Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ЙÆ ФЫДЫ ТУГ КУЫД РАЙСТА

Ахсæртæггатæ Хæмыцы мард бавæрдтой.
Батрадз уым нæ уыд — кæдæмдæр та дард балцы фæцыди.
Ахсæртæггатæ бауынаффæ кодтой, цæмæй фехъусын кæной Батрадзæн,
дæ фыды дын чидæр амардта, зæгъгæ; фæлæ нæ зыдтой, кæм ис Батрадз,
уый. Уæд бавдæлдысты, æмæ Изæры Ирдгæйы Райсомы Ирдгæмæ арвыстой
æмæ йын бафæдзæхстой: «Арвæй, зæххæй — тагъд æрзил, ссар Хæмыцы
фырт Батрадзы æмæ йын зæгъ: дæ фыды дын чидæр амардта. Кæд бадгæ
кæна, тагъд сыстæд, кæд лæугæ кæна, мауал сбадæд».
Изæры Ирдгæ Ахсæртæггаты ныстуан Райсомы Ирдгæмæ фæхæццæ
кодта. Райсомы Ирдгæ æрзылди арвыл, зæххыл, фембæлди Батрадзыл æмæ
йын, Нарты 'гъдаумæ гæсгæ, тæфæрфæстæ ракодта, стæй йын загъта:
— Нарты гуыппырсартæ мæ сæудары хъæргæнæг рарвыстой дæумæ: де
'ндонрихи фыд Хæмыц кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд.
Йæ арцыл æрынцади Хæмыцы болат фырт æмæ ныккуыдта: «О, мæ
къона хæрз хæлд куыд фæкодта, о, мæ зынг куыд æрбахуыссыди!» Æмæ
йе 'ндон цæстытæй æркалдта уæззау зды цæсты сыгтæ. Кæуынæй йæ
зæрдæйы 'лхынц куы суагъта, уæд фæраст ис сæхимæ. Æрхæццæ ис, уæдæ
цы! Бацыд æмæ Сатанайы фæрсы:
— Мæ фыды мын чи амардта, Æна?
— Дæ фыд йæхи низæй куы амард, ме 'нæныййаргæ хъæбул. Уый йæ
Хуыцауы хæс бафыста, фæлæ мын æгайтма дæхæдæг сæрæгасæй дæ хæдзар
ссардтай.
Сатана зыдта, стыр фыдбылызтæ кæй скæндзæн Батрадз, уый, стæй
тарсти, йæхиуыл дæр исты куы 'рцæуа, уымæй, æмæ йын уый тыххæй йæ
фыды марджыты схъæр кæнын фæнд нæ кодта.
Батрадз бамбæрста Сатанайы хъуыддаг æмæ йæм дзуры:
— Æна, цæкуытæ хæрын мæм цæуы.
— Цæкуыты кой дæр мын кæныс, мæ хъæбул,—зæгъгæ, фæкодта Сатана
æмæ цин гæнгæ къæй уæларт бавæрдта æмæ цæкуытæ акодта. Æрыдзаг дзы
кодта иу къус æмæ йæ Батрадзмæ бадардта.
— Хъæдын къухæй мæ хъомыл кодтай, Æна?— зæгъгæ, дзуры Батрадз
Сатанамæ.
Сатана къусæй йæ армы дзаг тæвд цæкуытæ фелвæста æмæ сæ
Батрадзмæ куыд бадардта, афтæ йын Батрадз цæкуытимæ йæ къух
нылхъывта æмæ йæм дзуры:
— Тагъд, зæгъ мын, мæ фыды мын чи амардта, уый!
Гæнæн нал уыд Сатанайæн, æмæ загъта:
— Дæ фыдыл скодтой æмвæнд; йæ марæг у Сайнæг-æлдар; Сайнæг-
æлдарæн хæрзгæнæг уыд Борæты Бураефæрныг. Йæ дзауматæ йын
байуæрстой се 'хсæн: йæ кард ис Сайнæг-æлдармæ, йæ тинты кæрц —
Бурæфæрныгмæ, йе 'ртæ 'фсургъы та — Сосланмæ.
— Уæдæ æз цæуын мæ фыды туг исынмæ æмæ йæ дзауматæ æмбырд
кæнынмæ,— загъта Батрадз.
