Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 5
Гостей: 3
Пользователей: 2
Bogdanyfa , Bogdaniyu

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » АЦÆМÆЗ

АЦÆМÆЗ ÆМÆ АГУНДÆ-РÆСУГЬД

Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ
уарыныл ныллæууыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ-иу ныббыцæутæ
сты.
Нарты хорз лæгтæ сын уыдысты уарæг æмæ сын ницы фæрæзтой сæ
хъуыддаг алыг кæнынæн. Авд Ныхасмæ рахастой хъуыддаг, авд Ныхасы
йыл фæтæрхон кодтой, уæддæр ницæуыл ахицæн сты. Нарты хистæр —
зæронд чъиуцæст Мæгуырæг — фæстагмæ сæ уарæг уыдис æмæ стæрхон
кодта: фос — хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та —
кæстæрæн.
Хъуыддаг ууыл алыг ис. Хистæртæ тынг разыйæ баззадысты. Ацæмæз
дæр райста уадындз.
Æнусон сыгъзæрин уадындз Ацæйæн радта Æфсати. Æфсати Ацæйæн йе
'рдхорд уыдис æмæ йæм уыди уазæгуаты, Ныккола æмæ Уастырджиимæ.
Æфсати бирæ лæвæрттæ кодта йе 'рдхорд Ацæйæн, фæлæ Ацæ ницы
бакуымдта, æнусон уадындзæй уæлдай.
Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ. Куы рацæйцыди, уæд афтæ
фидыдта, æмæ Ныхасы адæм дзырдтой:
— Уæлæ фæсрагъæй Бонвæрнон скасти!
Уæд сæ иу загъта:
— Уый Бонвæрнон нæу, фæлæ Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз у.
Уæд та Ныхасы лæгтæй иутæ загътой:
— Уæлæ хурыскæсæны 'рдыгæй Кæрдæджы стъалы скасти!
Æмæ та уæд иннæтæ загътой:
— Уый Кæрдæджы стъалы нæу, фæлæ Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз Сау
хохы сæрмæ йæ уадындзимæ Сайнæг-æлдары чызгмæ рацæуы.
Сау хохы сæр цардис Сайнæг-æлдар. Уыдис ын æвирхъау рæсугъд
чызг; чызгæн йæ ном «хуынди Агуындæ. Сайнæг-æлдарæн уыцы иунæг
чызгæй фæстæмæ цот нæ уыдис, æмæ æнæкæрон бирæ уарзта Сайнæг-æлдар
йæ иунæг чызджы.
Агуындæ-рæсугъдæн йæ цыллæ хъуымбыл дзыкку хæццæ кодта раст йæ
фадхъултæм. Нарæгастæу æмæ гуырвидауц. Йæ сау цæстыты каст уыдис
фæскъæвда хур бон; йæ ми кæнынмæ бавнæлд — цæрдæг, раст бирæгъы
фæлæбурдау; денджызы хъазау, уæдæ цы загъдæуа,— йæ рацыд. Райсом
раджы-иу тасгæ-уасгæ куы рацæйцыдис дон хæссынмæ, уæд-иу, цыма,
мæй йæ гогонæй касти, сæнтхур та — йæ цæсгомæй.
Нарты сагсур фæсивæдæн-иу сæ бæхты фынк калдис Агуындæ-
рæсугъды цæстмæ хъазынæй, фæлæ сæм уæддæр Агуындæ-рæсугъд иу хатт
дæр нæ ракаст Сау хохы айнæджы сæрæй.
Нарты хистæртæн сæ галдзарм уæфстæ баихсыдысты Сау хохы сæрмæ
Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъдмæ минæвар цæуынæй. Нартмæ ахæм
фæсивæд нал баззад, Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы тыххæй чи нæ сминæвар
кодта, фæлæ дзы Агуындæ-рæсугъд иуæн дæр нæ бакуымдта.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз рахаста йæ фыды хæзна, æнусон
сыгъзæрин сауæфтыд уадындз. Схызти Сау хохмæ. Бæрзонддæр къæдзæхыл
æрбадти æмæ зарынтæ байдыдта уадындзæй.
