Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ

СÆУУАЙ

Нарты Борæтæ авд азы фæллой фембырд кодтой сæ зæронд мæрдтæн
кады хист скæнынæн.
Хисты бонмæ ма æртæ азы куы уыди, уæд фидиуæг ныхъæр кæнын
кодтой:
— Борæтæ æртæ азы фæстæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн, æмæ
алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила; дугъ та уыдзæн Ахъденджыз æмæ
Хъараденджызы астæу сакъадахæй Нарты Хъазæн фæзмæ; Хъазæн фæзы
уыдзæн тырыса сагъд, æмæ уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн
фыццаджы хай — уацайраг лæппу, дыккагæн та — уацайраг чызг; аннæ
бæхтæй дæр иу дæр æнæ хай нæ уыдзæнис, хæцæнгарзæй, фосæй æмæ
æндæр хæзнатæй.
Фидиуæг куы фехъусын кодта, уæд алчи дæр йæ дугъон бæх
æууæрдын байдыдта.
Къандз сæумæ раджы фидиуæджы хъæр куы фехъуыста, ныхасы
бадгæйæ, уæд мæстæйдзагæй æрбацыдис йæ хæдзармæ æмæ йæ пылыстæг
къæлæтджыныл мæсты бадт æркодта; бандон ныссасти йæ быны. Æмæ йæ
уæд йæ ус фæрсы:
— Цы кодтай, нæ зæронд лæг, цæуыл та мæсты дæ абон?
Къандз ын дзуапп радта:
— Фидиуæг хъæр кæны,— Борæтæ, дам, сæ зæронд мæрдтæн кады хист
кæндзысты æртæ азы фæстæ, æмæ, дам, алчи йæ дугъон бæхмæ куыд
базила. Дугъæттæй фыццагæн хай уыдзæн уацайраг лæппу, дыккагæн та
— уацайраг чызг; аннæтæй дæр, дам, æнæ хай иу дæр нæ фæуыдзæнис.
Гъе ныр фыццаджы хай мæн уыдаид, мæ бæхæн барæг куы уыдаид, уæд,
æмæ ууыл кæуын, мæ мæстæй бандон дæр уый тыххæй ныммур ис мæ быны.
Ус æртæ мыдамæсты ракодта, ронджы дурынимæ авд æттæгуæлæ
бæстыхайы сæрмæ суади æмæ Хуыцаумæ скуывта: «О, Хуыцау, æнæ
байзæттагæй нæ ма амар!»
Æнæ ацаходгæйæ кувинæгты фæстæмæ 'рхаста; зæронд лæгæн ронджы
дурын баназын кодта, æртæ мыдамæсты дæр ын бахæрын кодта. Уый
фæстæ ус зæронд лæджы риуыл бакъул кодта. Хуыцау усы куывд айста,
æмæ ус, уый адыл, базæрдæхсайгæ ис. Уæд иу рæстæджы,— бон æмæ
æхсæв кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой,— афтæ дын Къандзы усæн
райгуырдис лæппу, æмæ йыл ном сæвæрдтой Сæууай. Сæууайæн дзидзи
дардта йæ мад, æмæ йын йæ дзидзитæ стыдта дæндагæй; стæй та йæм
æркодтой æндæр усы дзидзи дарынмæ, æмæ уый дзидзи дæр стыдта.
Къандз куы базыдта хъуыддаг, уæд йæ кæстæриуæггæнджытæн загъта,
цæмæй Сæууайы ахæссой æмæ йæ ныппарой цъитийы цъассы, Сæууайы
ахастой æмæ йæ ныппæрстой цъитийы цъассы, æмæ йæ бирæгътæ уым се
'хсырæй хъомыл кодтой. Уайтагъд ахъомыл ис Сæууай æмæ цуан кæнын
байдыдта.
Дугъмæ ма 'ртæ боны куы уыдис, уæд та Къандз ныхасæй æрбацыдис
йæ хæдзармæ, пылыстæг бандоныл та 'рбадт, æмæ та уыцы бандон дæр
лыстæг згъæлæнтæ бацис.
— Уыцы лæппуйы та ма мын Хуыцау мæстæй марынæн радта!— зæгъы
Къандз.
Уый хæд уæлвæд æм фийау æрбацыд æмæ йьга радзырдта, иу лæппу
хæхты зилы æмæ сырдтæй мыккаг нал уадзы, зæгъгæ. Къандзæн йæ зæрдæ
фехсайдта, æмæ зæгъы кæстæртæн:
— Ацæут æмæ ардæм æркæнут уыцы лæппуйы!
Ацыдысты æмæ æркодтой лæппуйы.
— Цæуыл æнкъард дæ, мæ фыд?— фæрсы Сæууай.
Къандз хъуыддаг радзырдта.
— Æмæ кæм ис дæ бæх?
— Мæ бæх ныккæнды æнæ дондæдтæг æмæ æнæ хицауæй æфсæн
æрттигътæ хæры. Ацу йæм, æмæ дæ кæд йæхимæ бавналын бауадза, уæд
æцæгæй ды уыдзынæ Къандзы фырт æмæ мын мæ бæхæн барæгæн бæздзынæ,
кæннод цы кæнон!
