Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ

НАРТЫ САУ РУВАСДЗАРМ

Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан цуаны рацыдысты. Ацæ сæ
хæрæфырт уыди, æмæ йæ семæ скъæрæг ракодтой. Сау бон изæрмæ æртæ
æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. Изæры 'рдæм куы уыдис,
уæд та Ацæ раскъæрдта рувас.
Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой, æмæ рувас
расхъиудта æмæ фæтымбыл ис.
Иу иннæмæ дзуры: æз æй амардтон; иннæ дæр зæгъы: æз æй
амардтон. Уæд сын Сослан загъта:
— Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амардтон,
зæгъгæ, кæд, мийаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæд дæр!
Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц:
— Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?!
— Мæнæн нæ фыдæлты джиппы уагъд уыд,— загъта сын дзуаппæн
Сослан.
— Мæнæн та мæхи къухæй конд уыди, мæ уырзтæй кæй фæцарæзтон,
ахæм,— зæгъы Уырызмæг.
— Æз та Сафайы цур бадтæн æмæ кастæн, æфсæйнæгтæ куыд лыгтæ
кодта, уымæ. Æфсæйнæгтæн сæ кæрæттæй скæнын кодтон мæхицæн фат,—
зæгъы Хæмыц.
Ссыдысты рувасмæ, бастыгътой йын йæ царм æмæ йæм æркастысты:
Уырызмæджы фат ын йæ бæрзæй асаста, Хæмыцы фат йæ син, Сосланы фат
та йын асаста йæ астæу.
Хæмыц загъта:
— Æз, хъох-дæндаг Хæмыц, Нартæн æмбисонд дæн, æмæ ацы
рувасдзармæй кæрц скæнын мæныл æмбæлы.
Сослан загъта:
— Ау, æмæ уæд Нарты Сосланыл цæуылнæ æмбæлы?
Уырызмæг загъта:
— Мæныл æмбæлы.
Афтæ нæ фидыдтой æртæ 'фсымæры æмæ кæрæдзимæ бауырдыг сты.
Ацæ зæгъы йæхи нымæры: «Хуыцау мæ бабын кодта,— мæ мады
'фсымæртæ фыдбылызы хауынц».
Куы сын старсти, уæд фæхъæддых кодта йæхи æмæ сæм дзуры:
— Уæ кæстæр дæн, фæлæ уæм уæндын. Цæй, æмæ афтæ бакæнут:
æмбисæндтæ. 'рхæссут, æмæ уæ кæй æмбисонд хуыздæр уа, рувасдзарм
уый фæуæд.
Сразы сты æфсымæртæ æмæ фæрсынц Ацæйы:
— Æмæ кæстæрæй райдайæм æви хистæрæй?
Уый сын загъта:
— Раздæр астæуккаг радзурæд, стæй кæстæр, уый фæстæ та хистæр.
Æмæ Хæмыц райдыдта дзурын:
— Æз æмбисæндтæ федтон, диссæгтæ федтон — се 'ппæт нæ
фæдзурдзынæн. Ахаркалачы кæфтæ 'лхæнынмæ уыдтæн ме 'мцек лæппуимæ,
æмæ иу ран иу суадонмæ æрцыдыстæм. Лæппумæ дзурын: «Æз иу чысыл
ахуыссон, ды уæрдонæй иу хус кæсаг райс æмæ йæ доны ахуылыдз кæн,
æмæ куы бафæлмæн уа, уæд мæ-иу сыхъал кæн,— исты ахæрæм æмæ нæ
фæндаг дарæм дарддæр». Уый адыл æз афынæй дæн. Лæппу кæсаг райста
æмæ йæ доны æрæвæрдта. Уадидæгæн мæ фехъал кодта: «Хæмыц, кæсаг
суадоны ныцъыллинг ласта æмæ афардæг ис».
«Бахордтай иæ, æмæ дын хæлар уæд,— искуы ма хус кæсаг
ныцъыллинг ласы? » — æндæр ын цы загътаин.
