Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

НАРТЫ СИМД

Арвы рухс æмæ зæххы фидауц баскуыхти авд æфсымæры иунæг хо
Акула-рæсугъд.
Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы 'хсæн, авд
фæндаджы астæу, æфсæн мæсыг æмæ уым бадти, æттæмæ нæ каст; йæ
цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ
бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не 'фтыди.
Уæд иу бон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Уырызмæгæй
фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой. Симгæ
та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, сау хъæды бæлæстæ фæзтытæ
кодтой, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта.
Уырызмæг уыцы афон цуаны уыди æмæ сыл æрбафтыди.
— Уæ гуыпп-гуыппæй адæмы туг куы фæлидзын кодтат, уæд уыл цы
'рцыди, цæуыл симут, Нарты гуыппырсартæ?— фæрсы сæ Уырызмæг.
— Цæуыл симæм, уый дын куыннæ зæгъдзыстæм: авд фæндаджы астæу
æфсæн мæсыджы цæры бæсты рæсугъд Акула. Æттæмæ нæ кæсы,' йæ цæст
лæгыл никуыма æрхæцыди. Алы бон дæр, Хъæндзæргæсы базыртæ йæ уæлæ,
афтæмæй арвыл æртæ зилæны æркæны. Симæм, кæд мийаг йæ иу рацыды
махырдæм фæкомкоммæ уаид, æмæ нæ йæ цæст искæуыл æрхæцид, йе та
йæ, æппын фæстагмæ, кæд уынгæ фæкæниккам.
— Гъæ, мæгуыр уæ бон, гъе!— зæгъгæ, ныккодта зæронд Уырызмæг.
Цы мын радтиккат, æз уын куы фенын кæнин Акула-рæсугъды, уæд?
— Æз дын радтин мæ уайаг бæх.
— Æз дын радтин мæ кæрдгæ кард.
— Æз дын радтин, хох цæрдхуынкъ цы 'рдын æмæ фат кæнынц,
уыдон,— дзурынц симгæ-симын Нарты гуыппырсартæ, кæрæдзийы дзыхæй
дзырд исынц, афтæмæй.
— Уæ, тæхуды, Уырызмæджы зæронд, æмæ ахæм лæг куы разындис,
Акула-рæсугъды ардæм чи 'рсаид, уæд дын æз, ивгъуыйгæ цы æрдын нæ
кæны, уый дæр нæ бавгъау кæнин,— загъта фæстагмæ Хæмыцы фырт
Батрадз.
Йæ хъулон Æрфæны фæзилы Уырызмæг, тæхынтæ, уайынтæ сисы æмæ
дзуры йæ бæхмæ:
— Мæсыджы размæ куы ныххæццæ уæм, уæд-иу къуылыхы æфсон скæн
æмæ-иу размæ мауал æккуырс æппындæр. Æз дæ ехсæй, мæ бон цас уа,
уыйас нæмдзынæн, фæлæ-иу ды къахдзæф дæр ма кæ размæ, цыма стайгæ
бакодтай, уыйау.
Мæсыджы размæ куы ныххæццæ сты, уæд бæх йæ къæхтæ ныццавта æмæ
размæ нал змæлыд. Уырызмæг æй нæмын байдыдта, йæ ехсы цæф
æрвнæрæгау хъуысти мæсыгмæ. Фæлæ Æрфæн къахдзæф дæр нал кæны
размæ.
— Уый цавæр хъæр у, арвы хъæры хуызæн?— фæрсы дис гæнгæ Акула-
рæсугъд.
— Дæлæ иу зæронд лæгæн йæ бæх нал цæуы, æмæ йæ нæмы, æмæ уый
ехсы хъæртæ сты,— дзуры Акуламæ йæ фæсдзæуин чызг.
— Цæугæ æмæ йæ бауром, суазæг æй кæн,— уый кæнæ стыр мæстджын
у, кæнæ нозтджын, кæнæ æдылы, кæннод та йæ усы æбуалгъ митæй йæ
зæрдæ кæмæн фæрыст, ахæм.
Фæсдзæуин чызг рацыд æмæ дзуры Уырызмæгмæ:
— Фысым бакæ, зæронд лæг, дæ бæхы фæллад дæр уал суадз æмæ
дæхи фæллад дæр.