Сæууай ныккæндмæ ныццыдис бæхмæ; бæх æй йæ фæстаг къæхтæй
рариуыгъта, фæлæ лæппу бæхы къæхтæ ацахста æмæ йæ зæххыл ныххоста
æмæ йын зæгъы:
— Фæлдысты фæуай, æгъгъæд дын нæу фаджысы æмбийынæн?
Бæх лæппуйы йæ дæндæгтæй ацахста æмæ йæ зæххыл феууæрста.
Лæппу та йын йæ хъустыл фæхæцыд, зæххыл та йæ фæхоста æмæ йын
зæгъы:
— Æппын дын ардыгæй ацæуынæн ницы гæнæн ис æви цы, æз Къандзы
фырт Сæууай кæй дæн, уый нæ зоныс?
Стæй йæм уæд бæх сдзырдта:
— Ды Къандзы фырт куы нæ уаис, уæд мын ныры онг мæ къæдзилы
хъисмæ дæр куы ничима 'рбавнæлдта, ды та мæ зæххыл куы фæхостай;
ныр абонæй фæстæмæ мæнæн бæздзынæ барæгæн.
— Ды та мын бæхæн бæздзынæ абонæй фæстæмæ.
Сæууай йæ фыдмæ ссыди æмæ йын зæгъы:
—Гæрзтæ дын ис æви нæ?
— Мæ кардæн йæ фындз йæ фистоны сагъд, афтæмæй лæууы æмæ цъæх
арт уадзы, ме 'рдын та 'фсæн рæхыстæй æфсæн цæджындзмæ баст у æмæ
хæстмондагæй сырх арт уадзы. Гъе ныр, мæ фырт, кæд дæ бон
бауыдзæнис, уæд дын, гъа авд дæгъæлы, æмæ æвдæм дуар куы бакæнай,
уæд гæрзтæ уым сты, æмæ сæ райсын куы бафæразай, уæд гæрзтæ
уыдзысты дæу, кæннод та уыдзæнис дæ мæлæт, æмæ дын ма 'ххос ма
уæд.
Сæууай æхсæз дуарыл бахызти, æвдæм дуар куы бакодта, уæд кард
йæ фындз феуæгъд кодта, æфсæн цæджындзыл сæмбæлди æмæ йæ сæнчы
хуызæн ахауын ласта. Сæууай карды фистоныл фæхæцыд æмæ йæм дзуры:
— Арт мауал уадз, мæнæ мæ астæу — дæ бынат!
Æрдынмæ бавнæлдта, æмæ æрдын æртæ æхсты фæкодта уæларвмæ, йæхи
рацæйтыдта æфсæн цæджындзæй.
Сæууай йæм фæцарæхст æмæ йæ йе 'фцæджы афтыдта æмæ æд гæрзтæ
рацыди фæстæмæ.
Бæх ахæм бæх уыд, æмæ-иу дон нæ банозта бирæ æзты дæргъы,
цалынмæ-иу æй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн цы афон фæкæнынц,
уыцы афон Нарты Дзыхыдонмæ балас-тæуыдаид, уæдмæ.
Уыцы афон та-иу Сатана цыдис авд æттæгуæлæйы сæрмæ куывды,
уырдыгæй-иу касти, зæххыл æмæ уæларв амондæй æмæ æнамондæй цы ис,
уыдон базоныны тыххæй.
Иухатт куы уыди, уæд федта Къандзы бæхы Нарты Дзыхы-донмæ
баласгæ. Сатана бæхы дон нуазгæ федта æмæ базыдта, Къандзы бæх кæй
у, уый,— бæхæн йæ ныхыл уыдис Бонвæрнон стъалы. Æрцыдис æмæ
Уырызмæгæн радзырдта:
— Нæ цин хуымæтæджы фæцис, дугъы уацайраг лæппу мах нал
фæуыдзæнис: Дзыхы-доны дон нуазгæ федтон Къандзы бæхы, фæлæ йæ
донмæ чи раласта, уый нæ рабæрæг кодтон.
Уырызмæг Сатанайы бафхæрдта, Къандзæй мыккаг куы нæуал ис, уæд
ын йæ бæх донмæ чи раластаид, зæгъгæ.
Сатана та дыккаг уыцы афон дæр ацыдис æмæ йæ каст Дзыхы-донмæ
скодта, æндæр ранмæ нал касти. Сæууай та йæ бæх дон нуазынмæ
раласта. Сатана йæм кæсы,— бæхы ноджы бæлвырддæр базыдта, фæлæ йæ
чи раласта, уый не сбæлвырд и: Сæууай бæхы ныхы стъалыйæ дзæбæх нæ
зындис.
Сатана сæхимæ бацыдис æмæ та йæ мой Уырызмæгæн загъта:
— Нæ цин хуымæтæджы у, уацайраг лæппу мах нæ фæуыдзæн: Къандзы
бæхы абон дыккаг хатт Дзыхы-доны дон нуазгæ федтон, фæлæ та йæ
ласæг чи уыдис, уый нæ раиртæстон.
