Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОН

Йæ фырты сæфты фæстæ йæ фæрстæ цъæх арт уагътой сохъыр уæйыг
Æфсæронæн. Нартæй йæ маст цæмæй райса, ууыл архайдта æмæ алы
фæндтæ кодта. Батрадзæн йæхимæ кæм бауæндыдаид, фæлæ, дын, иу бон
куы уыди, уæд бахуыдта йæхимæ уазæгуаты Нарты зæрæдты — Уырызмæг
æмæ Хæмыцы. Йæ фырттæн бафæдзæхста: «Фæсхæдзар æмбæхстæй лæуут;
нозт тых кæнын куы байдайа Нарты зæрæдтæн, уæд уæм бæрæг
кæндзынæн, æмæ-иу уæхи хæдзармæ хæстæг ласут».
Нæ бацауæрста цæхх æмæ кæрдзыныл Æфсæрон — сырды фыдæй фынгтæ
зæхмæ тасыдысты, рахаста нозт æмæ дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ рæгъ —
афтæмæй нуазын райдыдта Уырызмæг æмæ Хæмыцимæ.
Ницы фыд æнхъæл уыдысты Нарты дыууæ зæронды æмæ нозтæй сæхимæ
куыннæ фæкастаиккой? Гъа ныр сæм нозт хъарын байдыдта, зæгъгæ,
афтæ, дын, Æфсæроны фырттæ хæдзармæ сæхи хæстæг баластой.
Уæд сохъыр уæйыг стыр куыси райста йæ къухмæ æмæ Уырызмæгмæ
худæндзастæй радзырдта:
— Зæгъ-ма, Уырызмæг, дæ хорзæхæй — фыдæлтыккон зарæг дын
азарон æви нырыккон зарæг?
— Зарынмæ дæсны кæй дæ, нæ фысым, уый фехъуыстон, æмæ нын кæд
иугæр дæ буц хъæлæсы уаг æвдисын сфæнд кодтай, уæд нын нырыккон
зарæг азар — фыдæлтыккон зарджытæ ма, чи зоны, искуы
фехъуыстаиккам,— зæгъгæ, йæм бадзырдта Уырызмæг.
Æмæ ныззарыди сохъыр уæйыг:
«Уæд, дын, иу фæззыгон мигъ бон бæзджын хъамылмæ æрбафтыди
дыууæ нæл хуыйы. Ссырджын хъыхъаг куыйтæ сæ алфæмблай æрзылдысты.
Æвæццæгæн, нал аирвæздзысты уыцы дыууæ нæл хуыйы уыцы ссырджын
куыйтæй,— фаркгай сæ куы скæндзысты, фаркгай, уæдæ!»
Цы бамбарын хъуыд Уырызмæг æмæ Хæмыцæн, уыцы зарæг цы амыдта,
уый. Сæ нуæзт фесæфти; лидзыныл дæр нæ бацауæрстаиккой, фæлæ сын
фадат нал уыд.
Уыцы афон Батрадз уыд уæлхохы; айхъуыста Æфсæроны зарæг,
рагæпп кодта бæрзондæй æмæ сохъыр уæйыджы кæрты æрхаудта. Уырызмæг
æй йе 'ндоны хъæрæй уайтагъд дæр базыдта. Куыннæ бацин кодтаид
зæронд, æмæ ныззарыди:
«Ой, дæ цæрæнбон бирæ уа,
Нæ рæдау фысым!
Сырды фыдæй нæ бæргæ хорз федтай,
Бæргæ нæ бахъæлдзæг кодтай
Дæ сыгъзæрин хъæлæсæй,
Фæлæ зарæг йæ кæронмæ
Куы нæ ахæццæ кодтай, мæ хур!
Хъуыды ма кæнын — зарæг дарддæр
Афтæ у: «Нæл хуытæм æххуыс кæнынмæ
Хохы бæрзондæй фæзынди иу франчы лæппын, —
Æвзыгъд æмæ цæхæрцæст.
Æвæццæгæн, æмæ уыцы ссырджын куыйтæ
Ныр нал фервæздзысты —
Астигъдзæя сæ уыцы франчы лæппын!»
Йæ зарæг конд фæци Уырызмæг, афтæ Батрадз хæдзары смидæг ис,
тарваз ратыдта æмæ,— дæ балгъитæг афтæ,— уæйгуыты — фыдæй, фыртæй
— ныттæбæкк кодта.
Йæхæдæг Уырызмæг æмæ Хæмыцы рахуыдта æмæ сæ Нартмæ æрхæццæ
кодта.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1364 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]