— Гъæ, дæ бон бакалай, мæнæ хъал чызг! Фысым кæнæн рæстæг мын
куы уаид, уæд ардыгæй уæлæмæ дæр уæ тапкайы хуызæн искуы
ссардтайн, фæлæ ууыл нæ дæн: Агуыры æфсæдтæ денджызы былмæ
æрбабырсынц; мæ иунæг хо уым цæры, æмæ йæ фервæзын кæнын кæд мæ
къухы бафтид, кæнæ ма йæ кæд уынгæ фæкæнин,— дзуры чызгмæ
Уырызмæг.
Фæсдзæуин чызг аздæхт æмæ Акулайæн рафæзмыдта Уырызмæджы
ныхас.
Акула-рæсугъд æфсады кой куы фехъуыста, уæд куыннæ фæтарстаид!
Æрхызти мæсыджы сæрæй æмæ дзуры Уырызмæгмæ:
— Ахсæв ам лæу, хорз зæронд лæг! Дæ бæхы дæр баулæфын кæ,
дæхæдæг дæр дæ фæллад суадз; райсом та, Хуыцау цы зæгъа, уый
уыдзæн.
Уырызмæг ма хуыздæр цы куырдта Хуыцауæй — сразы ис. Хорз æй
куыннæ суазæг кодтаиккой æхсæвы!.. Райсомæй, бон куыддæр фæцъæх
ис, афтæ фестад Уырызмæг, йæ бæхыл абадт æмæ афтæ тагъд атахт,
цыма цæсты фæныкъуылдмæ арвы кæрон балæууыдаид. Ныр мæ нал уынынц,
зæгъгæ, афтæ куы ацыд, уæд йæ бæхæй æрхызт æмæ йæхиуыл бонасадæн
кæны. Уалынмæ та дæлæ тæргæ бæхæй фæстæмæ æрбацæуы æмæ дардæй хъæр
кæны:
— Уæхи æфснайгæут! Уæхи æфснайгæут!
Мæсыгæй йæм дзурынц:
— Ныхасмæ ма нæм фæлæу!
Уырызмæг йæ бæх баурæдта.
Рауадысты йæм æмæ йæ фæрсынц:
— Цы у, дæ хорзæхæй?— радзур ма нын æй дзæбæх.
— Мæ хойы нал федтон! Агуыры æфсæдтæ æрбахæццæ сты, æмæ уайын,
кæд ма мæ бинонты бафснайын мæ къухы бафтид.
— Дæ хорзæх мын Хуыцау радтæд, æмæ мæн дæр демæ акæн —ам мæ
дзæгъæл ма ныууадз,— дзуры Уырызмæгмæ Акула-рæсугъд. .
— Мæхи бинонты бахъахъæнын куы бафæразин, дæ быгъдуаны та ма
куыд бацæуон,— дзуапп ын радта Уырызмæг.
— Дæ Хуыцаумæ скæс, æмæ мæ ма ныууадз,— зæгъгæ, та йæм дзуры
Акула-рæсугъд.
— Дæ тыхстмæ кæсын мын зын уыдзæн, фæлæ цæй... цы гæнæн ма
ис?! Раифтонг кæн дæхи!— зæгъгæ, загъта уæд Уырызмæг æрæджиау,—
Хуыцауæй цы куырдта, уыцы хъуыддаг йæ къухы бафтыд.
Акула-рæсугъд æмбæрзт хъандзалджын тулæджы æхсæз бæхы
аифтындзын кодта, йæ хæзнатæ йемæ рафснайдга æмæ араст ис
Уырызмæджимæ.
Иу чысыл куы ауадысты, уæд Акула дзуры:
— Зæронд лæг, кæд дæ бæх бæхты фарсмæ цæуын бафæраздзæни, уæд
æй бабæдт, дæхæдæг мæнæ мæ фарсмæ сбад.
Уырызмæг йæ хъулон Æрфæны бæхты фарсмæ æрбаста, йæхæдæг
æмбæрзт тулæджы Акулайы фарсмæ фæлмæн бадæны сбадт æмæ уырдыгæй
бæхтæрджытæн фæндаг амыдта.
Æрбаввахс сты Сау хохмæ. Хохы сæр сау мигъ сбадти,— уый Нарты
гуыппырсартæ сæ симд стыхджын кодтой, æмæ рыг сæ сæрыл сбадти.