Уырызмæг та фæмæсты ис æмæ Сатанайы тынгдæр бафхæрдта, гæды
ныхæстæ мын ма кæ, зæгъгæ.
Æртыккаг уыцы афон дæр та Сатана авд æттæгуæлæйы сæрмæ ссыдис
æмæ та Дзыхы-донмæ йæ каст скодта. Кæсы та, æмæ бæх Къандзы бæх
кæй у, уый тынг бæлвырд раиртæста, фæлæ та уæддæр йæ ласæг бæрæг
нæу — дзылары бос зындис, фæлæ дзыларыл чи хæцыдис, уый бæрæг нæ
уыдис. Сатана та йæ мой Уырызмæгæн радзырдта, бæх бæлвырд Къандзы
бæх кæй у, фæлæ та барæг кæй не сбæрæг ис, уый. Уырызмæг та
Сатанайы ноджы тынгдæр бафхæрдта, цæмæн мын гæды ныхæстæ кæныс,
зæгъгæ, афтæ-уфтæ фæуинаг!
Уæд Сатана Уырызмæгæн радзырдта йæ фын:
— Цыма ды Хъазæн фæзы фыццаджы хайыл быцæу кодтай, фыццаджы
хай никæмæн лæвæрдтай; цыма Уаскъуыппы бæрзондыл сау сынт бадтис,
йæхи рауагъта æмæ дыл, цыма, йæхи скъуырдта æмæ дын дæ фæрсчытæй
фараст басаста. Æз дæ, цыма, мæ зæлдаг кæлмæрзæны 'рбатыхтон,
æрбахастон дæ ме 'ккойы, пылыстæг сынтæджы дæ æрæвæрдтон, æмæ уым
тарф рынчынæй хуыссыдтæ; æз дæ уæлхъус лæууыдтæн; хист дæр, цыма,
нал бахордтай, дугъы та дæ дыккаг хай — уацайраг чызг дæр нæ
фæцис. Ныр, нæ лæг, мæ ныхæстæ дæ зæрдыл дар, ма дæ ферох уæнт!
Дугъы бæхтæ Ахъ-денджыз æмæ Хъара-денджызы астæу иу аз сæ
фæллад уадзынц.
Сæууай йæ бæх сифтыгъта, йæ фыды гæрзтæ бабаста æмæ йæ фыд
Къандзмæ дзуры:
— Балцы цæугæйæ-иу куыд рараст дæ нæ хæдзарæй?
Къандз ын загъта:
— Æз-иу балцы цæугæйæ ахызтæн мæнæ нæ сæйраг рудзынгыл.
Лæппу бæх ныкъæрццытæ кодта æмæ сæйраг рудзынгæй бындзау
атахтис. Араст ис Хъара-денджыз æмæ Ахъ-денджызы астæу сакъадахмæ,
дугъæттæм. Быдырты æмæ хъæдты сагтæ æмæ сæгуыттæ маргæ рафардæг
ис, сæ цæрмттæй сын хуыйæндæгтæ уагъта, афтæмæй.
Дугъы рауайæн æхсæв дугъæтты фынæйæ баййæфта Сæууай æмæ сын сæ
идæттæ æмæ сæ сæргъты дзауматæ фæхуыдта, йæхæдæг дарддæр рацыди,
йе 'фтаугæ йæ быны бакодта, саргъ — йæ нывæрзæн, йæ андиаг нымæт
йæ уæлæ æркодта, афтæмæй æрхуыссыди æмæ бафынæй ис. Бæхы йæхи бар
ауагъта, æмæ бæх денджызы йæхи цынадта.
Дугъæттæ араст сты æмæ, гъа ныр Нарты фæзмæ бахæццæ уыдзысты,
зæгъгæ, афтæ Сæууаймæ йæ бæх бацыдис, райхъал æй кодта æмæ йын
дзуры:
— Сыст æмæ цом,— абон дугъæттæн сæ бахæццæйы бон у, æмæ махæн
дæр цæуын афон у.
Бæх уыдис ног над, сыгъдæг, айкæвдылды хуызæн. Сæууай бæхыл
саргъ баппæрста, абадт ыл æмæ араст ис Нарты фæзмæ.
Нарты фæсивæд авд æттæгуæлæйы сæрæй кастысты дугъæттæм, кæй
бæх æрбаразæй кæны, уый базоныны тыххæй. Кæсынц, æмæ Уырызмæг æмæ
Хæмыцы бæхтæ, галтæ ифтыгъдæй куыд уой, афтæ, фæрсæй-фæрстæм разæй
æрызгъорынц; сæ фæстæ та, æртыккаг, уыдис Сосланы бæх, æппæты
фæсте баззад Сырдоны бæх, æмæ йæ Нарты фæсивæд мæстæй марын
байдыдтой: «Дæ бæх та уæртæ уæргътæ æрбахæссы, гæды Сырдон!»
