Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

ХÆМЫЦЫ МÆЛÆТ

Нарты Хæмыц Нарты 'хсæн номдзыд лæг уыди. Цæуæнты цыди,
хæтæнты хатти æмæ бирæ хæрзтæ фæци Нартæн.
Фæлæ йæм Борæты Бурæфæрныг рагæй мæсты уыд. Уый афтæ рауад.
Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд,
æмæ-иу æй сылгоймаджы мыккагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый-
иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ. загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт
райста Хæмыц. Йæ ус Быценон куы нæуал уыдис, уæд Борæты
Бурæфæрныджы усмæ дæр фæрæдыди. Бурæфæрныг маст йæ зæрдæйы
нытъыссæн кодта, фæлæ йæ куыд райстаид, уымæн ницы амал ардта,— йæ
ныфс нæ хаста Хæмыцмæ.
Сайнæг-æлдар сæ хæрæфырт уыд Борæтæн, æмæ йын загътой:
— Нарты Хæмыц нын бирæ фыдбылызтæ фæкодта, æмæ нын дзы нæ маст
куы райсис, уæд дын æй никуы ферох кæниккам.
— Хорз,— зæгъгæ, загъта Сайнæг-æлдар,— æрмæст ма Ахсæртæггаты
дæр бафæрсут, кæддæра уыдон та цы зæгъынц?
Сæ гуыппырсарты бафæрсын кæм бауæндыдаиккой, фæлæ Сырдон,—
арвы хин, зæххы кæлæн, Нарты фыдбылыз,— Ахсæртæггаты фæлхæрстыты
æрæмбырд кодта æмæ хъæр кæны:
— О, Ахсæртæггатæ!— фехъусут мæ уацхъуыд: æз уын зæгъын, æмæ
сымахæн уе сæфт Хæмыцы къухæй у, фæлæ йын марыны фæнд скæнут.
— Æхсæны дурæй йæ амарын хъæуы, кæннод ма йын Батрадзы хуызæн
гуырдтæ куы рацæуа, уæд нæ донмæ скъæрдзæн æмæ нæ фæстæмæ æнæ
донæй здахдзæн,— зæгъгæ, схъæр кодтой Сырдоны ныхæстæм
Ахсæртæггаты фæлхæрстытæй иуæй-иутæ.
Ацы ныхæстæ куы фехъуыста Сайнæг-æлдар, уæд бафарста Борæты:
— Кæуылты у йæ хæтæны цæуæн фæндаг Хæмыцæн, стæй цы афон
фæцæуы?
Уыдон ын загътой, кæуылты æмæ кæд, уый.
Уæдæй фæстæмæ Сайнæг-æлдар райдыдта Хæмыцы фæдыл зилын.
Иу бон куы уыд, уæд Хæмыц цуаны ацыд, æмæ йæ Сайнæг-æлдар
рауыдта. Йе 'фсургъыл куыд фæцæйбадти Хæмыц, афтæ йæ Сайнæг-æлдар
æрбаййæфта. Хæмыц æм бæргæ фæзылд, фæлæ йæ Сайнæг-æлдар кардæй
ныцъыкк ласта. Хуыцау кард Хæмыцæн Архъызы дæндагыл сæмбæлын
кодта, æмæ кардæй иу къæртт фæхауди æмæ арвыл абадт — Мæй уæдæй
фæстæмæ ис. Ноджыдæр æй ныццæфтæ кодта, æмæ йæ афтæмæй амардта. Йæ
мард ын йæ бæхы саргъмæ бабаста. Бæх Хæмыцы мард Ахсæртæггатæм
æрхаста.
Ахсæртæггатæ уайтагъд базыдтой, уыцы бæллæх сыл Борæты ардыд
æмæ Сайнæг-æлдары къухæй кæй æрцыди, уый.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1198 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]