Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ

АХСÆРТÆГГАТÆ ÆМÆ БОРÆТЫ ХÆСТ

Ахсæртæггатæ æмæ Борæтæ уыдысты дыууæ мыггаджы. Уыдысты
сыхæгтæ. Кæрæдзийæ дардтой фæйнæ авд туджы.
Иу бон куы уыд, уæд Ахсæртæггаты лæппутæ къорийæ хъазгæ
æрбацæйцыдысты. Сæ къори Борæты куырдадзмæ батылди, æмæ лæппу йæ
фæстæ бауади. Борæты куырд уыдис куырдадзы; лæппуйы рацахста,
фæмард æй кодта æмæ йæ лæглæууæн дзыхъы ныппæрста, уæлæмæ куыд нæ
зындаид, афтæ. Ахсæртæггатæ агурын райдыдтой сæ лæппуйы. Уырызмæг,
Хæмыц æмæ Сослан арвы кæрæтты хаттысты сæ лæппуйы агурæг.
Уырызмæгмæ хуыскъ хъуг уыдис. Сырдон куы базыдта, Уырызмæг
лæппуйы агурæг ацыд, уый, уæд бавдæлд æмæ хъуджы сæргæвста. Изæрæй
Ныхасы бадтысты лæгтæ. Сырдонæн уыдис авд лæппуйы; йæ иу лæппу
æрбауад Ныхасмæ æмæ Сырдонмæ дзуры:
— Баба, сау гал хос нæ хæры.
Æмæ йын Сырдон загъта:
— Рамбырдтæ йын кæнут хосы муртæ æмæ йын сæ йæ разы нывæрут
æмæ кæд хæра, уæд хæрæд, кæннод æй мардæн бахордæуæд (ома лыстытæ
рамбырд кæнут æмæ сæ аджы бын бандзарут, æмæ кæд фыца, уæд
сфыцæд).
Уыцы фæсномыг ныхæстæ Ахсæртæггаты лæппутæ бамбæрстой. Ауылты-
ууылты акодтой æмæ Сырдоны хæдзары смидæг сты. Бакастысты, æмæ сæ
хъуджы фыд уæларт пæлхъ-пæлхъæй фыцы.
Уыдон баздæхтысты æмæ йын йæ авд лæппуйы рацахстой æмæ сæ аджы
ныппæрстой — уым нæ хуыскъ хъуджимæ фыцут, зæгъгæ!
Сырдон бацыд йæ хæдзармæ æмæ хъæр кæны:
— Кæм стут, лæппутæ, иу дæр уæ ма баззайа!
Куы ничи йæм зынди, уæд цæвнæлдта агмæ æмæ дзы йæ лæппуты
уæнттæ систа фыдисæй. Æхсæв бонмæ сау æрдиаг фæкодта, уæдæ цы
кодтаид...
Райсомæй дуармæ рацыд æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъæр кодта:
— Уæ, куыйтæ, Ахсæртæггатæ! Мæнмæ та уын цы бауæндын хъæуы,
фæлæ уæ лæппуйы мард дæлæ Борæты куырдадзы куы æмбийы, уæд уыдонæн
цæуылнæ исты бакæнут?!
Ахсæртæггатæн хъыг уыдис, фæлæ сæ лæгтæй сæхимæ ничи уыд, æмæ
лæппутæ цы бакодтаиккой.
Борæтæ ницæмæйуал тарстысты æмæ бынтон хынджылæг кодтой
Ахсæртæггатæй.
«Уæдæ ма сын цы хъыгдæр уыдзæн Ахсæртæггатæн?» — бафарстой
Сырдоны. Æмæ сын Сырдон бацамыдта: «Ацæут æмæ сын уæ куырдадзæй сæ
лæппуйы мард скъахут, йæ сæр ын ралыг кæнут æмæ йæ кауы михыл
æрсадзут æмæ йæ уырдæм æхсут — уымæй хъыгдæр ницы уыдзæн
Ахсæртæггатæн ».
Æцæгдæр, Борæтæ афтæ бакодтой.
Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан æртæ азы фæцагуырдтой сæ лæппуйы,
зæххыл цы нæ къуым басгæрстой, ахæм нал баззади. Уырызмæг
раздæхти, Хæмыц æмæ ма Сослан агуырдтой лæппуйы зæрдæхсайгæ рæтты.
