Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ

САТАНАЙЫ ЛÆППУ

Иухатт Нарты Уырызмæг афæдз балцы ацыди, чи зоны — кæдæм. Йæ
ус,— Нарты Сатана,— хæстбойнон баци. Æвæдза, гъе ныр афон
ралæууыди, афтæ Нарты Сатана æртæ мыдамæсты ракодта æмæ Хуыцаумæ
скуывта:
— Хуыцауты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Афæдзæй-афæдзмæ нæ бæстыл цы
мигъ, цы 'врагъ æрбада, уый ацы сахат Нарты хъæуыл цы 'рбады, уый
радт!
Тар мигъ ныббадт Нарты хъæуыл. Уæд Сатана Тутыры гуырд
уæнгуытæ уæрдоны баифтындзын кодта, Терчы былмæ йæхи фæласын
кодта, æмæ йын уыцы ран лæппу райгуырди.
Ноггуырдæн скодтой чырынгонд, чырынгонд бæлæгъы цæвæрдтой æмæ
йæ уыцы хуызæнæй фурды басхуыстой.
Галуæрдоны та бабадти Нарты Сатана æмæ та æгас хæдзар ссардта.
Бæлæгъ фурды сæрыл узгæ-узгæ згъоры, фæйлауæнтæ дзы хъазынц,
пуртийау æй раппар-баппар кæнынц алырдæм. Уыцы хуызæнæй
кæсагахсджытæм ныйирвæзт. Уыдон баурæдтой бæлæгъ, райгом кодтой
чырынгонд, удæгасæй дзы сывæллоны систой æмæ йæ бахастой æлдары
хъæумæ.
Æлдар сывæллоны хæссынтæ байдыдта йæхи хъæбулы хуызæн.
Куы байрæзт сывæллон, уæд ын фæбæрæг сты йæ уды конд, йæ
зæрдæйы арæзт: нæртон туг кæй зылди йæ тугдадзинты, уый базыдтаид
алчи дæр, Нарты чи зыдта, уыдонæй. фыццаг уыди, 'мæ дзы хъазгæ-
хъазын фæлмæцын байдыдтой йе 'мгар сывæллæттæ — чызгæй, лæппуйæ.
Уый фæстæ дзы хъæстгæнæг уыдысты дондзаутæ, куыройдзаутæ: дурын
сын дурынæн нал уагъта, къуыстил къуыстилæн, къæсса къæссайæн, йæ
фат æмæ йе 'рдынæй. Знаггадæй, фыдуаг мийæ фæстæ ницыуал
ныууагъта.
Дзыллæ дзы нал уыдысты сæ сæрæн. Фæстагмæ адæм æрæмбырд сты,
уыцы иу гуыппæй бацыдысты æмæ æлдарæн дзурынц:
— Бирæ дæм фæхъаст кодтам дæ арæггаг лæппуйы фыдуагдзинæдты
тыххæй, фæлæ нырмæ дæр уый йæ фыдуагдзинæдтæ нæ уадзы, ды дæр ын
уынаффæ нæ кæныс йæ басабыр кæнынæн. Æрсабыр афон та йын у,— уый
бæрц саби дæр нал у,— милтæ йыл фæхæцыди. Зæгъæм дын фæстаг хатт,
не 'лдары хай: кæнæ дын мах, кæнæ дын дæ лæппу!..
Æлдар сагъæсыл фæци. Уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ
стæрхон кодта: «мæ хъанæн нæ хъæу цæрæнбынат нал у, иу æцæгæлон
бæстæм æй фервитын хъæуы».
Æппæтæй дæр æй хæрзифтонг скодта: дарæсæй, хæцæнгæрзтæй; йæ
бæхрæгъæуттæм хуыздæр бæх нал ныууагъта, ахæм ын сбадын æввонг
сарæзта. Стæй баздæхт æмæ йын дыууадæс барæджы бафтыдта йемæ.