Хæмыцы бæх Дур-дурайыл саргъ бавæрдта, сбадтис ыл æмæ рараст
кодта.
Уæд æм Сатана фæсте дзуры:
— Фездæх-ма фæстæмæ!
Батрадз æрбаздæхти.
— Кæдæм цæуыс?— фæрсы йæ Сатаиа.
— Цæуын Сайнæг-æлдары марынмæ,— дзуапп ын радта Батрадз.
— Йе, мæ хур, лæппу! Сайнæг-æлдар афтæ 'нцон амаргæ нæу. Йæхи
кардæй йеттæмæ йын амарæн ницæмæй ис. Æмæ иугæр сфæнд кодтай, уæд
мæм æрбайхъус: Сайнæг-æлдар алы бон дæр сæудары йе 'ртæ 'фсургъы
суадонмæ дон дарынмæ раласы, æмæ-иу æм уыцы афон бацу. Куыддæр ыл
сæмбæлай, афтæ-иу ын зæгъ: «Дæ райсом хорз, зæронд лæг!» Уый дын
зæгъдзæн: «Æгас цæуай, лæппу! Кæцæй дæ Хуыцау æрбахаста уа раджы?
Ардæм сырд куы нæ цæуы, маргъ æм куы нæ тæхы, уæд куыдæй
æрбафтыдтæ?» Ды-иу ын зæгъ: «Цы кæнон, зæронд лæг!— лæппуйы зæрдæ
æрра у, уæларв Куырдалæгон мын кард аразы; æвзалы æмæ æфсæйнаг
сцæттæ кодтон æмæ бафарстон зæронд адæмы, хуыздæр кард кæмæ ис,
кæй карды хуызæн кард саразын кæнон, зæгъгæ, æмæ мын загътой: а
дунейыл Сайнæг-æлдары кардæн æмбал нæй, æмæ йæ уый нывыл саразын
кæ». — «Уал сæ бинонтæй баззайа, мæ карды хуызæн цал карды
скæной!» зæгъгæ, дын зæгъдзæн Сайнæг-æлдар, стæй йæ кард
сласдзæн,— хуртæ 'мæ дзы мæйтæ кæсдзæн, зæхх дзы йæхи уындзæн,—
ахæм кард, æмæ дæм æй дæдтдзæн йæ фындзы 'рдыгæй, цæмæй, куы йæм
февналай, уæд дæ дзы амара, уый тыххæй. Ды-иу дæ бæхыл фæстæмæ
рахæц, цыма карды 'рттывдæй тæрсгæ кæны, уыйау. Уый дæм дзурдзæн:
«Лæппу, æнхъæл дæн, дæ бæх кардæй тæрсаг у?» Уæд ын-иу ды та афтæ
зæгъ: «Зæрдæцъæх дзы у — йæ фистоны 'рдыгæй ма мæм æй авæр!» Уый
дæм æй радтдзæн. Дзæбæх-иу æм æркæстытæ кæн,— йæ тæккæ астæуæй
уыдзæн къæртт хауд, æмæ-иу зæгъ: «Æвгъуаг уыд ахæм кард
бакъæбæлдзыг кæнынæн». Уый дын зæгъдзæн: «Мæрдты хæрæджы тъæнгтæ
куы хæрид Нарты Хæмыц! — уый куы мардтон, уæд мын йæ хъох-дæндагыл
фæкъæртт ис». Йæ бæрзæйы йеттæмæ йын кард йæ буарæй никуы кæрды
Сайнæг-æлдарæн. Дæхи-иу ракæс-бакæс гæнæг акæн, цыма исты агурыс,
уыйау, æмæ-иу æй афæрс: «Хур та уæм кæцы 'рдыгæй скæсы, зæронд
лæг?— æнæзонгæ бæстæ мын у, æмæ йæ нæ хатын». Сайнæг-æлдар
иуфарсырдæм фæзилдзæн, уæлæ уырдыгæй, зæгъгæ. Куы фæзила, уæд,— дæ
хъару æмæ дæхæдæг,— цæв-иу ын йæ бæрзæй. Афтæ куы нæ бакæнай, уæд
ыи æндæр ницы амал ссардзынæ амарынæн.