Акула фæрсы Уырызмæджы:
— Уыцы сау мигъ та цы у?
— Уый, бæлвырд, Нарт æфсады кой фехъуыстой æмæ йæ ныхмæ
рацыдысты, æмæ дæ кæд фæнды, уæд уырдæм ссæуæм.
Акула ахъуыды кодта æмæ загъта:
— Æфсады ныхмæ чи рацыд, уыдонæй хуыздæр ма нæ чи
бахъахъæндзæн, хуыздæр ран ма кæм ссардзыстæм?
Ацыдысты æмæ Сау хохы сæр Нарты симды балæууыдысты. Нарт сæ
симды кой кæнынц. Акула-рæсугъд сæм æхгæд рудзынгæй ракасти.
Цæхæрцæст нæрæмон Сослан æй куы ауыдта, уæд йæхи нал баурæдта,
йæ уæнгтæ сцагъта æмæ йæм дзуры:
— Ацал-ауал боны мах ам дæу тыххæй симæм. Ныр дæ курын, æмæ
мемæ расим.
— Бæргæ хорз лæг дæ, Сослан, демæ бæргæ расимин, фæлæ хохаг
лæг дæ, æмæ дын де 'рчъиты фæсал кæнын куы нæ базонон, уæд мæ
бафхæрдзынæ.
— Ме 'рчъийы быны фæхъау фæу,— зæгъгæ, йæм йе 'рчъийы бын
сдардта Сослан, йæхæдæг уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй раздæхти.
— Уæд та мемæ асим, Акула-рæсугъд,— дзуры Къандзы фырт чысыл
Сæууай.
— Бæргæ асимин демае, фæлæ дын Нарты гуыппыр-сартæй исчи мæ
къухы 'фсон дæ къух куы фелхъива, уæд дын ныммур уыдзæн.
— Уæдæ мемæ асим,— дзуры йæм Хæмыц.
— Демæ бæргæ асимин, Хæмыц, фæлæ уалдзыгон кæрдæг æмæ фæззыгон
фæсал иумæ куыд схæццæ уой, дæ зачъе афтæ сси.
— Аргæ дæр дæ æз скодтон, хонгæ дæр дæ æз æркодтон, æмæ мемæ
расим,— дзуры йæм Уырызмæг.
— Демæ бæргæ асимин, Нарты зæронд Уырызмæг, фæлæ де 'фсин —
Сатана тынг карз адæймаг у, æмæ дын уыимæ куы нæ бафидауон.
— Мæ кæлгæ нуазæн Сатана æмæ ме 'дзаг фынг Сатанайы сæрвæлтау
фæу,— зæгъгæ, йæхи райста Уырызмæг.
Æппæты фæстагмæ йæм дзуры Хæмыцы фырт болат Батрадз:
— Чызг, мемæ расим!
— Ай-гъай расимин демæ, Хæмыцы фырт болат Батрадз,— Нарты
'хсæн æнаипп иунæг ды куы дæ! Фæлæ дæумæ дæр иу аххос ис:
базырджын æвдсæрон уæйыг Хъæндзæргæс дын дæ фыдæлтæй иуы — Уон,
зæгъгæ, йæ ном, уый фæсхохмæ фæхаста; йæхицæн æй хъомгæс скодта,
мидгъуын кæрцы цæуы, æмæ йын слыскъ ис; хуры йын æмпылгæ кæны йæ
къæрит, къæвдайы — ивæзгæ, афтæмæй цæры. Уый Хъæндзæргæсы исбонимæ
куы рахæссай, уæд демæ симын бæгуыдæр æмбæлы мæныл.
Батрадз, цыма йын исчи йæ былтæ ракъуырдта, уыйау фæстæмæ
фездæхти æмæ дзуры:
— О, Нарт! Æз цæуын, æмæ ме 'рыздæхынмæ уæ симд ма фехалут,
стæй Акула-рæсугъдмæ зул дзырд ма скæнут, йæ зæрдæхудт ын мацæмæй
райсут!