Уырызмæг сæ хъæумæ куы 'рцæйхæццæ кодта, уæд йæ хъустыл фаты
'хситт суади. Фаты 'хситтытæ æгæр куы цыди, уæд йæ бæх тагъддæр
раскъæрдта: «Чидæр нæм тыхгæнæг æрцыдис, æмæ мæнæн худйнаг у,
фæдисы куы нæ фæуон, уæд».
Куы 'рбахæстæг ис, уæд базыдта, сæ лæппуйы сæры къуыдырæй сын
кæй хъазынц Борæтæ, уый, æмæ сæ бафарста:
— Уый цы ми кæнут, цы 'хсут?
Уыдон ын загътой:
— Уæртæ иу куыдзы сæр фатæй æхсæм, æмæ йæм фæттæ æмгæрон дæр
нæ цæуынц!
— Мæнæн дæр бар радтут, æмæ æз дæр фехсон!— загъта Уырызмæг.
— Марадз, фехс,— зæгъгæ, йын зæгъынц Борæтæ.
Уырызмæг скуывта: «О, Хуыцау, кæд нæ лæппуйы сæр у, уæд мæ
фаты фехстмæ мæ хъæбысы абадæд!»
Æцæгдæр, сæры къуыдыр фесхъиудта æмæ Уырызмæджы хъæбысы абадт.
Уалынмæ Хæмыц æмæ Сослан дæр æрыздæхтысты. Куыннæ сын уыдаид
хъыг, хъуыддаг куы базыдтой, уæд.
Адæм дыууæ мыккаджы æхсæн бацыдысты, æмæ Ахсæртæггатæй
куырдтой, цæмæй бафидыдтаиккой, уый; сæхи чызг дæр сæм хатыдта,
фæлæ уæддæр нæ разы кодтой. Схæцыдаиккой, æмæ уымæ дæр сæ ныфс
тынг нæ хастой, уымæн æмæ Борзетæй бирæ къаддæр уыдысты.
Адæмы зæрдæйы уаг куы бамбæрстой Ахсæртæггатæ, æнæ бафидаугæ
сæ нæ ныууадздзысты, уый, уæд бæхтыл абадтысты æмæ Борæты рæзты
ехсæй къæрццытæ гæнгæ рараст сты Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдармæ æфсад
курæг.
Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан куы рараст сты Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-
æлдармæ, уæд сæ сæхи мыккагæй чызг ралгъыста:
«Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау афтæ саккаг кæнæд, æмæ авд
азы дæргъы уæ арæхстдзураг дзых дзургæ куыд нæуæл кæна, уæ кæрдаг
кард — кæрдгæ, уе 'мбæлаг фат — æмбæлгæ, уæ уайаг бæх — уайгæ, кæд
нæ фидаут, уæд!»
Ахсæртæггатæ Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдармæ ныхæццæ сты. Æлдармæ
барвыстой, æмæ сæм æлдар рацыд. Ныхæстæ йын кæнынц, æмæ цы
дзурынц, уый æлдар не 'мбары — сæ дзыхы дзырд ныггалиутæ ис. Æлдар
загъта:
— Уæртæ уал сæ кæркдонмæ бакæнут æмæ сæ бафсадут. Иу бон куы
уыди, уæд хъæубæсты туджы тæрхон уыди.
«Уазджытæй нæ исчи куы уаид», зæгъгæ, Уырызмæгмæ барвыстой,
бакодтой йæ сæхимæ æмæ йын зæгъынц:
— Уазæг, исты радзур.
Уырызмæг ныхæстæ, кæны, æмæ йын йæ ныхæстæй ницы æмбарынц
тæрхоны лæгтæ æмæ йæ ныууагътой.
Иу ран та дугъ уыди, æмæ барвыстой Ахсæртæггатæм, уæ бæхтæй
иуы дугъы рауадзут, зæгъгæ.
Уырызмæджы хъулон бæхы арвыстой Ахсæртæггатæ.
Дугъæттæ рауадысты. Уырызмæджы Хъулон хист дæр нал æрыййæфта,
афтæ фæстеау баззади.
Дугъы фæстæ хъабахъ æхстой, æмæ сæм барвыстой:
— Рацæут æмæ хъабахъ фехсут.
Хæмыц æмæ Сослан цалдæр æхсты фæкодтой, фæлæ се 'хст хъабахъмæ
хæстæг дæр нæ бацыди.