Хуыцауæй, зæххæй ард хæры лæппу, кæй йын алыгъди, ууыл.
Æгæр хъæддых мæм куы ныллæууыд, уæд ын æз зæгъын: «Ды лæппу
куы дæ, уæд кæмæй хынджылæг кæныс?» Фæмæсты дæн æмæ йæ кардæй
ныцъыкк ластон æмæ йæ дыууæ дихы фæкодтон.
Лæппу фæмард ис уыцы ран. Æз кæуын, дзыназын: «Мæ кæстæры мæ
гуыбыны фыдæй амардтон. Ныр ма Нартмæ цы цæсгомæй ныццæудзынæн, мæ
дзыллæмæ, мæ хъæумæ ма цы цæсгом равдисдзынæн?! Йарæби, уæдæ, куы
бавзарин æз дæр». Æмæ йæ доны цæвæрдтон... Йæ мад æй куыд
ныййардта, афтæ дзыхъынногæй рауади лæппу донæй. «Цымæ ма абонæй
фæстæмæ æз Хуыцауæй дзæбæхдзинад бацагурдзынæн: ай мын æгъгъæд
хорздзинад нæу?!» загътон мæхицæн. фыр цинæй нæ хæдзармæ заргæ-
заргæ, худгæ-худгæ æрфардæг стæм. Æз уымæй æмбисонддæр.ницы
федтон,— загъта Хæмыц.
— Йа, Сослан, ныр дæ рад у,— дзуры йæм Ацæ.
— Æз дæр æмбисæндтæ куыннæ федтон, диссæгтæ куыннæ федтон,
фæлее се 'ппæт кæм фæдзурдзынæн. Æз дæр иу кæстæримæ Зилахары
быдыры цуаны уыдтæн, æмæ иу сæгуыт амардтам. Иу обауы рæбынмæ
æрбацыдыстæм,— æрбахастам æй уырдæм. Уæхстыл дзы физонæг бакодтам.
Лæппуйæн загътон: «Æз иу чысыл ахуыссон, ды арт бацырын кæ,
физонæг куы бацæттæ уа, уæд мæ-иу райхъал кæн — исты ахæрæм æмæ нæ
фæндагыл цæуæм дарддæр».
Уалынмæ мæ лæппу сыхъал кодта. «Сæгуыт райгас и,— физонæг дæр
артыл нал ис,— æмæ фæлидзы», загъта лæппу.
«Лæппу, физонæг, æвæццæгæн, хæргæ бакодтай, сæгуытæн йе 'ннæ
та искæмæн радтай — ам фæндагыл цæуджытæй фылдæр цы ис,— уый
йеттæмæ уый та цы ныхас у!» зæгъын лæппуйæн.
«Хуыцау æмæ зæхх ме 'вдисæн, ницы бахордтон, ницы федтон,
искæмæн дæр ницы радтон,— алыгъди мын», дзуры лæппу.
Ууыл æз фæмæсты дæн æмæ кард фелвæстон æмæ йæ ныцъыкк ластон
æмæ йæ дыууæ фæкодтон, хынджылæг мæ кæныс, зæгъгæ.
Лæппу уым фæмард и. Кæуын байдыдтон, æрдиаг, сæгъæс, мæ
гуыбыны фыдæй мæ кæстæры амардтон, зæгъгæ.
Цымæ æцæг уыдаид, зæгъгæ, лæппуйы систон æмæ йæ уæхстыл
бакодтон, куыд алыгъдаид, уый фæлваргæйæ. Арт бацырындæр кодтон
æмæ лæппуйы уæхстыл артмæ дарын... Йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ
дзыхъынногæй рауади æмæ мæнæй рахъаст кодта: «Цæмæн мæ райгас
кодтай, æз мæрдты бæсты дæ усимæ симдтон, æмæ мæ нæ бауагътай».