Уалынмæ, дын, кæсынц, æмæ Къандзы зыгъар бæх æрбаразæй кæны,
зынын байдыдта дзæбæх, фæлæ йæ уæлæ чи бады, уый нæ иртасынц,—
саргъы гоппæй уæлæмæ дæр нæ зыны.
Æмæ сын Сырдон зæгъы:
— Мæ бæх æппæты фæсте, уаргъдзау у, фæлæ уын æз, диссаг цы у,
уый радзурон: иу зыгъар бæх уын уæ бæхты рахиз хъустæ тоны æмæ сæ
галиуырдæм калы; æппæты фæсте ис мæ бæх æмæ æппæты разæй уый хъус
атыдта, стæй кæй куыд æййæфта, афтæ сæ тонгæ цыдис. Æмæ ныр, Нарты
хъал фæсивæд, сымах дæр, мæнæй уæлдай, фыццаджы хайæ ницы
фендзыстут.
Сослан нал фæлæууыдис, сгæпп кодта мæсыджы цъуппмæ,
къухаууонæй акаст; куыддæр йæ бæхы ауыдта, йæ бæхы хъусы атынд дæр
уæд æрцыдис; стæй та федта Хæмыцы бæхы хъусы атынд, стæй та
Уырызмæджы бæхы хъусы атынд.
Уалынмæ дугъæттæ æрбахæццæ сты.
Сæууай тырысайыл йæхи уарийау ныццавта æмæ йæ раскъæфта æмæ
Бурæфæрныгмæ дзуры:
— Рахæсс мын ныр мæ фыццаджы хай!
Уырызмæг мæстæйдзагæй Бурæфæрныгæн зæгъы:
— Ма радт ацы хæрæджы къæлæуæн фыццаджы хай, ныр ма йæ хъуымыз
йæ донгомтæй куы кæлы!
æууай Уырызмæгæн зæгъы:
— Барын дын, хистæр кæй дæ, уымæ гæсгæ, фæлæ мын мæ фыццаджы
хай дзырддаг ма кæн!
Уырызмæг æм лæдзæгæй бавзыста. Сæууай йын нал багæдзæ кодта,
бæхыл абадтис, сынты тахт акодта, Уас-къуыппы бæрзондыл алæууыдис,
уарийау йæхи рауагъта Уырызмæгмæ, скъуырдта йæ æмæ йын йæ
фæрсчытæй фараст басаста. Сатана Уырызмæгмæ æрбауадис, йæ фæрстæ
йын зæлдаг кæлмæрзæнæй бабаста, хæдзармæ йæ бахаста æмæ йæ
пылыстæг сынтæгыл æрæвæрдта æмæ йæм уым зылдис.
Адæм хæрнæг хæрыныл куы сбадтысты, уæд Сæууай бацыдис æмæ
Бурæфæрныгæн загъта:
— Мæ уацайраг лæппу æмæ Уырызмæджы хай — уацайраг чызджы —
ардæм, мæнмæ æрбакæн.
Бурæфæрныг зæгъын ницыуал суæндыд æмæ, Сæууай куыд загъта,
афтæ бакодта — уацайраг лæппу æмæ йæм уацайраг чызджы æрбакодта.
Сæууай сæ йæ фæсарц авæрдта, йæ фыдмæ сæ 'рбахаста æмæ йын зæгъы:
— Мæнæ дын мæ фыццаджы хай — лæппу-уацайраг, мæнæ дын уый та
мæ тыхæй байст, дыккаджы хай, чызг-уацайраг.
Къандз йæ фырт Сæууайæн зæгъы:
— Бæздзынæ мын абонæй фæстæмæ фыртæн, æмæ дæ адæм хондзысты
Къандзы фырт Сæууай.
Ацы хъуыддагыл рацыдис бирæ афонтæ. Иу бон Сæууай йæ фыдмæ
бацыдис æмæ йын загъта:
— Æз балцы цæуын.
— Цæугæ, мæ чысыл Сæууай, фæлæ уал дæхи гыццыл барæвдыдтаис,
гъе уæд хуыздæр уыдаид дæ балцы ацыд, кæннод, Къандзы цотæй дæ,
уый Уырызмæгтæ куы базоной, уæд дæ цæрын нæ ныууадздзысты,— дæ дæс
æфсымæры дын куыд байсæфтой, афтæ дæ байсафдзысты, æмæ та уæд æз
дзæгъæлæй зайын.
— Ма тæрс, мæ зæронд фыд, æз дын мæхи бæсты уадзын лæппу æмæ
чызг, æмæ уал дæ уыдон ирхæфсдзысты; мæныл та Уырызмæгтæ нæ дæр
хиндзинадæй, нæ дæр зондæй, нæ дæр тыхæй фæуæлахиз уыдзысты, уымæй
дæ ныфсуæд мæнæй!
Сæууай йæ бæхыл сбадтис æмæ араст ис. Иæ фыд ын фæндараст
загъта. Ссыди Сæууай Нарты Хъазæн фæзмæ æмæ бахъæр кодта
Уырызмæгмæ:
— Цом, Уырызмæг, хæтæны!