Араст ис Батрадз. Цæуы, цæуы, æмæ иу афон куы уыдис, уæд
бахæццæ ис Сайнæг-æлдары бæстæм. Кæсы, æмæ сæударæй Сайнæг-æлдар
йе 'ртæ 'фсургъы суадонмæ дон дарынмæ раласы. Батрадз æм йæхи
бахæстæг кодта æмæ йæм дзуры:
— Дæ райсом хорз, зæронд лæг!
— Æгас цæуай, лæппу! Кæцæй дæ Хуыцау æрбауагъта уа раджы?
Ардæм сырд куы нæ цæуы, маргъ æм куы нæ тæхы, уæд куыдæй
æрбафтыдтæ?
— Цы кæнон, зæронд лæг!— лæппуйы зæрдæ æрра у, уæларв
Куырдалæгон мын кард аразы; æвзалы æмæ æфсæйнаг сцæттæ кодтон æмæ
бафарстон зæронд адæмы, хуыздæр кард кæмæ ис, кæй карды нывыл æй
саразон, зæгъгæ, æмæ мын загътой: «А дунейыл Сайнæг-æлдары кардæн
æмбал нæй, æмæ йæ уый нывыл саразын кæ! Гъе 'мæ дæ курын,— фенын
мын кæ дæ кард!
— Уал сæ бинонтæй баззайа, мæ карды хуызæн цал карды скæной!—
зæгъгæ, фæкодта Сайнæг-æлдар æмæ сласта йæ кард,— хуртæ 'мæ дзы
мæйтæ касти, зæхх дзы йæхи уыдта, ахæм кард,— æмæ йæ йæ фындзы
'рдыгæй сдардта Батрадзмæ. Батрадз йæ бæхы рохтыл æрбахæцыд, æмæ
бæх йæхи фæстæрдæм аласта, цыма тæрсгæ фæкодта, уыйау.
— Лæппу, æнхъæл дæн, дæ бæх кардæй тæрсаг у!— дзуры Батрадзмæ
Сайнæг-æлдар.
— Зæрдæцъæх дзы у — йæ фистоны 'рдыгæй мæм æй авæр!
Слæвæрдта йæм Сайнæг-æлдар кард йæ фистоны 'рдыгæй.
Батрадз æм ракæс-бакæс кæны, йæхи дистæгæнæг скодта. Æркасти
карды коммæ æмæ дзуры:
— Æй-йæй-йæй! Æвгъуаг уыд ацы кард бакъæбæлдзыг кæнынæн!
— Мæрдты хæрæджы тъæнгтæ куы фæхæрид Нарты Хæмыц!— уый куы
мардтон, уæд мын йæ хъох-дæндагыл фæкъæртт ис!
Батрадз афтæ æрбамæсты ис, æмæ ма æгæр тагъд дæр афарста:
— Зæронд лæг, хур та уæм кæцы 'рдыгæй скæсы?— æнæзонгæ бæстæ
мын у, æмæ йæ нæ хатын.
Сайнæг-æлдар йæ сæр куыддæриддæр хурыскæсæны 'рдæм фæзылдта,
афтæ йын Батрадз йæ бæрзæйæн ахæм цъыкк нылласта, æмæ йæ сæр зæхмæ
æртылди.
«Нæ баууæнддзысты Нарт, Сайнæг-æлдары амардтон, ууыл», зæгъгæ,
загъта йæхи нымæры Батрадз, æмæ мардæн йæ рахиз цонг ралыг кодта
æмæ йæ йемæ рахаста.
Æрцыди. Сатанамæ бахъæр кодта:
— Мæ фыды туг райстон, Æна!— дæ барысчъи суадз ныр,— æмæ йын
Сайнæг-æлдары цонг йæ размæ баппæрста.
Сатана йæм дзуры:
— Кæйдæр мæгуыр хъомгæсы цонг ныллыг кодтай, уый йеттæмæ
Сайнæг-æлдар дæ къухы уа 'нцонты нæ бафтыдаид. Кæд æцæг уа дæ
ныхас, уæд райсом дымгæ сыгъзæрин хил бындзыггай хæсдзæн æмæ
тугсæлфынæг кæндзæн.