Уый адыл йæ бæхыл йæхи баппæрста Батрадз æмæ сæхимæ смидæг ис
æмæ дзуры Сатанамæ:
— Нана, уæ Нана! Нарты хæтæг адæм хæтæны цæуынц, æмæ нæм
фыдæлты хæзнайæ — йе цирхъы зæронд, йе згъæр — кæд искуы исты
баззад, уæд мын æй бацамон.
— Уæ, Нана дæ фæхъау æрбауа!— уæртæ нæ мидæггаг хæдзары иу
æфсæн чырын дæ фыдæлты дзауматæй йæ тæккæ дзагæй лæууы. Бацу йæм,
хатиагау æм сдзур. Байгом уыдзæн æфсæн чырын, æмæ дæ дзы цы хъæуа,
уый-иу сис.
Батрадз бацыд мидæггаг хæдзармæ æмæ хатиагау сдзырдта чырынмæ.
Чырыны дуар зæланг гæнгæ байгом ис.
Згъæрæй, цирхъæй йæ зæрдæмæ цы фæцыд, уыдон йæ уæлæ æрæфтыдта
Батрадз æмæ афтæмæй Сатанамæ бацыди.
— Нана, уæ Нана! Зæгъ-ма, куыд мыл фидауынц нæ фыдæлты гæрзтæ?
— Уæ, Нана дæ сæрыл хаст фæуа,— куыд дыл фидауынц, куы!— хуры
тын хæхтыл куыд фидауы, афтæ дыл де 'згъæр фидауы, уалдзыгон æртæх
нæуæг кæрдæгыл куыд фидауы, афтæ та — дæ цирхъ.
— Нана, уæдæ хæссынæн рог, хæрынæн дзæбæх цы хæринаг уа, ахæм
мын ракæн. Стæй бавдæл, æмæ нæ фыдæлтæй Уон чи хуынди, уымæн кæд
йе зæронд, йе идоны зæронд искуы баззад, уæд мын уыдон дæр
бацамон.
Сатана хæринаг ацæттæ кодта, стæй дзуры Батрадзмæ:
— Уæртæ зæронд хæдзары рагъæныл — Уоны саргъ æмæ идон, райс сæ
æмæ ацу сау хъæдмæ. Хъуыддаг афтæ у:
Уонæн баззад иу урс бæх, æмæ бон хохы фидары вæййы, æхсæв та
хъæды æрдузмæ рацæуы хизынмæ. Хохæй æрдузы æхсæн иу къахвæндаг
снадта æмæ дыууæрдæм дæр цæуы ууыл. Кæд дæ дæ хъару ахæсса, уæд дæ
къухы бафтдзæн, кæннод цы хос ис!
Уоны саргъ æмæ идон йемæ айста Батрадз æмæ ацыди сау хъæдмæ
æмæ къахвæндаджы сæрмæ даргъдæр цы бæлас уыд, уый цонгыл сбадти.
Урс бæх æхсæвы хизынмæ куы рацæйцыд, уæд æм Батрадз бæласы цонгæй
йæхи æрæппæрста æмæ йыл абадт. Бæх æй æрдузы ахаста. Батрадз ын йæ
хæмхудтæм февнæлдта æмæ йыл фыццаг идон афтыдта, стæй йыл æваст
саргъ авæрдта. Хъал бæх йæхи хæрдмæ фехста æмæ сау хъæды бæлæстæй
мигъы æхсæн ахъазыди. Батрадз ын æртæ цæфы ахæмтæ фæкодта, æмæ йæ
фæрстæй æрчъихор фæхауд, стæй йæ æрбамбырдтæ кодта æмæ цæуын
байдыдта.
Цыди æмæ дæргъ уæрхмæ гæрста.
Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ йæм иуахæмы йæ бæх дзуры:
— Ныр кæдæм цæуыс?— фæндаг зонын хорз у!
— Нæ фыдæлтæй нын иуы æвдсæрон уæйыг Хъæндзæргæс фæхаста
фæсхохмæ, æмæ уый агурынмæ цæуын,— дзуапп ын радта Батрадз.