Сосланы кард райстой гал æргæвдынмæ, фæлæ галы хурхæй хъуын
дæр нæ ратыдта кард.
Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар Ахсæртæггатæм кæсгæ дæр нал кодта,
ницæмæуал сæ дардта.
Авд азы ахицæн сты, афтæ Сослан рацыд æмæ фыр мæстæй йæ кард
цыргъ кæнын райдыдта сигæцыл, йæ цæсты сыг доны бæсты сигæцыл
згъæлдис, афтæмæй. «Гъæ, уæууæй, гъе, фæлтау нæ Хуыцау сафгæ куы
фæкæнид!.. фæлæ Хуыйæн-дон-æлдарæн æнæ бафхæргæ нæй, кæй ныл не
'рвæссы, уый тыххæй». Цæсты сыгæй ныхсадта Сослан йæ кард, фыр
мæстæй дзы дур æркъуырдта, æмæ дур дыууæ дихы фæцис, афтæмæй зæххы
аирвæзти кард. Ахæм цæхæртæ скалдта æмæ Арыхъы фæсæлттæ ссыгъдысты
йæ цæхæртæй. Сослан сцин кодта.
Уæд та хъæубæсты уыдис туджы тæрхон, æмæ та Уырызмæджы
бакодтой уырдæм æмæ йын загътой:
— Зæронд лæг, исты раныхас кæн!
Æмæ Уырызмæг раныхас кодта. Ныхасгонд куы фæци, уæд йæ
ныхæстыл æфтаугæ дæр ницыуал бакодтой, æппаргæ дæр дзы ницыуал
акодтой,— афтæ хорз фæкастысты адæммæ.
Ноджы та дзы дугъ дæр уыди. Дугъы дæр та сын иу бæхы бар
радтой. Уырызмæджы Хъулоны та рауагътой дугъы. Иннæ бæхтæ æмбис
фæндагыл дæр нæма уыдысты, афтæ Уырызмæджы Хъулон æрхæццæ ис.
Фæндагыл кæй куыд æййæфта дугъæттæй, афтæ кæмæн йæ къæдзил тыдта,
кæмæн йæ хъус.
Сосланы кард ракуырдтой хисты гал æргæвдынмæ; кард куы
'рбавæрдтой галыл, уæд цæсты фæныкъуылдмæ галы хурх фæлыг кодта
æмæ аирвæзти æмæ, æргæвдгæ чи кодта, уый уæрджытæ дæр фæлыг кодта.
Стæй та сæ хъабахъ æхсынмæ дæр бахуыдтой. Сослан бæхыл сбадт,
афтæмæй ацыд хъабахъ æхсынмæ. Бæхыл хъазгæйæ фæхъавыди хъабахъмæ
æмæ йæ акъуырдта.
Дунейыл айхъуысти сæ кой.
«Ахæм адæм сты, æмæ сæ лæгимæ дзурæн нæй, сæ бæхимæ уайæн нæй,
гæрзарæхстæй дæр афтæ сты».
Сæ кой æлдармæ байхъуысти, æмæ сæм æлдар рацыди æмæ сын
загъта:
— Ныббарут мын, уазджытæ, ахæм стут, уый нæ зыдтон. Ныр уæ
фæрсын,— цавæр стут, цы агурæг стут?
Уыдон загътой:
— Мах дæм æрцыдыстæм æфсадгур. Куы дæм цыдыстæм, уæд нæ
ралгъыстæуыд, æмæ авд азы уый тыххæй фæхъизæмар кодтам.
Æлдар загъта:
— Ме 'фсæдтæн дæдтæн нæй, цал сты, уый чи нæ зона, уымæн; стæй
ме 'фсæдтæн сæ хæцыны хъуыддаг афтæ у, æмæ знаджы куы фенынц, уæд
бæхджынтæ иууылдæр аскъæрынц. Раздæр каудуар кардæй чи ныццæва,
уымæн хъуамæ балæвар кæнат уæ хистæры усы, уый фæстæ чи ныццæва
каудуар, уымæн та йæ бæх.
Сæхи мидæг бахъынцъым кодтой Ахсæртæггатæ, стæй загътой: «Цом
æмæ Сатанайы бафæрсæм,— уый куы ницы схос кæна, уæд мах ницы
бакæндзыстæм».