Ацæмæзы зардмæ сæрджын сагтæ уæд галхъæлæсæй уасын байдайынц,
сæ сыкъатæ бæрзонд сисынц æмæ лыстæг расирынц. Сау хъæды сычъитæ
чъыллипп кафт кæныныл схæцыдысты. Сау хохы сау нæлсæгътæ
æрызгъордтой сау айнæгæй æмæ диссаджы хъæзтытæ æмæ кæфтытæ систой,
уырынгсыкъа галдзæбидыртимæ рог симд кæнын байдыдтой. Хъуазтæ æмæ,
дын, сæгуыттæ Туацъæйы былмæ куы разгъорынц, уым куы амбырд
вæййынц, сыкъайæ хъазын куы сисынц. Тæрхъустæ æмæ рувæстæ сæхи куы
нæуал бауромынц æмæ куы радугъ кæнынц фæтæн быдырты; Æфсатийы фос
дзугтæ-дзугтæй айнæджы бынмæ æмбырд кæнын куы байдайынц. Фæлвæрайы
фос дзугтæ-дзугтæй фæтæн быдырты куы рацæйцæуынц.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз та ноджы зæрдиагдæрæй куы ныззары;
хъуырхъуыр гæнгæ райхъал сты уæд хуссары æрсытæ, сæ хъарм
хуыссæнтæ ныууагътой æмæ уæззаугомау лæпплæпп симд самадтой сау
хъæды астæу.
Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц.
Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуывгуыв гæнгæ ратæх-
батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ сæ уасынæй сау хъæд сæ
сæрыл сисынц æмæ Нæртон Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын
куы байдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахъытæ æмæ сау совахъыты
кафтмæ дуне куы 'ркæсы.
Мигъы цъуппытæ кæрæдзийы фæстæ уæд куы рарæнхъ вæййынц сау
хъæды рæбынты, зæххыл сæ хъарм цæсты сыг згъалгæ; арвы нæрын дæр
уæд куы фехъуысы, æмæ кæрдæджы хал цин гæнгæ йæхи уарынмæ уæд куы
бацæгъды.
Ацæмæз дæр та ноджы йæ арæхст къух куы бацаразы æмæ рæсугъддæр
йæ уадындзæй куы базары: сау хъæд тъыфылтæй хæрдмæ хауын уæд куы
байдайы, гæмæх æрдузтæ æмæ гæмæх къуылдымтæ, кæрдæджы хал кæм нæ
зади, уыдон цъæх зæлдаг уадзын уæд куы байдыдтой.
Ацæмæзы уадындзы зардмæ хæхтæ хъырнын райдыдтой, уый фæстæ та,
дын, куы скафиккой Сау хох æмæ Урс хох, æмæ Сау хох лæбырдтытæ
фæци, Урс хох урс змис фестади.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз ноджы рæсугъддæр базары, æмæ æнæхъæн
дунетæ æрыхъал вæййынц: æнусон цъититæ тайын куы байдайынц; уынгæг
кæмтты хæххон уайаг дæттæ хæлхæл гæнгæ уæрæх быдыртæм згъорынтæ
куы сисынц.
Уалдзыгон хур йæ рæсугъд цæстæй æгас дунемæ хъæлдзæгæй уæд куы
ракæсы; сыгъдæг уæлдæфмæ алы адæймаг дæр йæ уæнгтæ уæд айвазы. Æмæ
йæ фæтæн риуы дзаг уæд куы сулæфы.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз йæ уадындз аст æвзагæй сифтын-дзы æмæ
ноджы рæсугъддæр ныззары, æмæ Сау хохы айнæг уæд дуары йас куы
фегом вæййы: Агуындæ-рæсугъд Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзы зарджытæм
куы нæуал фæлæууы, йæ куыст куы фæуадзы, айнæджы тигъæй куы
ракæсы.
