Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА

Нарты Сосланы ус уыди Хуры чызг. Рагæй фæнд кодта Хызы 'лдар
Сосланы усы йæхи бакæнын. Æууæрдын райдыдта йæ бæхы,— авд азы
дæргъы йæм фæзылди къæйгонд хъæбæр хорæй.
Иухатт куы уыди, уæд Сосланы ус хуртуæттæ кодта. Хызы 'лдар æй
федта, сбадти йæ хорхор бæхыл æмæ араст ис Сосланы хæдзармæ.
Сослан уыцы рæстæджы уыди дард балцы.
Хызы 'лдар Хуры чызджы афардæг кодта, уæдæ цы уыдаид!
Йæ хæд уæлвæд Сослан йæ балцæй æрыздæхти, æмæ йæ усыл йæ цæст
куы нæ 'рхæцыд, уæд бафарста Сатанайы, кæм ис, зæгъгæ. Сатана йын
радзырдта, йæ усы йын Хызы 'лдар кæй ахаста æмæ йæ Хызы фидары кæй
дары, уый.
Æрæмбырд сты Нарт æмæ афсад кодтой Хызы фидармæ. Æртыхстысты
фидары алыварс æмæ йыл хæцын байдыдтой, фæлæ йæ басæттын сæ бон нæ
баци, уый тыххæй æмæ Хызы 'лдар æрæмбырд кодта Нарты ныхмæ, зæд
æмæ дуагæй цыдæриддæр уыд, уыдон.
Ныууагътой Нарт хæцын æмæ аздæхтысты фæстæмæ. Цыма сыл судзгæ
мард æрцыд, афтæ ныйисты Нарт — нал дæр худгæ, нал дæр хъазгæ.
Уæд Сатана æртæ мыдамæсты ракодта, Кувæн къуыппмæ рауади æмæ
кувы:
«Хуыцæутты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Кæд мæ истæмæн рафæлдыстай,
уæд ме 'нæныййаргæ фырт уæларв зæдтæ 'мæ дауджытимæ тæрхоны бады,
æмæ ныртæккæ ам цы фесты, уый радт — тых æрцыд Нартыл».
Батрадз Сатанайы куывд куы фехъуыста, уæд афтæ тынг рамæсты
ис, афтæ, æмæ йе 'ндон сырх зынг аци. Ратæррæст кодта æмæ раст
Уырызмæг æмæ Сатанайы авд æттæгуæлæ мæсыджы сæр сæмбæлд. Авд
уæладзыджы дæр судзгæ æрцыд æмæ æппæты бинаджы, донæй йæ тæккæ
дзаг, ахæм стыр цæдæджинаджы ныххауд.
Куы 'руазал ис, уæд рацыд æмæ Сатанайы фæрсы, цы ныл æрцыд,
зæгъгæ.
— Цы ма ныл æрцæуа,— Хызы 'лдар Сосланы усы аскъæфта йæ
фидармæ,— радзырдта йын Сатана.
Батрадз фæдзырдта Нартмæ æмæ сæ йемæ айста. Хызы фидар куы
сзынди, уæд Батрадз æрлæууыд æмæ дзуры Нартмæ:
— Мæнæ мæ мæ фатмæ фидар бабæттут. Нарт дис кæнынц, фæлæ йæ
уæддæр бæттынц. Бабастой йæ, йæ зæрдæ куыд загъта, афтæ.
— Гъе ныр мæ æрдыны сæвæрут. Уæ бон циу, уымæй æрдынбос
алвасут æмæ мæ Хызы фидармæ фехсут.
Куыд сын загъта, афтæ бакодтой Нарт.
Къæхтæ æмæ къухтæ хæлиуæй ахаста Батрадз, афтæмæй фидары.
къулыл сæмбæлд æмæ йæ батыдта, суанг ма иннæрдыгæй дæр
æрызгъæлдысты сисы дуртæ.
— Гъæ, куыдз кæй ныййардта, уый, Нарт афтæ æнæзмæлæг фесты,
æмæ сын ды сæ устыты скъæфай,— зæгъгæ, февнæлдта Хызы 'лдармæ æмæ
йæ цонгæлвæст, сæрыскъуыд фæкодта.
Ракодта Хуры чызджы æмæ йæ Сосланыл сæмбæлын кодта.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1676 | Рейтинг: 1.0/1 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]