Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆ

Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Уымæ ахæм
миниуæг уыд, æмæ, æвæдза, адæймаг йе скуыхтдзинæдты тыххæй æцæгтæ
дзуры, уæд-иу æнæвналгæйæ йæхи систа æмæ-иу адæймаджы дзыхы размæ
бацыд, на 'мæ-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтаид.
Иуахæмы та Нарт бадтысты æмæ сæ Уацамонгæйы сæ разы
æрæвæрдтой, къуымæлæй йе 'дзаг, афтæмæй. Æмæ алыхуызон таурæгътæ
кæнын байдыдтой сæ лæгдзинæдты тыххæй.
Иу-иу загъта: æз афтæ дæр бакодтон æмæ уфтæ дæр, æз уым æмæ
уым фескуыхтæн; иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ. Фæлæ кæсынц, æмæ
Уацамонгæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны.
Батрадз æнцадæнцой бады æмæ хъусы.
Иууылдæр куы фесты дзырд, уæд Батрадз фестад æмæ ехсы хъæдæй
Уацамонгæйы бахоста:
— Цуаны уыдтæн; фæцæйцыдтæн иу суангыл æмæ изæры дауджытæй
амардтон авд. Ца 'цæг зæгъын, уа 'цæг мæ фыд Хæмыцы уæраджы сæрмæ
схиз!
Уацамонгæ зæххæй йæхи систа æмæ Хæмыцы уæраджы сæрыл йæхи
æруагъта.
Дыккаг хатт дæр та бахоста Батрадз Уацамонгæйы йæ ехсы хъæдæй:
— Иннæ суангыл фæцæйцыдтæн æмæ райсомы дауджытæй амардтон авд.
Ца 'цæг зæгъын, уа 'цæг мæ фыд Хæмыцы ронбастмæ дæхи сис!
Уацамонгæ Хæмыцы уæраджы сæрæй йæхи систа Хæмыцы ронбастмæ.
Æртыккаг хатт зæгъынмæ куы хъавыд Батрадз, уæд æм Хæмыц дзуры:
— Зæгъын цы 'мбæлы, уый зæгъ, зæгъын цы не 'мбæлы, уый ма
зæгъ!
Уый йын уый тыххæй загъта Хæмыц, æмæ Хорæлдар æмбæхст уыд,
Уацамонгæйы цы къуымæл уыдис, уым, цæппузыры мидæг, йæ фырты йын
чи амардта, уый куы базонид, зæгъгæ, уый тыххæй. Хæмыц тарст,
Батрадз куы срæдийа, æмæ Хорæлдар исты фыдбылыз куы сараза Нартæн,
уымæй. Фæлæ та Батрадз æртыккаг хатт бахоста Уацамонгæйы æмæ ноджы
ныфсджындæрæй загъта:
— Æртыккаг суангыл фæцæйцыдтæн æмæ авд Елиатæ амардтон, авд
Мыкалгабыртæ. Хорæлдары фырт Бурхор-Алийы дæр æз амардтон. Ца 'цæг
зæгъын, уа 'цæг мæ фыд Хæмыцы дзыхмæ схиз.
Уацамонгæ Хæмыцы дзыхмæ схызт, æмæ Хорæлдар Уацамонгæйы
хуылфæй рагæпп ласта, оххай, мæхæдæг дæр ма нозт цæуын къуымæлимæ,
зæгъгæ; азгъордта, фæлæбурдта хъæбæр хоры зæнгмæ — уæды онг ыл
зади æхсæз æфсиры — æмæ йæ йæ къухæй схафта: æфсир уадзынмæ йыл
нал хъавыд йæ фырты мæстæй. Уæд æм Уастырджи дзуры:
— Гъæйтт, мæ бæхæн ма дзы сайæнваг уæддæр фæуадз!
Æмæ ма йыл иунæг æфсир фæуагъта Хорæлдар, иннæты сыскъуыдта.
Хæмыц Уацамонгæйы йæ дзыхыл сдардта, фæлæ Уацамонгæ айдзаг ис
алы æвзæр æмæ æлгъаг хилджытæй:
кæлмытæй, хæфсытæй, гæккуыритæй. Сæхи-иу систой уыдон
Уацамонгæйæ æмæ-иу нуазинаджимæ фащæйцыдысты Хæмыцы дзыхмæ. Уæд-иу
сæ Хæмыц йæ болат рихитæй æрцавта, æмæ-иу Уацамонгæйы бын
амбæхстысты.
Афтæмæй афæлдæхта Хæмыц Нарты Уацамонгæйы.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1291 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]