Йæ хъæрæй Уырызмæджы хæдзары цары сæгтæ æрызгъæлдысты. Дыккаг
хъæр та бакодта, дыккаг хъæрæн æркалдысты уæлæндгуытæ, уæддæр
Уырызмæг æттæмæ нæ ракастис. Æртыккаг хъæр бакодта, æмæ æртыккаг
хъæрæй хæдзары уæладзæнтæ 'рсастысты.
Æмæ уæд Сатана Уырызмæгмæ дзуры:
— Ды уал ам бад, æз æм акæсдзынæн.
Сатана рауад æмæ Хъазæн фæзмæ лæппумæ дзуры:
— Райсоммæ йæм фæлæу — ацæттæ йæ кæнон.
Сæууай Хъазæн фæзы, йе 'фтаугæ йæ быны, саргъ йæ нывæрзæн, йæ
андиаг нымæт йæ уæлæ, афтæмæй æрхуыссыди.
Сатана бацыдис æмæ зæгъы Уырызмæгæн:
— Фыдбылызы лæппу дыл бафтыдис, æмæ дын æнæ цæугæ нæй, фæлæ
дæхи цæттæ дар, дæхицæн кæстæриуæггæнджытæ акæн.
Уырызмæг Сатанамæ байхъуыста, йæхи ацæттæ кодта æмæ араст ис,
йæ ехс барæй байрох кодта сæхимæ, афтæмæй. Сослан æмæ Хæмыцы дæр
йемæ ракодта. Æрбацыд Хъазæн фæзмæ; кæсы, æмæ Сæууай хуыррыттæй
хуыссы, æмæ йæм фæдзырдта:
— Сыст, лæппу, уæлæмæ, æмæ цом!
Сæууай йæ бæхыл саргъ авæрдта, абадтис ыл, æмæ араст кодтой.
Бирæ куы фæцыдысты, уæд Уырызмæг зæгъы:
— Мæ ехс байрох ис нæхимæ, æмæ йæм фездæхон, сымах уал цæут,
æз дæр уæ феййафын.
Сæууай кæм ауагъта Уырызмæджы, сæ хистæры.
— Æз æм фездæхдзынæн æмæ уæ тагъд раййафдзынæн,— зæгъы Сæууай.
Йæхи ехс Уырызмæгæн радта, афтæмæй раскъæрдта Уырызмæджы
хæдзармæ. Æрхæццæ ис; йæ бæх Уырызмæджы бæхбæттæныл абаста,
уазæгдонмæ бацыдис æмæ уым бады. Сатана йæм йæ чызджы тас æмæ
хъуывгъанимæ рарвыста. Чызг Сæууайы къухтыл дон æркодта. Лæппу
йæхи æхсы. Йæхи æхсад куы фæци, уæд чызгмæ дзуры:
— Цы хорз чызг дæ, фæлæ æвгъуаг къуылыхæн.
Чызг йæ мадмæ кæугæ бацыдис æмæ йын зæгъы:
— Ныры онг мыл куы ничима схудтис, уæд мæ уыцы уазæг къуылых
цæмæн схуыдта?
Сатана чызджы басабыр кодта, йæ басмахъ ын раласта, еууы нæмыг
дзы ссардта æмæ хæцы йæ чызгмæ:
— Дæ басмахъы еууы нæмыг уыдис, уый нæ зыдтай, фæлæ йæ уазæг
базыдта; ацу, фынг ын ахæсс — ныр дæ къуылыхæй нал бафаудзæн.
Фынг йæ разы куы æрæвæрдта чызг, уæд та йæм Сæууай дзуры:
— Дзæбæх чызг дæ, æрмæст ма дæ рахиз фарс рæсыддæр куы нæ
уаид, уæд.
Чызг та йæ мад Сатанамæ бацыд æмæ йын зæгъы:
— Мæ рахиз фарс та мын рæсыд схуыдта уыцы уазæг. Сатана йæ
чызджы 'гънæджытæ фефтыдта æмæ дзы, судзины хуыды фæстæ цы чысыл
æндах аззайы, ахæм райста. Чызджы та бафхæрдта, дæхимæ зилын нæ
зоныс, зæгъгæ.
— Ацу, ныр ын йæ фынг рахæсс, æмæ ма дыл цы фау сæвæра, уый
мын-иу зæгъ,— дзуры Сатана йæ чызгмæ.
Чызг та Сæууаймæ куы бацыд фынг исынмæ, уæд та йæм Сæууай
дзуры:
— Гъагйтт, уæууæй, гъе, чызгай, цы рæсугъд æмæ цы уындджын дæ,
фæлæ дæ рахиз цæст цъынд у, æмæ æвгъау дæ сохъырæн.
Чызг фынг ахаста æмæ та кæугæйæ йæ мадæн рафæзмыдта уазæджы
ныхас.
Сатана йын загъта:
— Куыннæ дæ хона сохъыр?!— æмæ бакасти йæ чызджы цæстмæ æмæ
дзы цæстыхау райста æмæ та йæ чызгмæ хæцыдис, æппын чызгау дæхимæ
зилын нæ зоныс, зæгъгæ.