Ацæмæз, дын, тынг фæдис кодта: «Ау, ай цы хъуыддаг уа: Сайнæг-
æлдары чызг Агуындæ-рæсугъды хур дæр куы никуыма федта, æдзух Сау
хохы мæсыджы æмбæхстæй куы бады, уæд ныр цæмæн ракасти айнæджы
былæй?!»
Ацæмæзæн уарзондзинад йæ уæнгты куы ахъары. Агуындæ-рæсугъд
дæр, лæппуйы ауынгæйæ, уарзондзинадæй куы базырзыр кæны æмæ, йæ
уарзондзинад æмбæхсгæйæ, айнæджы былæй Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзмæ
куы æрдзуры:
— Уæ, дзæбæх лæппу, Нарты кæстæр — Ацæйы фырт Ацæмæз! дæ
ныййарæджы фæндиаг дзæбæх куы фæцæрис, мæн та куы уаид дæ
сыгъзæрин æнусон уадындз.
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз æрбамæсты ис уыцы дзырдтæм, Сау
хохы тигъыл йæ сыгъзæрин уадындз ныццавта, æмæ уадындз лыстæг
муртæ баци. Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти, сæргуыбыр æмæ
уæнтæхъилæй, æмæ сæхимæ рараст ис.
Рæсугъд хъал чызг — Сайнæг-æлдары бындар Агуындæ-рæсугъд
æрхызти айнæгæй, æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ æмæ сæ бахаста
сæхимæ, нымæтын ехсæй сæ æрцавта, æмæ аныхæстысты,— цы уыди, уый
фестади сыгъзæрин уадындз. Агуындæ-рæсугъд æй сырх дариты батыхта
æмæ йæ йæ чындздзон æргъæу чырыны арф бафснайдта.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз æнкъардæй фæцæуы сæхимæ.
Уæд Ныккола æмæ Уастырджи бæхтыл æрцæйцыдысты, æмæ сæ бæхты
рухсæй цæстытæ тартæ кодтой. Сæ бæхтæ уыдысты æфсургъы мыккаг,
Лæгтыдзуары бæхрæгъауæй; сæ цæфхæдтæ — Куырдалæгоны сагъд, æмæ
схоны хуызæн цæхæртæ калдтой. Алырдæм фæлгæсгæ цæуынц, сæ разæй
уынынц тъæпæн быдыртæ, сæ галиу фарс — Бестауы бæрзонд.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзы ауыдтой фæндагыл æмæ йæм дзурынц:
— Дæ фæндаг раст уа, чысыл Ацæмæз!
— Уый дæ къæхтæ къуыргæ кæдæм фæцæуыс?
— Сæргуыбыр æмæ уæнтæхаудæй?
—Кæм ныууагътай дæ зынаргъ уадындз?
— Табу уæхицæн, нæ дауджытæ, фæлæ мын Сайнаг-æлдармæ йæ чызг
Агуындæ-рæсугъды тыххæй минæвар куы бацæуиккат, уæд нал цæуин
сæргуыбыр æмæ уæнтæхаудæй, уæд нал цæуин мæ къæхтæ къуыргæ.
Уастырджи æмæ Ныккола сразы сты минæвар бацæуыныл.
Бацыдысты Ныккола æмæ Уастырджи Сайнæг-æлдармæ æмæ йын
зæгъынц:
— Мах Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн минæвæрттæ стæм. Минæвар
лæгæн йæ хæс йе 'ккойы ис. Ацæйы фырты дын ничи рафаудзæн: йæ фыд
уыдис Нарты æхсæн нымад лæг; йæхæдæг та, уæдæ,— лæппуты хуыздæр,
йæ уадындзы зард зæрдæ æлхæны. Хæстæгæн дæр, уæдæ, цы загъдæуа,—
уыдзæн æфсымæры хуызæн, ныхыдзуарджын. Дæ хорзæх нæ куы уаид,
Сайнæг, уæд дæдтæг курæджы хъуыддаг сара.зид.