Райсомæй раджы фестади Сатана, ныллæг бауайæнты бауади,
бæрзонд афæлгæсæнæй афæлгæсыд: дымгæ сыгъзæрин хил бындзыггай
хæссы æмæ тугсæлфынæг кæны. Уый Сайнæг-æлдарыл йæ устытæ сæ сæры
хъуынтæ рæдувынц, æмæ уый хæссы райсомы дымгæ, ноджы сæ рустæ
тонынц, æмæ уый тугæй тугсæлфынæг кæны!
Æрбаздæхти Сатана хæдзармæ æмæ дзуры Батрадзмæ:
— Мæ фæллой дын хæлар уæд, ме 'нæныййаргæ лæппу!— æцæг у — дæ
фыды туг райстай. Фæлæ ахæм лæджы мæрдтæм уæнг хъадæджынæй
барвитын тæригъæд у, не 'мбæлы. Йæхæдæг дæр дын дæ фыды
уæнгхъадæджынæй нæ барвыста мæрдтæм. Ацу æмæ йын йæ цонг фæхæсс.
Æмæ зæлдаг хæцъилы тыхтæй дæдты Батрадзмæ Сайнæг-æлдары цонг.
Батрадз цонг райста, йæ бæхыл сбадт æмæ араст ис.
Схæццæ ис Сайнæг-æлдары бæстæм. Хъæугæрон йæ бæхæй æрхызт, йæ
арц зæххы æрсагъта æмæ йыл йæ бæх бабаста, йæхæдæг ацыд Сайнæг-
æлдары хæдзармæ. Мæрддзыгой адæм æмбырдæй лæууынц. Батрадз марды
цонгæй мæрдæгъдау гæнгæ бацыд æмæ цонг марды риуыл æрæвæрдта æмæ
дзуры: «Дæ сыджыты хай дыл фæрайæд! Дæ тæригъæд мын мацы кæн^д —
мæ фыды мын амардтай, æмæ дæ мæ хæс райстон. Мæнæ дæ цонг».
Адæм фыццаг фæджихау сты, стæй джискъус кæнын байдыдтой,
кæрæдзийы хъусты дзурынц:
— Саг фæрæтмæ æрцыд!
— Мæнæ нæ марæг — цæмæ ма кæсæм?!
Æмæ фæндтæ кæныныл сысты, куыд æй амарæм, зæгъгæ.
Уæд мæрддзыгойы астæуæй иу зæронд лæг рацыд æмæ фæрсы:
— Йæ бæх та кæм ис, йæ бæх!
— Уæртæ хъæугæрон йæ арц ныссагъта æмæ йæ ууыл бабаста.
— Ацæут æмæ .йын йæ арц сласут æмæ йын йæ бæх исчердæм акæнут!
Ацыдысты иу къордæй, лæгæвзæрстæй. Схæц-схæц кæнынц арцыл, æмæ
сын нæ комы. Æрбацыдысты зæронд лæгмæ фæстæмæ æмæ йын зæгъынц:
— Уыцы арц нын сласын нæ комы!
— Уæдæ йæ арц сласын кæмæн нæ фæразут, уый куыд амардзыстут?
Ма сфæнд кæнут, мæ хуртæ, уæхи уын фæцæгъддзæн,— уый хуымæтæджы
гуырд чи нæу, ахæм у!
Ныууагътой сæ фæнд, уæдæ цы уыдаид!
Батрадз йе 'гъдау бакодта. Рацыд хъæугæронмæ, йæ арц фелвæста,
йæ бæхыл абадт æмæ рацыди.

* * *
Цæуы, цæуы æмæ йæ фæндаг Борæты Бурæфæрныджы хæдзарыл
æрбакодта. Йæ бæх кæртмæ батардта, æрфистæг ис æмæ хæдзармæ бахъæр
кодта:
— Бурæфæрныг! Æттæмæ ракæс: уазæг дæм æрфысым кодта.
Бурæфæрныг ракаст æмæ куы базыдта, Батрадз у, уый, уæд йæ
цирхъмæ фæдæбурдта, фæлæ цалынмæ уый йæ цирхъ ласта, уалынмæ йæ
Батрадз рариуыгъта, æмæ Бурæфæрныджы сæр зæххы стæлфыди.
