæу! Ус дæр ныхъус и, уæдæ цы уыдаид.
Категория: ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 2275 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]