Сайнæг-æлдар бацыд йæ иунæг бындар Агуындæ-рæсугъдмæ. Агуындæ-
рæсугъд йæ фыдæн афтæ зæгъы:
— Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз кæд иу азы гуырд сагтæй сæдæ нæ
кæртмæ æртæра, уæд мын аккаг у!
Фыд йе 'рфгуытæ систа, æмæ йæ цæсгом фæрухс ис. Рафæзмыдта
минæвæрттæн чызджы дзуапп. Уастырджи æмæ Ныккола сæргуыбырæй
раздæхтысты фæстæмæ — кæм ссардзæн чысыл Ацæмæз иу азы гуырд
сагтæй сæдæ?!
Ацæмæз куы фехъуыста ныхас, уæд сæхимæ нал, фæлæ сау хъæдмæ йе
'ргом сарæзта. Тынг хъыг ын уыд Агуындæ-рæсугъды дзуапп, æмæ йæ
сæр сафынвæнд скодта.
Хæты сау хъæды æнкъардæй Ацæмæз æмæ хъуыды кæны: «ныр сæдæ
саджы сæ къæхтæй дæр æрцахсин, фæлæ иуазыккæттæ кæм ссарон». Йæ
къухы фыдтæ хæргæйæ йæ фыды хæзна — сыгъзæрин уадындз — æрæмысы.
Бирæ фæхаттис тар хъæды, фæлæ йæ къухы ницы æфтыди.
Ацæмæз æрæгмæ куы зындис, уæд Нарт тыхсын байдыдтой, сæ зæрдæ
йæм æхсайын байдыдта.
Иу бон куы уыдис, уæд Нарты сагсур фæсивæд рацыдысты сæ кæстæр
— Ацæмæзы агурæг. Иу ран, хъæды мидæг, стыр бæласы бын, æрфысым
кодтой, арт скодтой, æмæ физонджытæ куыд фыхтой, афтæ сыл Ацæмæз
дæр æрбамбæлдис. Нарты фæсивæд се 'фсымæры куы федтой, уæд тынг
куыннæ ныццин кодтаиккой! Бафарстой йæ, уый дæр сын йæ хъуыддаг
радзырдта. Стыр хъыг уыдис Нарты фæсивæдæн, Агуындæ-рæсугъд
Ацæмæзæн кæй нæ бакуымдта, уый, æмæ сфæнд кодтой Сайнæг-æлдары
фидармæ ныббырсын.
Комы куы рацæйцыдысты Нарты сагсур фæсивæд, уæд сыл Æфсати
амбæлди. Ацæмæзæн Æфсати уыдис йæ фыды æрдхорд, æмæ йæ куы федта,
уæд ыл тынг ныццин кодта. Ацæмæз Æфсатийæн радзырдта йæ хъуыддаг.
— Уый тыххæй тыхсгæ ма кæн, ме 'рдхорды бындар чысыл Ацæмæз,
уыдон самал кæндзыстæм,— загъта йын Æфсати.— Уæртæ Адайы коммæ
бацæут дæсæй, æмæ фæйнæ дæс саджы, иу азы гуырдтæ, бафтдзæни уæ
къухы.
Нарты фæсивæд Адайы коммæ бацыдысты æмæ фæйнæ дæс саджы, иу
азы гуырдтæ, æрцахстой сæ фæстаг къæхтæй æмæ сæ ратардтой сæ
разæй.