Йæ бæхыл абадт Батрадз æмæ йæхи лидзæг скодта, цæмæй йæ
Бурæфæрныджы авд фырты расурой, уый тыххæй.
Бурæфæрныджы авд фырты йæ сурынтæ систой æмæ фæндагыл куы
радаргъ сты, уæд сæм Батрадз фæстæмæ фездæхти æмæ йæм куыд хæццæ
кодтой, афтæ сæ мардта. Амардта сæ авды дæр. Сæ сæртæ сын ракодта
æмæ сæ рифтæгты нывæрдта, афтæмæй фæстæмæ Бурæфæрныджы кæртмæ
баздæхти æмæ бахъæр кодта:
— Мæнæ уын уæ авд лæджы фæткъуытæ 'рбарвыстой — æттæмæ
ракæсут!
Ракастысты Бурæфæрныджы ус æмæ йæ авд чындзы. Батрадз сын сæры
къуыдыртæ сæ размæ бакалдта.
Нырдиаг кодтой Бурæфæрныджы ус æмæ йæ авд чындзы æмæ Батрадзы
фыдæлгъыст кæнын райдыдтой. фæмæсты ис Батрадз, астæй дæр сæ йæ
фыццаг ракодта, най уæ бакæнон, зæгъгæ, æмæ сæ Сау денджызы былмæ
æркодта. Уым какон сындз ныккарста, найæфтыд æй бакодта. Мады
къухццæг скодта, чындзыты — кæронæй, афтæмæй сæ наййæгты ифтыгъд
скодта æмæ сæ бон-изæрмæ сындзыл фæратæр-батæр кодта бæгъæввадæй.
Сæ къæхты туг алырдыгæй кæлын куы байдыдта, уæд сæ суагъта æмæ сæ
арвыста сæ хæдзармæ.
Æрбацыд сæхимæ æмæ йæ хъуыддæгтæ Сатанайæн радзырдта.

* * *
Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та иу бон дзуры Батрадз Сатанамæ:
— Сосланмæ мын æнæ цæугæ нæй: хъуамæ базонон, мæ фыды æртæ
'фсургъы кæм сты, уый.
Сослан уыцы рæстæджы уыди Сухы быдыры — хызта дзы йе 'ртæ
'фсургъы æмæ дзы ацæуæг нæ уагъта.
Сатана йæм дзуры:
— Маргæ-иу æй ма акæн, мæ хур — уæ мыккаджы хуыздæр у!
Ацыди Батрадз.
Сослан куы федта Батрадзы, уæд ыл схъæр кодта:
— Ауылты æз цъиу атæхæг куы нæ уадзын, уæд ды кæдæм цæуыс?
Батрадз æм ницы сдзырдта. Афтæмæй хæцынтæ райдыдтой. Æхсынц
фатæй, æмæ фæттæ фæстæмæ схъиуынц æмæ кæрæдзийы цъæлтæ-муртæ
кæнынц. Бахæстæг сты кæрæдзимæ, цирхъытæ сластой, кæрæдзийы
цъыччытæ кæнынц, фæлæ цирхъытæ цæхæр калынц, æндæр лыг нæ кæнынц.
Нытъыстой сæ цирхъытæ æмæ хъæбысæй хæцынмæ аздæхтысты. Хæцынц, æмæ
Батрадз рабынæй кодта Сосланы.
Йæ цирхъ сласта æмæ йæ Сосланы хурхмæ куыд æрдардта, афтæ
Сатанайы фæдзæхст фæхъуыды кодта æмæ дзуры:
— Цы кæнон, сомы мын бакодта Сатана, маргæ-иу æй ма акæн,— уæ
мыккаджы хуыздæр у, зæгъгæ, æмæ дын барст фæуæд, уый йеттæмæ дын
дæ сæр бæргæ слыг кодтаин.
Уæд æм Сослан бынæй бахудт æмæ йæм дзуры:
— Æгайтма ахæм тыхджын гуырд рацыд нæ мыккаджы! Ныр мæ маргæ
дæр акæн!