Барджытæм аивæй басидт æмæ сын сусæгæй фæдзæхсы:
— Мæ хъаны усгур æфсон æрвитын мæ хъæуæй. Абалц кæнут йемæ
стыр фæндагыл. Æфсæн дуармæ бахæццæ уыдзыстут. Дуар æхгæд
разындзæн; лæппу йыл æвзардзæн йæ ехсы хъæдæй, фæлæ йын нæ гом
кæндзæн. Уæд æрцæфтæ кæндзæн йæ бæхы; бæх маргъау æфсæн дуары
сæрты уыцы-иу тахт бакæндзæн. Æвæдза, лæппу дуары иннæ фарс фæци,
афтæ-иу фæстæмæ мауал ауæрдут лидзыныл. Рох уæ ма кæнæд — уыцы
иуырдæм уæ дыууæ барæджы ма фæуæд, фæлæ-иу ныххæлиу ут алырдæм.
Араст ис æлдары хъан дыууадæс барæджимæ. Стыр фæндагыл бахæццæ
сты æфсæн дуармæ. Лæппу дуарыл ехсы хъæдæй бахæцыд, фæлæ дуар нæ
байгом ис. Лæппу бæхы 'рбамбырдтæ кæны, ехсæй йæм æрæвзиды; бæх
тæрхъусы кафт скæны барæджы бын æмæ æфсæн дуары сæрты батæррæст
ласы. Йе 'мбæлттæ иугæйттæй куый-хъæд, куый-дур баисты.
Лæппу ма иудзæвгар сæ фæдыл акæсы, стæй уæд цæуын байдайы
размæ йæ фæндагыл. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ иу афоны
æрфынæй ис йæ бæхы рагъыл. Бæх йæ цыды кой кæны. Уалынмæ йын æртæ
барæджы фæдæргæвст æркæнынц йæ фæндаг. Барджытæ разындысты Нæртон
адæм — Ахсæртæггаты разагъд лæгтæ: Нарты Уырызмæг, Нарты Хæмыц æмæ
Нарты Сослан.
«Иудадзыг дзæгъæлы нæ фæци нæ балц», загътой Нæртон адæм,
«уæртæ нын уыцы барæг истæмæнты сбæздзæн,— нæ сылгоймæгтæн нын,
æппын фæстаг, уæрагæмбæрзæнты аргъ уæддæр ныккæндзæн».
Йæхи йыл раскъæрдта Нарты Сослан. Скъуырдта барæджы йæ бæхæй,
фæлæ барæджы бæх, маразæгъай, æнкъуысгæ дæр фæкæна,— йæ цыды кой
кæны.
Базмæлын кодта Нарты Хæмыц дæр йæ бæх, уыцы-иу цæф скæны
фыдæбойнаг барæджы бæхы... Уæд та ма куыд нæ фæчиуы бæх! Фæлæ бæх
нæ халы ныр дæр йæ цыд. Уæд Нарты Уырызмæг фездахы барæгмæ йæ
разагъд Æрфæны, фæлæ та ницы ком радта барæджы бæх Уырызмæджы
Хъулонæн дæр.
Уæд сæм дзуры уыцы барæджы бæх:
— Ма кæнут, ауадзут нæ нæ фæндагыл. На 'мæ куы райхъал уа мæ
барæг, уæд уæм хорз нал фæкæсдзысты уæ митæ.
Куы нæ 'мæ, куы нæ уыди, Нарт Хуыцауы бар куы нал уагътой
бæхы, уæд бæх ныууыгъта йæхи.
Барæг æрыхъал ис, асæрфта йæ цæстытæ æмæ фæкомкоммæ ис Нарты
тыхгæнджытæм. Æрыздæхтытæ сæм кодта йæ бæх æмæ... Нарты Уырызмæг
æмæ Хæмыцы хордзенбаст акодта йæ фæсарц, Сосланæн буарæй роны
'хсæн арц атъыста, бæхæй йæ райста æмæ йæ уыцы хуызæнæй хæссы йæ
арцыл. Рахъæр сын кæны сæ бæхтыл æмæ сæ фæтæры размæ.
— Чи зоны, ахæм ми уыл æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыдыстут, фæлæ
уын æз цы хъомыс бауыдзынæн, уый фендзыстут. Баздæхдзынæн æмæ уæ
ацы хуызæнæй уæ бæстæм фæхæсдзынæн æмæ уæ уыцы ран æрæвæрдзынæн уæ
устыты раз,— дзуры Нарты гуыппырсартæм лæппу.