— Ой, уый дæ къухы кæм бафтдзæни!— загъта бæх.— Дæ фыд дæр
уыцы уæйыгыл бирæ фæархайдта æмæ йын ницы фæрæз ссардта. Хъуыддаг
афтæ у: уæйыгæн йæ бацæуæны дыууæ хохы хæцынц фырытау. Уыдон сæ
кæрæдзийæ куы фæхицæн вæййынц, уыцы афон мæнæн æртæ ахæм цæфы
ныккæнын куы бафæразай, æмæ мæ фæрстæй æрчъихортæ куыд схауа, дæ
армытъæпæнтæй та уафсхортæ, уæд баирвæздзыстæм, на 'мæ — æз дæр
сæфт, æмæ ды дæр. Иухатт мæ дæ фыд æххæст цæфтæ ныккæнын нæ
бафæрæзта, æмæ мын хæхтæ мæ къæдзил алхъывтой, æмæ уым аззади.
Уæдæй ардæм, кæс, къудайæ цæуын.
Уыцы ныхас гæнгæйæ схæццæ сты, хæхтæ фырытау кæм хæнынц,
уырдæм. Батрадз йæ бæхыл ахъазыд, æрбамбырдтæ йæ кодта, хохы 'рдæм
æй фездæхта æмæ, ныр дыууæ хохы фæйнæрдæм цæуыныл сты, зæгъгæ,
афтæ йын æртæ цæфы ахæмтæ ныккодта, æмæ бæхы фæрстæй æрчъихортæ
фæхауд, йæхи армытъæпæнæй та — уафсхортæ; йæ ехсы хъæрæй бæстæ
ныййазæлыдысты, дыууæ хохы фæкъуырма сты. Бæх атæррæст ласта æмæ
хæхтæн иннæрдыгæй фæци. Хох фалæрдыгæй лæгъз къуылдымтæ-къуылдымтæ
ахаста, æмæ сыл иуырдыгæй бæхрæгъæуттæ 'мæ стуррæгъæуттæ æмызмæлд
кодтой, иннæрдыгæй та лыстæг фосæй сау адардта. Рæгъаугæсæй дзы
лæууы иу зæронд лæг. Батрадз æм бацыд æмæ йæм дзуры:
— Дæ бон хорз, зæронд лæг!
— Хорзæй цæр, мæ хур! фæлæ абоны онг æз ардæм æрбацæуæг куы
нæма федтон, цæуæг куы нæ уадзы, тæхæг куы нæ уадзы йæ бæсты
'ввахс æвдсæрон уæйыг, уæд ды цавæр диссаг дæ — куыд æмæ цæмæн
æрбафтыдтæ?— зæгъгæ, йæ фæрсы зæронд лæг. Йæхæдæг Батрадзы
дзуаппмæ нал фенхъæлмæ каст, фæлæ бæхы алыфарс æрзылди, æмæ йæ
цæсты сыгтæ зæхмæ æргæргæр кодтой.
Батрадз æм дзуры:
— Цы кæныс, зæронд лæг,— мæ фенд дын афтæ хъыг уыди?
— Дæ фенд мын хъыг бæргæ нæ уыди, фæлæ ацы Хуыцауы 'лгъысты
къухы бахаудтæн, уæд мæ ацы бæхы хуызæн бæх баззади,— æвæдза,
афонмæ йæ искуы бирæгътæ ныххордтой. Уый мæ зæрдыл æрбалæууыди,
æмæ мæ цæсты сыгтæ ууыл æркалдысты.
— Уæдæ кæугæ ма кæн, зæронд лæг,— ай, дæхицæй цы бæх баззад,
уыцы бæх у, æз та Нарты Хæмыцы фырт Батрадз дæн, æмæ тæрсгæ мауал
кæн!
— Рахиз-ма, уæдæ, дæ бæхæй, æз дын де уæнджы конд фенон,
кæддæра æцæг махæй дæ,— дзуры зæронд лæг.
Батрадз æрхызт йæ бæхæй æмæ йæм бацыд. Зæронд лæг ын йæ
уæнгтыл йæ къух æруæгътытæ кодта.
— Нæхицæй дæ бæлвырд, нæхи уæнгты конд дын ис, фæлæ цæмæ
'рбацыдтæ? Æз кæй фесæфтæн, уый æгъгъæд нæ уыд, ды та ма дæхи
цæуыл фесæфтай?— зæгъгæ, загъта зæронд лæг æмæ ныккуыдта.
— Кæугæ ма кæн, зæронд лæг, кæуынæй ницы пайда ис, фæлæ цæргæ
кæм кæны уæйыг, уый мын бацамон.