Сатана та чызгмæ радта Уырызмæджы ехс, чызг ехс рахаста æмæ йæ
Сæууаймæ балæвæрдта.
Сæууай чызгæн раарфæ кодта:
— Кæй дæ, уымæн хайыр у; уый фæстæ кæй уай, уымæн дæр-иу хайыр
фæу — ды дæ тынг хорз чызг, хуыздæр скæнæн кæмæн нæй, ахæм.
Уый адыл йæ бæхыл сбадти æмæ йе 'мбæлтты раййæфта, ехс
Уырызмæгмæ радта, йæхи ехс райста æмæ йе 'мбæлттæн зæгъы:
— Сымах уал сабыр цæут, æз ауайон разæй æмæ уын уе 'рцыдмæ
бынат æркæнон.
Ацыд; сагтæ 'мæ сæгуыттæ амардта, сæ цæрмттæй сын мусонг
ацарæзта, арт скодта, æмæ физонджытæ куыд æрцæттæ кодта, афтæ йе
'мбæлттæ дæр æрбахæццæ сты. Физонджытæй сæхи хорз федтой æмæ
æрхуыссыдысты, нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Сæууай, кæстæр куыд
уыди, уымæ гæсгæ, æхсæв бæхтæн гæс ныллæууыди. Райсомæй куы
сыстадысты, уæд Уырызмæгмæ дзуры:
— Гъе ныр нæ, кæм нæ батых кодтай, ахæм бæстæм фæкæн. Уырызмæг
ын зæгъы:
— Дыууæ фурды æхсæн уыдтæн мæ лæппуйы рæстæджы, мæ хъулон бæх
дзы байрагæй æрластон, æндæр мын æнæсаст бæстæ никуыуал баззадис.
— Уæдæ уал сымах ацы ран сырды фыдæй уæхи хорз уынут, æз уыцы
бæстæ бабæрæг кæнон,— зæгъгæ, зæгъы йе 'мбæлттæн Сæууай.
— Уыцы ранмæ зын цæуæн у — денджызтæй йæм фæндаг нæй, æмæ
фесæфдзынмæ,— дзуры йæм Уырызмæг.
Сæууай Уырызмæджы коммæ нæ бакастис; йæ бæхыл саргъ авæрдта
æмæ араст ис. Сур зæххыл куыд цыдис, афтæ доны дæр бауади. Уыцы
бæстæм бахызтис; кæсы, æмæ хъулон бæхты рæгъау хизы. Бацыди æмæ
рæгъауæй æртæаздзыд хъулон байраг æрцахста æмæ йæ раласта. Фæстæмæ
та баздæхти æмæ бæхты рæгъау ратардта. Фæдисы фæцагъта, йæхæдæг йе
'мбæлттæм æрбахæццæ ис æд рæгъау.
Сæ фæллад куы суагътой Нарт, уæд сæ рæгъау уарын фæнд скодтой.
Уырызмæг сæ хистæр куыд уыд, уымæ гæсгæ дзы куырдтой, цæмæй сын
ныллæууыдаид уарæг. Уырызмæг сын нæ бакуымдта. Бирæ радзур-бадзуры
фæстæ Сæууайæн йæхи скодта уарæг,— рæгъау ратæрын кæм базыдтай,
уым сæ уарын дæр базондзынæ, зæгъгæ.
Сæууай сразы ис рæгъау байуарыныл.
Хъулон байраг рахицæн кодта æмæ йæ хицæнæй бабаста, иннæты
фондз дихы акодта. Уырызмæг хъуыддаг нæма бамбæрста, æмæ йын уыдис
тынг хъыг. Сослан æмæ Хæмыцмæ дзуры:
— Ацы лæппуйы нын амарын хъæуы, кæвдæсарды хай кæнынмæ нын
хъавы.
Хæмыц æмæ Сослан сабыр кæнынц Уырызмæджы:
— Тагъд ма бакæнæм, бакæсæм уал, куыд уарынмæ сæ хъавы, уымæ.
Сæууай фондз хайæ иу дæдты Уырызмæгæн:
— Уый уал дын дæ хистæрæггаг.
Стæй та йын иннæ цыппар хайæ дæр иу хай радта:
— Уый та дын æмбалы хай.
Уый фæстæ хæйттæ айсыны бар радта Хæмыц æмæ Сосланæн. Æмæ
систой фæйнæ хайы уыдон дæр. Фæстæг хай,— йæхи хай,— дыууæ
'мхуызон дихы бакодта æмæ сæ радта Хæмыц æмæ Сосланæн. Хъулон
байраг та йæхицæн бахай кодта æмæ бамбарын кодта сусæгæй Сосланæн,
хъулон байраджы Сатанайæн мады бæхæн кæй дæдтдзæн, уый.
Сосланæн цы бамбарын хъуыдис, Сæууай йæхи Уырызмæджы сиахс
бакæнынмæ кæй хъавы, уый.