Кæм ма йæ амардтаид Батрадз!— суагъта йæ йæ бынæй, æмæ Сосланы
лæгдонмæ бацыдысты æмæ уым фæминас кодтой.
— Гъе ныр мæнæ дæ фыды æртæ æфсургъы акæн,— зæгъгæ, дзуры
Сослан Батрадзмæ.
Батрадз йæ фыды æртæ 'фсургъы раласта. Сослан дæр рацыд йемæ,
æмæ Нартмæ æрбафардæг сты.

* * *
Батрадзæн та йæ фыды мард æмæ йæ мады æфхæрд иуахæмы йæ зæрдыл
æрбалæууыдысты, æмæ Нарты æрæмбырд кодта æмæ сын загъта:
— Мæ фыд Хæмыцы марды дæр æнаххос не стут, мæ мад Быценоны дæр
мын фæсырдтат, æмæ мын мæ мады 'фхæрд æмæ мæ фыды туг бафидут!
Нарт катæйттæ кæнын райдыдтой, цы бакæнæм, зæгъгæ. Уæд сын
Сырдон афтæ зæгъы:
— Ацæут æмæ йын зæгъут: «Хæмыцы марды мах аххосджын не стæм,
фæлæ демæ нæ бон хæцын нæу, æмæ дæхи дзых — дæ тæрхон, цы нæ
агурай, уый бакæндзыстæм».
Барвыстой Нарт Батрадзмæ:
— Хæмыцы марды мах аххосджын не стæм, фæлæ демæ хæцын нæ бон
нæу, æмæ дæхи дзых — дæ тæрхон, цы нæ агурай, уый бакæндзыстæм.
Уæд сæм Батрадз рарвыста:
— Хæдзар аразын, æмæ кæд мæхи дзых мæ тæрхон у, уæд уæ бирæ нæ
бацагурдзынæн: ацæут æмæ мын залгъæдæй цæджындзæгтæ æрласут,
ехсыхъæдæй — аххæрæггæгтæ, æхснарцъыйæ та — уæладзæйнæгтæ.
Нарт цинæй амардысты, тынг уæлæнгæйтты нæ уадзы, зæгъгæ.
Фæхæлæф кодтой æмæ хæдзарæн цæдæй хъæдмæ ацыдысты. Разил-базил
кæнынц, æмæ кæм ссардтаиккой залгъæдæй цæджындзаг, ехсыхъæдæй
аххæрæггаг, æхснарцъыйæ уæладзæйнаг; æгæрыстæмæй дзы лæдзæггагыл
дæр нæ фæхæст сты.
Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрыздæхтысты фæстæмæ.
Æрæмбырд сты Нарт æмæ загътой Батрадзæн:
— Фæразил-базил кодтам хъæдты æмæ никуы ссардтам залгъæдæй
цæджындзаг, ехсыхъæдæй аххæрæггаг, æхснарцъыйæ уæладзæйнаг, фæлæ
нын дæ хорзæх Хуыцау радтæд, æмæ нын зæгъ, де 'фхæрды ныхмæ дын цы
бакæнæм, уый.
Уый та сæм дзуры:
— Ацæут æмæ мын хуысар хъуымацы сыгъдонæй мæ фыды цылыхъ
байдзаг кæнут!
Нарт сæ сæртæ 'руагътой, фæлæ сæ цы бон уыд! Ацыдысты, сæ
устыты æмæ сæ чызджыты дари дзаума Уас-къуыппы бæрзондмæ схастой
æмæ сæ уым судзын байдыдтой.
Батрадз Хуыцаумæ кувы:
— Хуыцауты Хуыцау! зилгæ дымгæ, тухгæ уад рауадз! Зилгæ дымгæ,
тухгæ уад рацыд æмæ хъуымацы æртхутæг фæхаста — æнгуырстуаны дзаг
дæр дзы нал бафтыд Нарты къухы.
Æрæмбырд та сты Нарт æмæ та дзурынц Батрадзмæ:
— Нæ устытæ 'мæ нæ чызджыты сбæгънæг кодтам — хуысар хъуымац
дзаумайæ нæм цыдæриддæр уыд, уый хæрæгуаргъæй Уас-къуыппмæ схастам
æмæ йæ уым басыгътам, фæлæ зилгæ дымгæ, тухгæ уад рацыди, æмæ
сыгъдонæй нæ къухы 'нгуырстуаны дзаг дæр нал бафтыд. Хуыцау нын дæ
хорзæх радтæд, æмæ нын зæгъ, де 'фхæрды ныхмæ дын цы бакæнæм, уый.