Æмæ Уырызмæг рараст ис сæхимæ. Æрцыди йæ хæдзармæ æмæ мæстыйæ
æрбадти бандоныл.
Сатана йæм бауади æмæ йæ фæрсы:
— Цы кæныс, зæронд лæг?
— Цы ма кæнон... Æфсæдтæ бæргæ ссардтам, фæлæ сæ раздæр Борæты
каудуар чи ныццæва, уымæн хъуамæ балæвар кæнон дæу; уый фæстæ чи
æрхæццæ уа, уымæн та хъуамæ балæвар кæнон мæ бæх; бæхыл бæргæ нæ
мæт кæнын, фæлæ... фæндагыл фæфæлвæрдтам, æмæ дзы æртæйы мæ бæх
æппын не 'ййафы. Æмæ цы бакæнон?
— Уымæй мын æппындæр ма фæтæрс, зæронд лæг, уыдонæн дын æз
схос кæндзынæн,—дзуры йæм Сатана.
— Ноджы ма иу хъуыддаг: Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар афтæ зæгъы:
«Ме 'фсадæн, дам, сæ нымæц чи нæ базона, уымæн сын дæдтæн нæй».
Сатана йæм дзуры:
— Уымæй дæр мын ма фæтæрс; ныр уал дæ фæллад æруадз, райсом æй
базондзынæ.
Сатана хуыйыныл æрбадти. Æртыкъахыг хæлаф акарста æмæ йæ
ахуыдта. Боны 'рдæм куы фæци, уæд æй мæсыджы къулыл ацауыгъта.
Нарты Сырдон хæйрæг кæм нæ уыди! Мæсыджы цурты æрцæуы, хæлафмæ
скаст æмæ зæгъы: «Уæу, мæнæ диссæгтæ! Сæдæ сæдæ Борæты 'фсæдтæ
сты; уæдæ дыууæ уый бæрцы та Ахсæртæггаты æфсад сты; ис дзы
къуылыхтæ, сохъыртæ, цæнкуылтæ, фæлæ дзы æртыкъахыг нæ федтон, æмæ
Сатанайы цæмæн хъæуы ацы æртыкъахыг хæлаф?
Сатана байхъуыста Сырдоны ныхæстæм æмæ сæ Уырызмæгæн
рафæзмыдта. Уырызмæг æрцыди æмæ радзырдта йе 'мбæлттæн хъуыддæгтæ.
Хуыйæндон-æлдар загъта:
— Сбадут, уæдæ, ныр уæ бæхтыл æмæ, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ,
размæ тæхут; фæстæмæ куы ракæсат, уæд ме 'фсад уæ фæстæ нал
ацæудзысты.
Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан абадтысты сæ бæхтыл æмæ фæцагайдтой
сæхи 'рдæм. Куы рауадысты иу дзæвгар, уæд Уырызмæг фæстæмæ
фæкасти, уæдæ нæ, мийаг, кæд сайгæ фæкодта Хуыйæндон-æлдар,
зæгъгæ. Кæсы, æмæ быдыртæ сау адардтой æфсадæй.
— Цæмæн ракастæ фæстæмæ,— зæгъгæ, йæм иу æфсæддон фæдзырдта.
Уырызмæг фæстæмæ куы фæкаст, уæд, æфсæдтæ цы мæсыгæй цыдысты, уый
дуар ахгæдта, æмæ иннæтæн рацæуæн нал уыд.
— Æгъгъæд нын сты адон дæр,— дзуры Уырызмæг.
Бæхджынтæн сæ иу уыцы иу тахт скодта æмæ, æвæдза, ныр ныххафт
ласа йæ кардæй Борæты каудуар, афтæ Сатана скуывта: «О, Хуыцау,
фыццаг барджытæ æртæйæ дæр цы фæкæлынц, сæ удæн куыд ницы уа,
афтæмæй, æмæ Уырызмæг сæ разæй цы фæуа, уый радт!» .
Сатана куыд загъта, афтæ 'ртæ дæр фæкалдысты. Каудуармæ
Уырызмæг йæхæдæг баразæй ис, нытъæпп æй ласта, æмæ фегом ис.
Æфсæдтæ ныццагътой Борæты. Сывæллон æмæ сылгоймагæй фæстæмæ,
кæйдæриддæр бынаты баййæфтой, уыдонæй никæйуал ауагътой.
Категория: ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1766 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]