Раздæхтысты сæ балцæй æмæ Уырызмæджы хæдзармæ 'рбацыдысты.
Хъæубæсты 'мбырдæй баййæфтой. Хæмыц æмæ Сослан куы радзырдтой
Сæууайы хъару æмæ миниуджытæ, уæд ма хъæубæстæ æндæр цæуыл дис
кодтой! Сослан Сатанайы хъусы дзуры:
— Нæ хойы нын Уастырджи æмæ æндæр зæдтæ куырдтой, фæлæ чызг
никæмæн бакуымдта; ныр æй ацы лæппу куры, æмæ йын æй æнæ радтгæ
нæй.
Сатана 'мæ йæ чызг дæр загътой, кæд ахæм гуырд у, уæд мах разы
стæм, зæгъгæ.
Уырызмæг куывд скодта йæ уазæг Сæууайы тыххæй; бирæ адæм
æрхуыдта куывдмæ; адæм дæр бамбæрстой уайтагъд, куывд цæй фæдыл у,
уый. Сæууаймæ нуазæн радтой Уацамонгæйы, æмæ йæ анозта. Æртæ боны
фæбадтысты Нарт куывды. Куывд куы райхæлди, уæд Сæууай йæ хæдзармæ
цæуын фæнд скодта.
Раарфæ кодта йæ фысымтæн Сæууай æмæ сын зæгъы:
— Абоны бонæй афæдзы дæргъы иу бон фæзындзынæн,— æмæ араст ис
сæхимæ.
Уырызмæг Сæууаимæ каис бакæндыл цин куыннæ кодтаид! Фæлæ йын
йе 'рцæуыны бон бæлвырд кæй нæ зыдта, ууыл хъынцъым кодта.
Тохъылтæиу фæхаста æмæ-иу сæ аргæвста, æмæ та-иу сæ адæм
бахордтой.
Уæд иу бон Нарты Бурæфæрныг кодта æртæ абоны куывд. Нарт
уырдæм хуынд уыдысты, зæрондæй, лæппуйæ.
Сæууай афæдзмæ куыннæ сырæзыдаид! Хъуын ыл рахæцыди. Афæдзмæ
ма æртæ боны куы хъуыди, уæд йæ фыдæй бар ракуырдта æмæ загъта:
— Æз цæуын балцы.
Йæ мад æмæ йæ фыд нæма зыдтой, Уырызмæджимæ каис бакодта сæ
фырт, уый.
Сæууай араст ис Уырызмæджы хæдзармæ. Йæ бæх Уырызмæджы
бæхбæттæныл бабаста, йæхæдæг уазæгдонмæ бацыдис æмæ уым бады.
Хæдзары Сатана æмæ йæ чызджы йеттæмæ ничи уыди — Бурæфæрныджы
куывды уыдысты лæгтæ. Сæууай къулæй Сосланы дыууадæстæнон фæндыр
райста æмæ дзы цæгъды, йæхæдæг фæндыримæ зары: «Цæй бын баистут,
Нарт,— уазæгмæ уæ фæкæсæг куы нæуал ис!» Сатана рарвыста
уазæгдонмæ: «Базонут-ма, уыцы уазæг чи у!» Бацыдысты, бакастысты
уазæгдонмæ æмæ Сатанайæн загътой:
— Дæлæ дзы иу пыхцыл æмæ хъуынджынрихи лæг бады æмæ фæндырæй
цæгъды.
Сатана йын сыгъзæрин фынг арвыста, уазал ницыгомау
хæринæгтимæ. Сæууай уазал хæринаг куы федта, уæд ын хъыг уыдис,
хъæддзау мийаг куы нæ дæн, зæгъгæ. Фынг йæ къахæй скъуырдта, æмæ
уынджы сæмбæлдис цыппар дихы фæцис. Фынджы сæстытæ æрæмбырд
кодтой, Сатанамæ сæ бахастой æмæ йын хъуыддаг радзырдтой.
Сатанайæн тынг хъыг уыдис, æмæ уацайраг гуымирымæ бадзырдта:
— Ацу æмæ уыцы уазæджы ныммур кæн,— куыд бауæндыдис уый, нырмæ
махæн ахæм ми куы ничима бакодта!
Гуымиры йæм ацыдис. Кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Сæууай йæ къулыл
ныццавта, æмæ гуымиры лыстæг пырх ныццис. Сатана уый куы базыдта,
уæд куывдмæ фæфæдис кæнын кодта, ахæм æвзæр хъуыддаг ис, æмæ тагъд
фæзынут, зæгъгæ. Куывдæй рацæйхæлæф кодтой, фæлæ сæ Уырызмæг нæ
бауагъта. «Раздæр уал базонут, цавæр у, уый,— уазæгмæ куы 'нхъæлмæ
кæсæм, чи зоны, уый у».
Нарты 'взаргæ фæсивæд, Сослан сæ разæй, афтæмæй рацыдысты æмæ
æрæййæфтой Сæууайы уазæгдоны, дыууа-дæстæнон фæндырæй хъарæджы
цагъд гæнгæ:
— Гъæ, фесæфат, Уырызмæджы хæдзарвæндаг, сæ уазæг чи у, уый чи
нæ зоны æмæ уазæгæн хъæддзауы фынг чи 'рвиты.