Батрадз сæм дзуры:
— Ницы бакæндзынæн æз сымахимæ цæрынæн, æмæ мæ. цæмæй
афойнадыл фервæзат æмæ уæ æз дæр цæмæй фервæзон, уый тыххæй
бавдæлут æмæ мæ сындзын арты басудзут.
Сындзы мыккаг никуыуал ныууагътой Нарт, дынджыр рагъ дзы
самадтой æмæ йыл зынг бафтыдтой. Батрадз сындзыты уæлæ хæлиу
сбадти. Цинæй мæлынц Нарт, ныр басудздзæни, æмæ дзы фервæздзыстæм,
зæгъгæ. Цъæх-цъæхид арт гуылфæнтæ кæны. Батрадз сырх зынг сси.
Уыцы иу гæпп аласта æмæ, Нарт дон цы суадонæй хастой, уымæн йæ
гуырæны 'рбадти. Дон айсыст, иу æртах дæр дзы нал цæуы. Дойныйæ
мæлынмæ 'рцыдысты Нарт. Сывæллæтты æмæ йæм зæрæдты курæг арвыстой.
Æмæ сын уæд Батрадз дон рауагъта. Фæлæ та сæм уæддæр æртхъирæн
кæны. Катайы бацыдысты Нарт, уæдæ ма нæ сæрæн цы хос ссарæм,
зæгъгæ.
Уæд сæм Сырдон дзуры:
— Æз уæ бæргæ фервæзын кæнин, фæлæ та уын ницы бæсты бацæудзæн
мæ дзæбæхдзинад: уарæн бон та мын уæ хъомрæгъæуттæн сæ уæзвад
уæнгуытæ æмæ сæ дыгæрдгуытæ дæдтдзыстут, уæ фысвос дзугтæн — сæ
мæллæг далыстæ.
Нарт æмдзыхæй ныххорхор кодтой:
— Дæ хорзæх нын Хуыцау радтæд, Сырдон, æмæ нæ фервæзын кæн,
уый йеттæмæ нæ дæхи дзыхæй цы курай, уымæй дын «нæ» ницæмæй
зæгъдзыстæм.
Ацыди Сырдон Батрадзы размæ æмæ фæндагыл хъуыды кæны йæхи
нымæры: «Ныр æм разæй цæуон, æмæ мæ разыбадæг куы фенхъæла æмæ мæ
куы амара; фæсте йæм цæуон, æмæ мæ фæсте сурæг куы фенхъæла æмæ
уæддæр афтæ. Цы бакæнон? » Цæуы æмæ йын йæ фæндаг разæргæвст
æркодта Батрадзæн. Йæ лæдзæгæй йæ сæрыл балæууыд æмæ кæуынхъæлæсæй
дзуры:
— Æфсымæргонд мын бæргæ уыд Хæмыц: чи йæ амардта, уыдоны дæр
бæргæ зонын, фæлæ цы кæнон, гъа!— мæ бон сын циу?!
— Чи мын амардта мæ фыды?— афарста йæ Батрадз.
— Цы дын æй æмбæхсон — дæ фыды дын амардтой зæдтæ 'мæ дауджыты
ардыдæй. Ныртæккæ дæр та Уарпы фидары æмбырдæй бадынц æмæ тæрхон
кæнынц Хæмыцы удæн.
Батрадз Нарты æрæмбырд кæнын кодта, æмæ сæм дзуры:
— фатыл мæ бабæттут æмæ мæ æрдынæй Уарпы фидармæ фехсут!
Куыд сын загъта, афтæ бакодтой Нарт.
Батрадз фидар йе 'мбæрц батыдта, йæ цирхъ фелвæста æмæ
ралæууыд зæдтæ 'мæ дауджытыл æмæ сæ æнæцæнгтæ æмæ æнæбазыртæ
фæкодта, гæзæмæтæ ма дзы аирвæзт, æндæр.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1607 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]