Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ÆМÆ ÆЛДАР

Нартыл та фыд аз скодта, æмæ бирæ хъуæгтæ æййæфтой. Уæд
иуахæмы Батрадз дзуры йæ хистæртæм:
— Искуыдæм фæцæуæм, æмæ мæ ауæй кæнут — кæд уын уæ цардæн
искæцы 'рдыгæй феххуыс уаин. Рацыдысты Нарт иу дард бæстæм æмæ уым
Батрадзы иу æлдарæн ауæй кодтой.
Йæхи хуымæтæг лæджы уаджы 'вдыста Батрадз æмæ афтæмæй куыста
æлдарæн, уæдæ цы уыдаид! Кусгæ та афтæ кодта: сæдæ цæдыл-иу хъæдмæ
ацыд, бæлæстæ-иу æд уидæгтæ сыскъуыдта, сæ хихтæ-иу сын ахсæста,
сæдæ галхатты-иу аввонг кодта суг æмæ-иу иннæ хъæддзаутæ хъæдмæ
нæма бахæццæ сты, афтæ-иу уый фæстæмæ хъæумæ æрхæццæ ис.
Æлдар цинæй цæуылнæ мардаид, хорз æлхæдыл фæхæст дæн, зæгъгæ.
Афтæмæй куыста. Батрадз. Уæд иу бон куы уыди, уæд Хуыцау
æлдары хъæумæ иу уæйыджы æрбауагъта. Уынджы фæцæуы уæйыг, æмæ дзы
адæм фæйнæрдæм лидзынц.
Батрадз фæрсы аглдары, уый цавæр у, зæгъгæ.
Æлдар зæгъы:
— Уый у уæйыг, тыхгæнæг, æмæ йын цалынмæ исты бафидæм, уæдмæ
нын тыхтæ кæндзæн.
Батрадз, дын, уынгмæ расæррæтт ласы æмæ суры уæйыджы. Æлдар æм
хъæр кæны, ма ацу, зæгъгæ, фæлæ йæм Батрадз кæм хъусы.
«Мардзæн æй уæйыг, æмæ ма мын ахæм тыхджын æмæ æнæзæрдæхудт
кусæг кæм уыдзæн», хъуыдытæ кæны æлдар.
Батрадз баййæфта уæйыджы, йæ цонгыл ын фæхæцыд æмæ йæ зæххыл
ныццавта. Уæйыг хъыпп дæр нал сфæрæзта. Адæм цинæй амардысты.
Æлдар дæр разгъордта йæ хæдзарæй — цæмæй ма тарст!— бауади
Батрадзмæ, йæ уæхск ын æрхоста æмæ йæм дзуры:
— Мæ хур акæн, ме 'лхæд, мæ хур!
— Ме 'лхæд, зæгъгæ, куы нæ загътаис, уæд дæ бинонтæй иу
æрбамардаид?— зæгъгæ, й.æм фæкодта Батрадз æмæ ацыд йæ бынатмæ.
Райсомæй та сæдæ цæды сифтыгъта æмæ дзуры æлдармæ:
— Де 'лхæд йæ хæдзармæ цæуынвæнд скодта; «ме 'лхæд», зæгъгæ,
мын куы нæ загътаис, уæд нæ ацыдаин, фæлæ мын ныр æдзæугæ нал ис.
Бацамадта сæдæ цæдыл, æлдары фæллойæ йæ зæрдæ цы загъта, уый,
Хæмыцы болат фырт æмæ рараст ис Нартмæ.
Æлдар йæ фæстæ джихæй баззад.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1234 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]