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз сæумæ райсом йæ бæх арыхъ
сапонæй ныхсадта. Хур куы скасти, уæд рараст сты Нарты сагсур
фæсивæд æмæ Нарты гуыппырсартæ Сау хохы Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы
хæссынмæ. Нарты фæйнæгфарс хорз Сослан, йæ нæртон æфсургъыл
бадгæйæ, цыдис Ацæмæзы рахиз фарс хистæрæн. Сæ чындзхæсджытыл сæ
фæндаг ракодтой: Æрджы-Нарæгмæ бацыдысты Тæтæртуппмæ, Куырыппы
бæрзондмæ ссыдысты Быдыры зæдмæ, Тыбауы хохмæ — рухс Елиамæ,
Уазайы бæрзондмæ — хорз Ныкколамæ, Адайы цъуппмæ — кадджын
Æфсатимæ, Хъæриуы хохмæ — фосы Фæлвæрамæ, уæларвæй та ракодтой
бæрзонд Уастырджийы.
Урссæр Тæтæртупп уыдис сæ хистæр æмæ цыдис разæй. Йæ галиу
фарс Ахсарджын Елиа цыдис, йæ рахиз фарс та цыдис зæронд Уырызмæг.
Уыдонæн сæ кæстæр уыдис Уастырджи, йæ цъæх бæхыл.
Иннæтæ та цыдысты сæ фæстæ къордæй. Хæхтæ рызтысты сæ бæхты
хуыррытæй. Цъæх мигъ сбадти сæ сæрмæ сæ бæхты комы тæфæй, бонрæфты
хур хъазы сæ идæттыл. Зæдтæ, дауджытæ æмæ Нарты æвзæрст адæм
байдыдтой сæ даргъ фæндагыл уынаффæтæ кæнын: «Къорд сайды нын
фæкодта зæронд Сайнæг-æлдар нæ усгур лæппуты, фæлæ ма ацы хатт дæр
куы нæ сразы уа, уæд нæ уынаффæ цæуыл ахицæн уыдзæн?»
Уæд бæрзонд Уастырджи чындзхæсджытæн афтæ куы зæгъы:
— Ацæйы фыртæн æз къухылхæцæг дæн, æмæ уæ курын, ме 'мхуызон
адæм, кæд нын Сайнæг-æлдар фæндонæй йæ чызджы радта, уæд хорз; куы
ныффæрсмæ уа, уæд йæхицæн фыддæр: ацы æмбырдæй зæронд хивæндæн йæ
рæсугъд чызджы рахæсдзыстæм тьгхæй.
— Сау хохы айнæг æгæр бæрзонд у, стæй æгæр фидар у; Агуындæ-
рæсугъд йæ фыдæн иунæг бындар у, æмæ зын раскъæфæн уыдзæн йæ фыды
цурæй,— зæгъы Тæтæртупп.
Мæнгæрдты сурæг æмæ Ахсарджын рухс Елиа, дын, афтæ бадзуры уæд
Тæтæртуппмæ:
— Нæ къорды хистæр, Хуыцауы уарзон! ды нын ракур Хуыцауæй
æврагъ, стæй уæд æз бавзардзынæн, Сау хохы айнæгæй ме 'хсарæй чи
фидардæр у, уый.
— Нæ рухс Елиа! Сау хох фехалын дæ быгъдуан уæд. Сайнæг-æлдары
чызг Агуындæ-рæсугъды раскъæфын та æз æмæ Уастырджийы бар фæуæд,—
зæгъы бæрзонд Ныккола.
Уыдонмæ хъусгæйæ кадджын Æфсати дæр æрбамæсты ис æмæ загъта:
— Лæгау фæуыдзынæн, уæдæ, æз дæр: мæ сырдтæй нæм авд сæрджын
саджы, æвзист уæрдоны ифтыгъдæй, æнхъæлмæ кæсдзысты Сау хохы
рæбын.
— Æз та уæ разæй цæудзынæн, фæндаг амонæг,— загъта Быдыры зæд.
— Æз та уын сцæттæ кæндзынæн, мæ фосæй уæ цас хъæуа, уый
бæрц,— зæгъы Фæлвæра.