Раны фесты Нарты хæрзæджытæ! Уый бæрц фæхаттысты, уый бæрц тых
фæкодтой, фæлæ сыл иу ахæм адæймаг нæма сæмбæлди.
Хорзау нал уыдысты Нарты скуыхт лæгтæ. Катайыл сысты æмæ 'васт
фæфæлдæхтысты, се 'взаг суагътой:
— Ма нæ фесаф, ма нæ фæхудинаг кæн уый бæрц, курæм дæ, дæхицæн
æй аккаг ма скæн, нæ рæдыд нын ныббар. фæлтау нæ ацы ран амар,
уæддæр нын уыцы ми ма бакæн.
— Ацæргæ адæм стут, æмæ уын уый тыххæй барст фæуæд, фæлæ мын
дзырд радтут, куыд нал бахъыгдардзыстут фæндаггон адæмы,— дзуры
сæм лæппу.
Амал нал уыди. Радтой йын дзырд. Барæг суæгъд кодта Нарты, æмæ
сæ алчи араст ис йæ фæндагыл.
Барæг цас ацыдаид, чи зоны, фæлæ 'васт фæстæмæ 'рбахæцыд йæ
бæхы рохтыл.
«Мæрды рох мыл куыд бахæцыд! Ай кæдæм цæуын, уымæн куы ницы
сæр ис, цы бæсты дæн, уымæн дæр куы ницы бæрæг ис, ус кæм
курдзынæн, уымæн дæр куы ницы зонын, уæд æнæбафæрсгæ куыд ауагътон
уыцы адæмы. Уыдон та, чи ахатти, чи федта, бирæ таутæ чи ахордта,
ахæм адæмы каст кæнынц,— бæрæг у сæ уæлæ. Цон æмæ сæ баййафон, кæд
мын искуы бацамониккой иу чызг».
Нарт барæджы куы ауыдтой сæ фæдыл æрбацæйцæугæ, уæд лидзæг
фесты.
— Фæлæуут мæм! Дзырд уын дæдтын, ницы уын кæндзынæн,
хъуыддагæн мæ хъæут,— хъæр сæм кæны лæппу.
Нарт фæсабыр сты сæ цыдæй; баййæфта сæ барæг æмæ сæм дзуры:
— Нæ хæдзарæй усгур рараст дæн, фæлæ а бæсты никæй зонын,
сымах та, бирæ чи федта, ахæмтæ стут. Уæе хорзæхæй, иу чызг мын
банымудзут.
— Дыууæ доны кæм баиу вæййынц, уыцы ран йæ галуанты цæры 'мæ
хæры Адыл,— загъта Нарты Уырызмæг.— Уымæн ис ахæм чызг, æмæ арв йæ
къабæзтæ кæм ауагъта, уым уый хуызæн уындæй дæр, æгъдауæй дæр нæ
разындзæн. Дунейы хæрзæджытæй йыл чи нæ сдзырдта, ахæм нал баззад,
фæлæ нæ комы никæмæн. Уыимæ йæ фыд Адылы хъæздыгæн дæр хъуамæ
макуы разына.
Дыууæ доны астæу Адылы фидæрттæм йæ ных сарæзта лæппу. Йе
'мгæрттимæ мæсыджы бады Адылы рæсугъд чызг, къухми кæнынц
чызджытæ. Уæд чызджытæй иу дзуры:
— Уæртæ нæм иу чидæр æрбацæуы,— нæма 'рбацыди уый хуызæн а
бæстæм.
— Кæсут, æмæ кæд донæн йæ тæнджытæ агура, уæд ыл худæгæй нæхи
схæсдзыстæм, ахъаздзыстæм дзы; кæд æмæ комкоммæ 'рбацæуа, уæд мын
мойæн сбæздзæн,— зæгъы Адылы чызг.
— Йæ тæккæ иугуыры 'рбасхуыста,— загъта та чызг,— кæсаг дæр
уый хуызæн не 'рбацæудзæн. Маразæгъай, уыцы фурды йæ бæх чиугæ дæр
фæкæна, фатау æрбайгæрста дон.
