Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 7
Гостей: 4
Пользователей: 3
Bogdantjh , Bogdanyfa , Bogdaniyu

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

БАТРАДЗЫ МÆЛÆТ

Уымæй фæстæмæ зилын райдыдта зæдтæ 'мæ дауджыты фæдыл Батрадз
æмæ сыл кæм хæст кодта, уым сæ тыхсын кодта, цагъта сæ.
Уæд зæдтæ 'мæ дауджытæ 'рæмбырд сты æмæ Хуыцаумæ бахъаст
кодтой:
— Хæмыцы фырт Батрадз нæ цæрын нал уадзы, æмæ йæ фесаф!
— Цы уын кæнон?— уый ме 'вастæй равзæрд, æмæ йын мæ къухы
мæлæт нæй,— загъта сын Хуыцау.
Батрадз куы бамбæрста, зæдтæ 'мæ йыл дауджытæ Хуыцаумæ хъаст
кæнынц, уый, уæд загъта йæхицæн: «цавæр Хуыцау у, зæдтæ 'мæ
дауджытæ сæ хъаст кæмæ хæссынц, уый? Цон æмæ йæ бабæрæг кæнон».
Æмæ барæвдзытæ кодта йæхи æмæ араст ис уæларв Хуыцаумæ. Цæуы
йæ фæндагыл. Хуыцау куы базыдта, Батрадз æм ссæуы, зæгъгæ, уый,
уæд ын зæххы æмуæз дзæкъул йæ размæ æрæппæрста. Батрадз цæугæ-
цæуын уæлбæхæй дзæкъулы бын ехсы хъæд фæтъыста æмæ йыл схæцыд, æмæ
йæ бæх суанг йæ гуыбыны онг зæххы афардæг ис, ехсы хъæд дæр
фæмуртæ ис. Ай цавæр диссаг у, зæгъгæ, рахызти бæхæй Батрадз æмæ
схæцыди дзæкъулыл: фæиртæсын æй кодта зæххæй, фæлæ йæхæдæг дæр йæ
уæрджыты онг зæххы аныхсти. Ныууагъта дзæкъул йæ бынаты æмæ та
цæуы дарддæр. Уæд та Хуыцау Батрадзы размæ раппæрста сыгъзæрин
сæхъис къуыбылой. Зæххыл уидагæй цыдæриддæр ис, уыдон æмдæргъ æмæ
уыдон æмфидар.
«Ацы къуыбылой мын Сатанайæн кæрц æмпъузынæн бабæздзæн»,
зæгъгæ, йæм æрæвнæлдта Батрадз уæлбæхæй. Къуыбылой змæлгæ дæр нæ
фæкодта йæ бынатæй. Æрхызти йæ бæхæй, схæц-схæц фæкодта
къуыбылойыл, фæлæ йæ сисын нæ бафæрæзта.
«Ис ма мæнæй тыхджындæртæ», загъта Батрадз æмæ раздæхти
фæстæмæ.
Цæуы æмæ арвыл авд Уастырджийы æмæ авд Елиайы ауыдта.
Ралæууыди сыл æмæ дзы æртæ Уастырджийы æмæ æрт.æ Елиайы амардта.
Чи ма дзы аирвæзт, уыдон та Хуыцаумæ бацыдысты æмæ дзурынц:
— Хуыцау! кæнæ дын мах, кæнæ Хæмыцы фырт Батрадз.
Хуыцау сæм дзуры:
— Йæхæдæг йæхи 'гъдауæй куы нæ амæла, уæд ын мæлæт нæй. Æмæ
ацæут æмæ Хурæн зæгъут, афæдзæй æфæдзмæ йæм цы тæвд ис, уый иу бон
куыд радта, афтæ. Сымах асайут Батрадзы Хæзмы быдырмæ, зды дурнад
кæнут æмæ йыл æй афтæмæй цæвут. Уый фыр хæстæй куы сзныг уа, уæд
йæ доннуазæн суадонмæ цæудзæн, цæмæй йæ тæвд æрцæуа, уый тыххæй,