— Æз Сайнæг-æлдарæн мæ фатæй йæ фæрстæ сыхырнайы хуызæн
скæндзынæн, нæ фæстæ фæдисы куы рацæуа, уæд,— загъта фæйнæгфарс
Сослан.
Афтæмæй чындзхæсджытæ, уынаффæ гæнгæ, Сау хохы размæ бахæстæг
сты. Се 'фсургътæй æрхызтысты фæндаггæрон, кæрдойы бын. Бæлæсты
аууон цъæх кæрдæгыл æрытыдтой сæ урс нымæттæ. Комы ирдгæ сын сæ
даргъ зачъетæ æрдугай рафæйлауы.
Æмæ арвыстой разæй Сайнæг-æлдармæ минæвæрттæ Уастырджи æмæ
Ныкколайы, иу азы гуырд сæдæ саджы сæ фыццаг, афтæмæй. Сайнæг-
æлдары дуармæ æрлæууыдысты дыууæ дуаджы— Уастырджи æмæ Ныккола; иу
азы гуырд сагтæ хъазгæ бацыдысты Сайнæг-æлдары кæртмæ. Сайнæг-
æлдары цырд кæстæртæ фæлæбурынц, хæлæфгæнæгау, уазджыты бæхты
идæттæм; уазджытæ 'рфистæг сты.
Сайнæг-æлдар ракасти мæстыйæ; сагты куы федта, уярд фенкъард
ис.
Рацыд уазджытæм æлхынцъæрфыгæй Сайнæг-æлдар — урс цыллæзачъе,
нарæгастæу æмæ фæтæнуæхСк. Рæсугъд хуыдæй йыл теуайы хъуынæй
цухъа, йæ галиу къухы та æвзист лæдзæг.
— Æгас нæм æрцæут, уазджытæ!
— Буц уæд дæ зæронд!— загътой уазджытæ æмæ йын æгъдау радтой,
куыд æмбæлд, афтæ. Æмæ сæ бахуыдта Сайнæг-æлдар уазæгдонмæ.
Уастырджи æмæ Ныкколайы уæле сбадын кодта пылыстæг
къæлæтджынтыл, æмæ йын радзырдтой сæ цыды хъуыддаг.
— О, сыгъдæг удтæ — мæ зынаргъ уазджытæ, æз ацы бон мæ
цæрæнбонты æхсæн уæлдай рухсдæрыл банымайдзынæн. Уæхи куыд фæнды,
афтæ бакæнут; сымах ныхæстыл зæгъинаг ницы дæн. фæлæ æркæсут, нæ
рухс дауджытæ, мæгуыр зæронд лæгмæ, мæгуыр фыдмæ. Фыццаджы хъару
ма кæм ис ныртæккæ?! Æрзылди мыл ныр мæ царды зымæг. Ме стæг
фæхырыз ис, фæчиудта мæ зонд. Фæхæстæгдæр дæн мæ ингæны былмæ.
Хъуынтъыз бон ма мын хуры цæсты бæсты вæййы,— табу уæхицæн,— мæ
иунæг чызджы ракаст. Мæ иунæг хъæбулы куыд æмбарын, афтæмæй йæ
зæронд фыды иунæгæй нæ ныууадздзæни; нырма æгæр æрыгон у лæгмæ
фæцæуынæн.
Минæвæрттæ Сайнæг-æлдары ныхасмæ ницы загътой; фæстæмæ
фездæхтысты æмæ уыцы хуызæнæй се 'мбæлттæм рараст сты.
Нарæгастæу, гуырвидауц Агуындæ-рæсугъд рацыдис æмæ йæ фыды
бафарста, минæвæрттæн цы дзуапп радта, уымæй.
Агуындæ-рæсугъд куы базыдта фыды дзуапп, уæд æрбамæсты ис, йæ
даргъ æрфгуытæ фелхынцъ кодта, дуар мæсты гуыпп ныккодта йæ
рæсугъд, пылыстæджы хуызæн, урс-урсид къухæй æмæ феттæдуар ис.