Сæууай куыддæр Сосланы ауыдта, афтæ фæндыр къулыл ацауыгъта
æмæ фæсдуар сиахсы лæуд акодта. Сослан æй уайтагъд базыдта æмæ йын
«æгас цу, не сиахс», зæгъгæ, загъта. Хъуыддаг Сатанамæ куы
сыхъуыстис, уæд йæ чызджимæ хорзау нал фесты — мæнæ ныл цы
æмбисонд æрцыдис, зæгъгæ. Сослан сæ басабыр кодта. Адæм сæ куывд
Уырызмæджы хæдзармæ раивтой æмæ ирæдыл æртæрхон кодтой: иу сæдæ
бæхтæ; бæхтæй алкæмæн дæр цы хъæуы дзаумайæ — нымæтæй, басылыхъæй,
гæрзтæй,— уый; алы сырды мыккагæй фæйнæ сæдæйы.
Æмæ Сæууайæн загътой:
— Ныр ацу, ирæд бафидын кæд дæ бон бауа, уæд дæ хъуыддаг кæн
æмæ дæ усы ахæсс.
Сæууай ирæдыл сразы ис.
Хæрзбон сын загъта Сæууай Нартæн æмæ рацыди. Ирæд цы хъуыдис,
уыдон уайтагъд Уырызмæджы кæрты 'рбалæууын кодта æмæ зæгъы:
— Æз уæм чындзхæсджытимæ фæзындзынæн, фæлæ ма мæм ахæм цæстæй
куы ракæсат, уæд уын нæ ныббардзынæн.
Сæууай сæ хæдзармæ ацыди æмæ йæ фыдмæ баминæвар кодта:
— Æз каис бакодтон æнæ дæу бафæрсгæ нæ тудæджынтимæ æмæ ирæдыл
сразы дæн. Ныр гæнæн нал ис, æмæ чындзхæсджытæ кæнын хъæуы.
Йæ фыд ын йæхи хуызæн адæм бацамыдта чындзхæсджытæн —
Хурыскæсæн æмæ Хурныгуылæны дауджыты, хистæрæн та сын Æфсати.
Сæууай сыл азылд æмæ сын фехъусын кодта, йæхи сын не схъæр кодта,
фæлæ сын загъта,— Саумæраты Къандз ахæм æмæ ахæм бон йæ фыртæн ус
хæссы æмæ уæ чындзхæссæг хоны, зæгъгæ; фæлæ йæ уыдон сæхуыдтæг
базыдтой Къандзы бæхæй, уымæн æмæ Къандзы бæхыл Къандзæн йæхи фырт
йеттæмæ æндæр лæгæн сбадæн нæ уыди. Сæууай йе 'зæр бахаста
Æфсатимæ. Æфсати Къандзы бæхыл барæг куы ауыдта, уæд ныддис кодта—
уый ме 'рдхорд æфсымæр Къандзы бæхыл чи бады, зæгъгæ. Куы базыдта,
Къандзы фырт у, уый, уæд тынг фæцин кодта лæппуйыл. Сæууай
Æфсатимæ баминæвар кодта, Къандз дæ чындзхæссæг хоны æмæ ма
фæзивæг кæн, зæгъгæ. Куыд нæ ацыдаид Æфсати йæ уарзон æрдхорды
фыртæн чындзхæссæг! Араст сты; Æфсатийы чызджы дæр семæ акодтой.
Иннæ чындзхæсджыты Уырызмæджы хæдзары 'мбырдæй æрыййæфтой.
Уырызмæг æмæ иннæ Нарт Æфсатийы куы федтой, уæд базыдтой, се
сиахс Къандзы фырт кæй у, уый, уымæн æмæ зыдтой, Æфсати æмæ Къандз
рагæй æрдхæрдтæ кæй сты.
Уырызмæг æмæ Къандз тудæджынтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ Сæууай
зæгъы:
— Фынджы рагъыл туджы фидыд æрцæуæд, абонæй фæстæмæ хæлары
цардæй куыд цæрæм!
Æмæ фидыд æрцыди, уæдæ цы уыдаид.
Æфсати уадындзæй ныууасыдис, æмæ Уырызмæджы кæрт алы сырдæй
байдзаг ис,— лæвар йе 'рдхорд Къандзы тыххæй.
Хорз фæминас кодтой иу къорд боны, стæй уæд сæ чындзы —
Сатанайы буц чызджы — рахастой Къандзы хæдзармæ.
Сатанайы чызг Сæууайы зæронд мад æмæ фыды Ноггæнæн суадоны
цынадта, æмæ сног сты. Хорз куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ фæкодтой,
адæм сыл фæцин кодтой, æмæ Сæууай Сатанайы чызджимæ амондджын ус
æмæ лæгæй фæцардысты сæ зæронды бонмæ.
Категория: ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 3089 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]