Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗ НАРТЫ ДЗУАРЫ КУЫД ФÆНАДТА

Иухатт Нартæн сæ дзуар æргом рацыд. Устытæ йæм иугай-дыгай
цыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой: «Хорз нывы конд мын радт, хорз
нывы конд мын радт!»
Иннæты хынцмæ йæм Батрадзы ус дæр ссыд æмæ йæм бадзырдта:
— Табу дæхицæн, нæ дзуар!— мæ кувинæгтæ мын айс æмæ мын исты
хæрзиуæг бакæн.
Дзуар æм радзырдта:
— Дæ хуызæн мондадæджынтæн æз хæрзиуæг нæ кæнын.
Ус ма цы загътаид!— аздæхт æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзармæ
ныццыди.
Батрадз сæхимæ нæ уыд — балцы та ацыд кæдæмдæр.
Бады æнкъардæй Батрадзы ус.
Уæд мæнæ зæрватыкк æрбатахт æмæ хæдзары ердойыл абадт.
Батрадзы ус æм дзуры:
— Батрадзмæ мын фæтæх —кæд бадгæ кæны, лæугæ скæнæд, кæд лæугæ
кæны, бадгæ мауал скæнæд, фæлæ мæм тагъд хæццæ кæнæд!
Зæрватыкк атахт Батрадзмæ æмæ йын .йæ усы ныхæстæ рафæзмыдта.
Батрадз йе 'фсургъыл абадти æмæ уайтагъд æрхæццæ ис сæхимæ.
Фæрсы йæ усы:
— Цы кодтай? Цæуыл бауынгæг дæ?
Ус ын радзырдта:
— Нæ хицауты дзуар æргом рацыд; Устытæ йæм цыдысты æмæ дзы
амæндтæ куырдтой. Æз дæр æм ссыдтæн. Уый мæ æвзæр фелгъыста æмæ мæ
расырдта.
Батрадз ацыд хъæдмæ, тулдз лæдзджытæ фæарæзта, йæ дæларм сæ
бакодта, Нарты дзуары размæ ссыди æмæ йæм бадзырдта:
— Нарты дзуар, æттæмæ-ма ракæс!
Дзуар афтæ фенхъæлдта, чидæр та мæм куывды 'рбацыди, зæгъгæ,
æмæ ракасти.
Батрадз йæ дæлармæй иу лæдзæг фелвæста æмæ дзы дзуарыл тъæнг-
тъæнг ралæууыд. Дзуар ныййарц ис æмæ лидзы. Батрадз йæ фæстæ уайы
æмæ йæ хойы, иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæ райсы, афтæмæй.
Йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ ис, афтæмæй Уациллатæм баирвæзт Нарты
дзуар. Батрадз хъæр кæны Уациллатæм:
— Мæ куырмæдзæуæг хъуг сымахмæ бацыд, æмæ мын æй ратте кæнут,
кæннод уын уæхи дæр фыдбоны хай фæкæндзынæн.
Уациллатæ фæтарстысты сæхицæн æмæ ратардтой дзуары.
Фæлидзы та дарддæр. Батрадз дæр та уайы йæ фæстæ æмæ йæ нæмы.
Иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæмæй райдайы.
Дзуар смидæг ис Сафатæм. Сафатæ рацыдысты Батрадзмæ æмæ йын
лæгъстæ кæнынц:
— Мах тыххæй йын ныббар, Батрадз, æмæ йæ ныууадз, уый уæддæр
нал фервæздзæн.
— Сымах хуызæн саухъусты тыххæй йын куыд хъуамæ ныббарон!
Ратæрут æй тагъд, кæннод уæхиуыл дæр тугуарæн кæны!— фæхъæр сыл
кодта Батрадз.
Ратардтой та йæ уыдон дæр — цы бон сæ уыд æндæр! Лидзы дзуар
дарддæр. Батрадз дæр йæ фæдыл уайы æмæ йын йе рагъдзарм дауы стыр
тулдз телыгæи.
Йе 'взаг раласта дзуар, афтæмæй та Тутыртæм баирвæзт. Тутыр
рацыд Батрадзы размæ æмæ йæм дзуры:
— Гъæйтт, мардзæ, Нæртон Батрадз, курæджы куырдæн аргъ скæн
æмæ йын ныббар!
— Бæргæ йæ нал ныууагътаин афтæмæйты, фæлæ цæй, цы кæнон,
цæсгом армыдзаг йеттæмæ нæу — курæджы куырды сæрты куыд ахизон!—
дæу тыххæй йын барст фæуæд, Тутыр!— загъта Батрадз æмæ аздæхти
фæстæмæ.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1311 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]