Бамбæрста, уæдæ цы уыдаид, фыд йæ чызджы зæрдæйы уаг. Бахудтис
æмæ афтæ зæгъы Агуындæйæн:
— О, мæ хивæнд иунæг бындар, куыд дæм кæсын, афтæмæй æнæкæрон
бирæ уарзыс сыгъзæрин уадындз æмæ рæсугъд цæгъдтытæ æмæ иуазыккон
сæрджын сагтæ, фæлæ уыдонæй тыхджындæр бауарзтай Ацæйы фырт чысыл
Ацæмæзы.
Æмæ рарвыста.Сайнæг-æлдар йæ уазджытæм, æмæ уыдон дæр
æрбацыдысты.
Зæронд Сайнæг-æлдар чындзхæсджытæн зæгъы:
— Уæ хатырæй мæ иунæг чызджы аккаг кæнын ме 'мсæр адæмæн —
Нартæн, Ацæйы фырт Ацæмæзæн.
Уазджыты бахуыдта хæдзармæ, ноджы алырдæм хонæг фервыста, æмæ
æрæмбырд ис бирæ адæм. Æмæ хынцын байдыдта Сайнæг-æлдар йæ
уазджыты иннабонæй-иннабонмæ. Æвзисткъах тымбыл фынгтæ æрæвæрдта
сæ разы дауджытæ æмæ Нарты адæмæн.
Хæрзарæхст цæрдæг кæстæртæ æртæ чъирийы æмæ æхсырфæмбæлттæ,
æфсæйнаг уæхстыл кондæй, æрбахастой. Бæгæны стыр дыхъусыг дурынты,
æлутон фыхæй, æрæвæрдтой фынгтыл, æрбахастой ронджы дурынтæ.
Урссæр Тæтæртупп сыстади, систа йæ худ æмæ ракуывта;
кувæггагæй ацахуыста Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз. Уый фæстæ райдыдтой
минас кæнын. Карз ронг æмæ æлутон фых сау бæгæны сæм — донæй
арæхдæр, сæ хæринаг та уымæй дыууæ хатты фылдæр. Сæ хъæлдзæг
зардæн кæрон нæ арынц. Сæ зæрдæ ноджы рæсугъддæр зарджытæ
æрцагуырдта.
— Йе, мæ ног сиахс, цæуылнæ цæгъдыс дæ сыгъзæрин рæсугъд
уадындзæй, хъал чызджы зæрдæ кæмæй басастай, Сау хохы тигъæй-иу
кæмæй цагътай, уыцы хæзнайæ?— дзуры Сайнæг-æлдар.
Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз Сайнæг-æлдармæ бадзырдта:
— Раджы фæцух и мæ лæппуйы зæрдæ мæ хæзнайы зардæй,— мæ
сыгъзæрин æнусон уадындз хохы тигъыл куы ныццавтон æмæ лыстæг пырх
куы ныцци!
Уæд Агуындæ-рæсугъд сыгъзæрин уадындз сырх дарийы тыхтæй
рахаста æмæ йæ Ацæмæзмæ балæвæрдта. Ацæмæзы цæсгом хурау ныррухс
ис, уадындз куы ауыдта, уæд; райста йæ æмæ райдыдта зарынтæ. Зард
кæмæ хъуысти дунейыл, уыдон кафын байдыдтой. Сæдæ иуазыккон саджы
сæ сытæ ныппака кодтой, афтæмæй кæрты самадтой кафт.
Уазджытæ бæзджын хъæлæсæй ныхъырнынц Ацæмæзы цагъдæн.
Нарты хорз лæгтæ хæрд æмæ нозт куы фесты, уæд тымбыл фынгыл,
бæгæныйы кæхцы былтыХ, систой нæртон кæфтытæ кæнын.
Иу абонæй иннæ абонмæ куы фæбадтысты, куы фæминас кодтой, куы
фæзарыдысты æмæ куы фæкафыдысты, уæд уазджытæ Сау хохы айнæгæй
рараст сты,— Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн Агуындæ-рæсугъды рахастой.