Уый дæр ын æй бацамыдта:
— Уæлæ Сау хохы сау лæгæты цæры; йæ дуарыл дур æвæрд,
рафæлдахæн цы дурæн нæй, ахæм дур.
Ссыди Сау хохмæ Батрадз; лæгæты дуарыл цы хох-дур æвæрд уыд,
уый фæрсырдæм асхуыста æмæ багæпп ласта мидæмæ. Уæйыг хуыр-хуырæй
хуыссы, йæ хъæлæсæй цæхæр кæлы; царыл æмбæлы цæхæр æмæ фæстæмæ сау
фæныкæй згъæлы. Йæ нывæрзæн бады Хуры чызг Хорческæ, хуртæ йæ
дæллагхъуырæй худынц; йæ дæлфæдтæм та бады Мæйы чызг Мысырхан;
залмы сыфтæ тилынц æмæ уæйыгмæ бындз хæстæг нæ уадзынц; сæ разы —
фынгтæ, алыхуызон хæринæгтæй зæхмæ æртасыдысты; фæрсмæ дæр сæм нæ
кæсынц чызджытæ, фæлæ кæуынц, сæ цæсты сыг донау уайы, кæлы зæхмæ
æмæ уым налхъуыт-налмас цæппузыртæ фесты.
— Уæ, уæ бон хорз, чызджытæ!— зæгъгæ, сæм дзуры Хæмыцы фырт
Батрадз.— Цæуыл кæут?
Фестадысты чызджытæ æмæ дыууæйæ дæр æмдзыхæй сдзырдтой:
— Дæ хъуыддаг раст уа, Хæмыцы фырт болат Батрадз! Мах кæй
сæфæм, уый æгъгъæд куы уыд, ды та ма дæхи къахæй цæмæн æрбацыдтæ
сæфынмæ? Мах ууыл кæуæм, æмæ ныртæккæ нæ сæрыхицау райхъал уыдзæн
æмæ та нын нæ туг бацъирдзæн. Фондз мæйæ фондз мæймæ нæ фæхæссы
алы дзæбæх хæринаг æмæ нуазинагæй; фæндзæймаг мæй куы фæвæййы, уæд
нын не счъилты туас ныззилы æмæ нын нæ туг сцъиры. Уыцы тугæй
дыууæ къуырийы цæры æнæ райхъалæй. Ныртæккæ у нæ туг цъирын афон.
Батрадз йæхиуыл нал фæхæцыд æмæ йæ цирхъ фелвæста. Гъа ныр
ныцъыкк ласон уæйыджы, зæгъгæ, куыд сфæнд кодта Батрадз, афтæ йæм
чызджытæ дзурынц:
— Ма ныццæв!— уымæн искæй цирхъæй мæлæн нæй. Æрмæст æй райхъал
кæндзынæ, æмæ дæ бахæрдзæн.
— Уæдæ цæмæй у йæ адзал?— фæрсы сæ Батрадз.
— Мæнæ нæ фæсдуар стыр чырын æхгæдæй лæууы. Байгом кæнæн ын
нæй. Чырыны хуылфы ис стыр цирхъ, йæ раласынæн сæдæ цæды галтæ
кæмæн хъæуы, ахæм. Уымæй у, гъе, йæ мæлæт, æндæр ын адзал нæй —
цирхъ æй нæ кæрды, фат дзы нæ хизы.
Батрадз чырынмæ бауади, хатиагау æм сдзырдта, æмæ чырын байгом
ис. Уырдыгæй цирхъ фелвæста æмæ дзы уæйыджы бæрзæй ныцъыкк ласта.
Æмæ йын йæ авд сæрæй æхсæз ахауын ласта. Æвдæймаг сæр дзуры:
— Хæмыцы фырт Нæртон Батрадз! Фынæй лæгмæ бавналын дын аккаг
нæ уыди!
— Бæргæ нæ уыди, фæлæ æгæр кæй бафхæрдтай Нарты, уымæ гæсгæ мæ
маст мæ хъуырмæ схæццæ ис, æмæ мæхи нал баурæдтон, уый йеттæмæ мын
аипп кæй уыди, уый зонын,— загъта Батрадз.