Адылы галуанты æрхызти лæппу йæ бæхæй. Адылы рæсугъд чызг цы
уаты бадти, уый дуарыл бахæцыд ехсы хъæдæй, æмæ дуар мидæмæ
бахаудта.
— Дæ бон хорз уа, не 'взæр æфсин,— зæгъы лæппу. Адылы
рæсугъдæн.
— Хорзæй цæрай, Нарты Сатанайы хорз лæппу,— дзуапп ын радта
чызг.
Цæрынтæ сын бацайдагъ ис лæг æмæ усæй Адылы фидæртты, дыууæ
доны астæу хуыдзыхау кæм фæци зæхх, уым, æппæтæй дæр æххæст,
афтæмæй.
Иуахæмы лæппумæ дзуры йæ ус:
— Æвæдза, лæппуйæн бинонтæ фæци, афтæ йæ нал фæхæссы хæдзарæй
йæ къах. Кæсын дæм, æмæ дæ гуымиры тых цæй бæрц райрæзт, уый бæрц
дæ зонд нæма у! Гуымиры тыхы та зонд куы нæ араза, уæд фыдбылызы
сæдзы адæймаг. Баздæх æмйе Тархъы Сындзмæ фæцу. Уым ис сау рувас —
йæ ныхы æртæ урс æрдуйы. Рувасы куы 'рцахсай, уæд ын сæ ратонын
хъæудзæн. Сæ иу хъуын уыдонæй уыдзæн дæуæн зонд амонæг; аннæ
фестдзæн рон, æртыккаг — æгънæджытæ, æвзист æмæ сыгъзæринæй арæзт.
Уыдон та балæвар кæндзынæ мæнæн. Фæлæ уый зон, æмæ сау рувас
æрцахсын æнцонæй нæ бафтдзæн дæ къухы. Тархъы Сындзмæ куы бафтай,
уæд æй сурынтæ сисдзынæ, дæ дарæсæй ницыуал уыдзæн дæ уæлæ —
гæбазгай баззайдзæн сындзыл, фысы фист ыл куыд баззайы, афтæ. Алы
'рдыгæй дæ буарæн хъардзæн йæ туг. Дæ къухы нæ бафтдзæп: Сындзæй
йæ расурдзынæ. Сурынтæ йæ байдайдзынæ уырыл: дæ дзабыртæ фæуæлгом
уыдзысты, дæ къæхты пырх кæлдзæн. Фæлæ сау рувас дæр сфæлмæцдзæн,—
дзыхълæуд ныккæндзæн уырыл; удæгасæй йæ 'рцахсдзынæ, уыцы æртæ урс
æрдуиы æртондзынæ, стæй йæ ауадздзынæ...
Лæппу Тархъы Сындзы сау рувас удæгасæй куыд æрцахста, афтæ йын
йе 'ртæ урс хъуыны ратыдта йæ ныхæй æмæ сæ бафснайдта, стæй рувасы
ауагъта.
Сыздæхы сæ хæдзармæ, æмæ та Адылы рæсугъдимæ цæрынтæ 'мæ
хæрынтæ сисынц.
Цас та ацардаиккой, чи зоны, фæлæ та иуахæмы дзуры Адылы чызг:
— Лæгай, иунæгæй цæрæм ацы ран. Баздæх æмæ та нын фæцу балцы.
Райсом æрыскъæф тонынмæ рацæудзысты ногъайы фæсивæд — чызгæй,
лæппуйæ. Афтæ бакæн æмæ нын дзы фондзыссæдз къайы æрбахон æмæ сæ
'рцæрын кæн нæ алы фарс, цæмæй нæ дунейы цард рогдæрæй арвитæм
уыдон руаджы.
Ногъайы фæсивæдæй сæдæ чызджы 'мæ сæдæ лæппуйы 'рбакодта
Нæртон гуырд æмæ сæ Адылы фидæртты алфæмблай æрцæрын кодта, хъæу
сæ сарæзта.