Агуындæйы чындздзон уæрдон уыдис æвзистæй, æмæ дзы ифтыгъд уыдис
авд сæрджын саджы — Æфсатийы лæвар.
Чындзхæсджытæн. сæ фæстæ авд уæрдоны дзаг чындзы дзаумæттæ
ласынц.
Агуындæйы къухылхæцæг уыд бæрзонд Уастырджи; дыккаг æмбалын —
Нарты Уырызмæг; сæ разæй цыдис бæрзонд Ныккола; тырысахæссæг та
сын уыдис Быдыры зæд. Цытдæын Елиа сæ размæ бæхыл æрхъазы; йæ ехсы
къæрцц вæййы арвы нæрынау, йæ арцы цæхæр та у арвæн йæ ферттывд,
йæ бæхы къахы фæд — æнæхъæн адаг, йæ бæхы фынк та — зымæгон
тымыгъ.
Агуындæ-рæсугъды зæрдæхъæлдзæгæй æрхастой æмæ йæ Нарты
Хæдзармæ бакодтой. Нæртон хорз æфсин Сатанамæ бакуывта Агуындæ-
рæсугъд; чындзхæсджытæ базарыдысты къæсæрæй:
Ой, нæ буц æфсин Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, дæумæ, дам, куы зарæм,
Ой, дæумæ, не 'фсин Сатана!
Ой, кæд сойджын у дæ къæбиц,
Ой, бæркадджын — дæ къухтæ!
Ой, рахæсс ма нын сау бæгæны,
Ой, сау бæгæны æмæ бур физонæг,
Ой, сау бæгæны сырсыр гæнгæ,
Ой, бур физонæг цæхцæх гæнгæ,
Ой, нæ буц æфсин Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, рахæсс ма нын уæлибыхтæ,
Ой, цæрвджын æмæ дзадæджынæй,
Ой, рахæсс ма нын ронджы дурын!
Ой, рахæсс ма нын, уæдæ, рахæсс,
Ой, дæ, цыхтытæн, сæ бинаг!
Ой, нæртон æфсин Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Стыр чындзæхсæв скодтой Нарт. Сæ уæлæ хистæрæн бадæг уыдис
урсзачъе Уырызмæг æмæ бакуывта:
«Уæ, Хуыцау, табу дæуæн! Хуыцауы раз Уастырджи рæстыл цæуæг у
æмæ нын нæ алы хъуыддаг рæстыл уадзæд!
Уæ, Хуыцау, нæ кæстæртæй цардфæлварæн чи кæны, уымæн радт
цард. Тыхфæлварæн ныл чи кæны, уымæн йæ гых асæтт! фæлæ
цардфæлварæн кæнут, иæ кæстæртæ!»
Æмæ Уырызмæг йæ куывд куы фæци, уæд Тæтæртупп базарыд:
Хорз хæдзар, хæдзар,
Астфисынон, цыппæркъуымон —
Ахæм, ахæм фидаргонд у.
Цæджындзтæ Донбеттыртæй суадзгæ,—
Ахæм хорз хæдзар у;
Аххæрджытæ Хъæздыг комæй æрласгæ,
Уæладзæнтæ Фарны комæй æрласгæ;
Уымæн йæ рæхыс уæларвæй æруадзгæ.
Нартæн хистæр Уырызмæг у,
Се 'фсин та Сатана у,
Уырдыглæууæг Сослан куы у.
Фæсивæд сты Нæртон фæсивæд,
Уæй, уастæн, бирæ фæцæрой,
Арсау дзæмбыджын уой,
Сау хъæды сагау сыкъаджын уой.
Каркау та бæдулджын уой
Æмæ хъæлдзæгæй фæцæрой,
О, нæ уарзон фæсивæд!
Категория: АЦÆМÆЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1809 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]