— Уæдæ дæ курын: цæмæй тагъддæр амæлон, хъизæмар бирæ нал
фæкæнон, уый тыххæй ма мæ дыккаг цæф ныккæн,— дзуры уæйыг.
— Нарты Ахсæртæггатæ Елиайау иудзæфон сты,— дзуапп ын радта
Батрадз.
Уæйыг ма йæ сæр бæргæ фæхъил кодта, бæргæ ма схæцыд йæхиуыл,
фæлæ ницыуал... Уæлгоммæ афæлдæхт, йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ
дæргъæй баззади.
Хуры чызг æмæ Мæйы чызг куыннæ бацин кодтаиккой, мæгуыртæг! Сæ
хъыджы цæсты сыгтæ асур сты, фæлæ сæ бæсты цины цæсты сыгтæ сæ
рустыл æргага кодтой.
— Ардыгæй фæстæмæ мах де уазæг,— зæгъгæ, бадзырдтой Батрадзмæ,
сæ сæртæ бакъул кодтой, афтæмæй.
— Уæ зæрдæ фйдар уæд — нæ уæ ныууадздзынæн дзæгъæлы!— дзуры
сæм Батрадз.
Уæд ын чызджытæ загътой:
— Ам ис иу æрчъиаг. Ууыл дунейы исбон бацæудзæн. Ис дзы ноджы
иу синаг. Уымæй цыдæриддæр æртухай, уый гæлæбуйы уæз нал фæкæны.
Ис ма дзы дыууæ хъандзал базыры, Хъæндзæргæсы базыртæ. Уыдоныл
цыдæриддæр авæрай, уый хæхты, хъæдты сæрты ахæсдзысты, кæдæм дæ
фæнда, уырдæм. Стæй ма уартæ хохы дагъы ис æхсыры цад. Уымæй йæхи
чи цынайа, уый, ног милтæ кæуыл рахæцы, ахæм лæппу фестдзаени!
Батрадз фыццаджы дæр зæронд лæджы акодта æхсыры цадмæ æмæ йæ
уым цынадта. Зæронд лæг лæппу фестади. Стæй æхсырæй йæ цылыхъ
байдзаг кодта. Уый фæстæ уæйыджы фæллой æрæмбырд кодта — фосæй,
хорæй — æмæ сæ æрчъиагыл самадта. Синагæй сæ æртыхта, сæ сæрыл сын
Уоны, Хорческæйы æмæ Мысырханы сбадын кодта. Хъандзал базыртыл сæ
авæрдта æмæ, дыууæ хохы фырыты хæст кæм кодтой, ууылты ратахтис
æмæ Нарты бæстæм æртахт. Уым синаг райхæлдта, æмæ, æрчъиагыл цы
фосы дзугтæ æмæ бæхты рæгъæуттæ уыд, уыдон рацыдысты æмæ бæстæ
бамбæрзтой. Йæ фыццаг сæ скодта Батрадз, Уон æмæ чызджытæ дæр
йемæ, афтæмæй, æмæ Сау хохмæ ссыди. Нарты гуыппырсартæ ма уым
цæлхæмбырдæй сæ симды кой кодтой.
Акула-рæсугъд æхгæд тулæджы рудзгуытæ йæхиуыл æхгæдæй дардта,
афтæмæй Батрадзæн йе 'рцыдмæ къахæй-къухмæ фæлыст сцæттæ кодта.
Батрадз Хæмыцы, цылыхъы цы 'хсыр рахаста, уымæй ахсадта, æмæ
Хæмыц усгур лæппуйы карæн фестад.
Бацыд Мæйы чызг Мысырханмæ Батрадз æмæ йæм дзуры:
— Абонæй фæстæмæ уыдзынæ Уоны бинойнаг!
Бацыд Хуры чызг Хорческæмæ Батрадз æмæ йæм дзуры:
— Абонæй фæстæмæ уыдзынæ Хæмыцы бинойнаг!
Йæхæдæг та Акула-рæсугъды ахаста йæхицæн усæн.
Гуыпп чындзæхсæвтæ куыннæ ныккодтаиккой Нарт — къахыл
цæуынхъом чи уыд, уыдон иууылдæр æрæмбырд сты æмæ иннабонæй-
иннабонмæ фæхордтой, фæнозтой, фæхъазыдысты.
Категория: ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1478 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]