Уæд та иу рæстæджы Адылы рæсугъд дзуры йæ сæры хицаумæ:
— Уæ, мæ сæры хицау, æхсызгон кæнинаг ма дын у а дыууæ боны иу
хъуыддаг. Нарт Гуры фидар басастой, цы фос дзы фæкодтой, уыдон
уардзысты. Афтæ бакæн æмæ дзы дæхи хайджын фæкæ. Уый та афтæ зын
нæу, фæндæй куы бакусай, уæд. Нарт бырсынмæ куы цыдысты, уæд
къулбадæг усы фæндагыл сбадын кодтой, лæбурджытæй фидармæ раздæр
чи бахиза, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Лæвæрттæй фыццаг бар раззагмæ
цæуы. Æз дын уыцы усæн йæ фæлыст сараздзынæн къахæй къухмæ, ды йыл
дæ фæндаг акæндзынæ æмæ йын сæ балæвар кæндзынæ, стæй йын
бафæдзæхсдзынæ, фарст æм куы 'рцæуа, Нарты адæмæй Гуры фидармæ
раздæр чи бахызт, зæгъгæ, уæд дæу куыд бацамона, афтæ.
Æрæмбырд сты Нарт Гуры фидарæй хаст хæзнатæ уарынмæ. Дыууадæс
ивазны æрфæн уæрм скъахтой æмæ дзы Нарты Сырдоны аскъæрдтой,
хъуыддаг хъаугъамæ куы тæра, уымæй тæрсгæйæ.
Фæрсынц зæронд усы:
— Уæдæ хæсты бон Гуры фидармæ фыццаджыдæр чи бахызтаид, уыцы
амондджын чи уыдзæни, чи?
— Йæ бонæй уæд, уастæн, Адылы сиахс, уый бахызти Гуры фидармæ
фыццаджыдæр,— загъта къулбадæг ус.
— Дæ раззаджы хай сис, Адылы сиахс, стæй иннæ хæзнатæ лæджы
сæрыл байуардзысты æмхуызон,— загътой Нарты хистæртæ.
Адылы сиахс æркаст хæзнатæм, æмæ йын амынд куыд уыди сау
рувасы урс хъуынæй, уымæ гæсгæ дзы райста йæхицæн æртæ дзаумайы:
æрчъиаджы султъы, нымæтын ехс æмæ гамхуд.
Нарт Сырдоны систой уæрмæй. Сырдон хæзнатыл рахаста йæ цæст
æмæ фæрсы Нарты хистæрты:
— Раззаджы хай чи систа?
— Адылы сиахс,— дзуапп ын радтой Нарты хистæртæ.
— Рагæй дæр ницæййаг уыдыстут, Нарт,— зæгъгæ, загъта Сырдон,—
æмæ та уæ ныр дæр хынджылæг фæчындæуыд:
Нарты Сатанайы лæппу уын ахаста уæ хæзнатæ. Чи ма дзы æрызад,
уыдон иу доны къусы аргъ дæр не сты!
Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан, Сырдоны ныхæстæ фехъусгæйæ,
кæрæдзимæ бакастысты æмæ сфæнд кодтой басгарын Адылы сиахсы.
Рабалц кодтой Ахсæртæггаты стæрон лæгтæ. Адылы фидæрттæм
фæцыдысты. Уыцы ран, куыд сыл æмбæлди, афтæ уазæгдоны раз
æрхызтысты.
— Ныббарут мын, уазджытæ, фæлæ ма кæд исты зонын, уæд ма уæ
цыма кæмдæр федтон, афтæ мæм зыны,— зæгъы лæппу.
— Нæ рæдийыс,— дзуапп ын радта Нарты Хæмыц,— ацы фидæрттæм дæ
мах сарæзтам усгур. Стæй ма дын зæгъдзыстæм, нæ цыды сæр цæмæ уыди
ардæм, уый дæр. Хæрз æрæджы базыдтам мах,— Сатанайæ кæй
райгуырдтæ, уый; мæнæ дын уый та Уырызмæг Ахсæртæггаты, Сатанайы
сæры хицау, мах та йе 'фсымæртæ — Хæмыц æмæ Сослан. Худинаг у
Нæртон гуырдæн йæ каисты хæдзары цæрын — цам дзы кæны æгас мыккаг
дæр.
Нарты Сатанайы лæппу æмæ йе 'фсин бафснайдтой сæ бирæ исбон,
рахуыдтой сæ адæмы æмæ Нарты хъæуы 'рцардысты.
Нарт та фосы конды фесты.
Категория: ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 2215 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]