фæлæ æз суадон байсысын кæндзынæн. Уырдыгæй цæудзæн фурдмæ, æмæ æз
фурды дæр байсысын кæндзынæн.
Зæдтæ 'мæ дауджытæ бацыдысты Хурмæ æмæ йын загътой Хуыцауы
ныхас. Хур, афæдзæй афæдзмæ йæм цы тæвд уыди, уый иу бон радта.
Зæдтæ 'мæ дауджытæ асайдтой Батрадзы Хæзмы быдырмæ æмæ йыл уым зды
дурнадæй згъалын байдыдтой. Батрадз сæ фæстæмæ æхста, æмæ дзы
афтæмæй цыппар Уастырджийы æмæ æртæ Уациллайы æрхаудта. Хæцынц
ноджы зæдтæ, дауджытæ æмæ болат Батрадз. Хур ныккасти. Батрадз
зынг кæнын байдыдта. «Багъæцут — мæхи ауазал кæнон, стæй
фендзыстæм», зæгъгæ, сæм æртхъирæн кæны Батрадз. Бауади йæ
доннуазæн суадонмæ, фæлæ дзы доны 'ртах нал ис. Азгъордта фурдмæ,
фæлæ уый дæр — хуыскъ. Бынтон сзынг ис Батрадз. Йæ хуылфы ма иу
тъанг æнæсæрыдæй баззад, йæхи куы сæрын кодта Куырдалæгонмæ, уæд.
Уый куы асыгъди, уæд æрхаудта Батрадз æмæ. амарди. Зæдтæ 'мæ
дауджытæ йæ сæрты ратæх-батæх кæнын байдыдтой. Уæд Батрадз ахæм
тæф рауагъта, æмæ зæдтæ 'мæ дауджытæй бирæ суртæ фæци, бирæ та дзы
мæлгæ акодта. Бацыдысты та Хуыцаумæ æмæ та хъаст кæнынц:
— Йе 'гас нын уый нæ кодта, йæ мард нын цы кæны. Æгасæй нæ цас
бакайдта, уымæй нæ фылдæр бакайдта мардæй.
Хуыцау сæм дзуры:
— Ацæут æмæ йæ уæларв Софиайы зæппадзы бавæрут! Рацыдысты
зæдтæ 'мæ дауджытæ, фæлæ Батрадзы сисын нæ фæразынц. Сифтыгътой
йыл дыууадæс цæды галтæ, фæлæ никуы 'мæ ницы — фенкъуысын кæнын
дæр сын нæ комы.
Бамидæг та сты зæдтæ 'мæ дауджытæ Хуыцаумæ, æмæ сын Хуыцау
загъта:
— Ацæут æмæ йыл Тутыры гуырд дыууæ уæныджы сифтындзут.
Сифтыгътой йыл Тутыры гуырд дыууæ уæныджы, уæдæ цы уыдаид,—
æмæ йæ уæд Софиайы зæппадзмæ бæргæ сластой, фæлæ та йын зæппадзмæ
бахæссынæн ницыуал амал ардтой: йæ сæр-иу размæ куы уыд, уæд-иу йæ
рæмбыныкъæзтæ ныббыцæу кодта зæппадзы дуармæ, йæ къæхтæ размæйæ та
— йæ къæхтæ. Ацыдысты та ноджы Хуыцаумæ æмæ йын радзырдтой
хъуыддаг. Хуыцау сæм дзуры:
— Уый мæнæй лæвар агуры.
Æмæ йыл æртæ цæссыджы æрæппæрста Хуыцау.
Уый адыл зæдтæ 'мæ дауджытæ Батрадзы бахастой Софиайы
зæппадзмæ æмæ йæ уым бавæрдтой.
Хуыцауы æртæ цæсты сыджы кæм æрхаудтой, уым февзæрди æртæ
кувæндоны: Тарандæелос, Мыкалгабыртæ æмæ Реком.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1854 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]