Уымæ байхъусгæйæ, æз дæр кард мæ зæрдæсæры фæцавтон æмæ
амардтæн. Кæсын, æмæ æцæг мæрдты бæсты симынц. Æз дæр мæ усы
цонгыл ныххæцыдтæн æмæ симын. Барастыры раз бадджытæ Барастырмæ
дзурынц: «Уый Нарты Сослан куы у, уæд ам цы ми кæны?» — «Уый йæ
усы феныны тыххæй йæхи амардта æмæ нæм афтæмæй æрбацыди», загъта
Барастыр. Мæ усимæ æрцыдтæн мæрдтæй, фырт мын райгуырд, æмæ мæ ацы
рувасдзарм хъæуы мæ фыртæн худæн. Гъе 'ндæр хуыздæр æмбисонд æз
ницы зонын, мæ хæрæфырт Ацæ», фæци дзырд Сослан.
— Йа, Уырызмæг, ныр та дæ рад у,— загъта Ацæ.
Æмæ райдыдта Уырызмæг дзурын:
— Æз дæр Нæртон лæг дæн. Æмбисæндтæ мæм бирæ ис, диссæгтæ мæм
бирæ ис, фæлæ уыдон кæм фæдзурдзынæн æз се 'гас. Уыдтæн
æрæгвæззæджы Зилахары быдыры цуаны; мигъ мыл ныббадти, сау мæйдар
мыл скодта, кæдæм ацыдаин, уымæн ницыуал бæрæг уыди. Æххормаг,
дойныйæ мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Хуыцау мæ иу хæмпæлмæ бахаста,
иу фийæутты хъæууатмæ. «Гъей-джиди, ам кæрт исты куы уаид, уæд
мидæгæй схуыссин фидардæры тыххæй», загътон мæхи нымæры.
Уыцы ныхас куы скодтон, уæд дын кæсын, æмæ мæнæ иу кау. Кауы
мидæгæй фæзынди дуар: «Уæдæ мидæгæй куы схуыссин, уæд мын æдасдæр
уаид», зæгъгæ, мидæмæ бацыдтæн. Кæсын — диссаджы агъуыстытæ. Чысыл
мæ зæрдæ фæфидар ис.
«Гъей-джиди, ныр исты бахæр!» Уыцы ныхас куы скодтон, уæд фынг
мæ размæ рацыди, дуне хæрд, нозт йæ уæлæ, афтæмæй. Мæ зæрдæ мæнæ
гæркъæраджы зæрдæйы хуызæн срухс и, мæхи куы бафсæстон, уæд. «Гъе
ныр мæ ницыуал хъæуы, бафсæстæн», Æркъул кодтон нозтджынæй,
хæрдджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд бæстæ
ныррухс и.
Кæйдæр хæдзар басыгъди, зæгъгæ, фæтарстæн. Уалынджы дзурын
фехъуыстон: «Ма тæрс, Нæртон лæг, уый мæ къах разынди».
«Ай цы диссаг у,— йæ къах уыцы æрттывд кæмæн кæны, уый йæхæдæг
цавæр у?!» Уæндгæ дæр нал кодтон. Уалынмæ та ноджыдæр ныррухс и.
Рахъил кодтон, хæдзар басыгъди, зæгъгæ.
«Ма тæрс, Нæртон лæг, уый мæ къух разынди».
«Ай адæймаджы хъæлæс у, фæлæ уыцы рухс чи кæны, уый уагæры
цавæр уа?!»
Æртыккаг хатт та ноджы тынгдæр ныррухс ис. Рахъил кодтон æмæ
дис кæнын. Иннæ уатæй та мæм æрбайхъуысти дзурын: «Ма тæрс, Нæртон
лæг, мæ дзыкку азынди».
«Гъæ, Уырызмæг дын куыд амард,— мæ хуыссæны рабадтæн,— ай цы
у, уый куы нæ базонон!»
Ус мæм дзуры: «Цы кæныс, Уырызмæг? Цы дæ хъуыди хæрдæй,
нозтæй,— уыдон дæ хъуыры куы ацыдысты, уæд æнцад цæуылнæ хуыссыс
дæ бынаты, уæлдай митæ цæмæн агурыс? »
«Ай мæ йæхиуыл ардауы», загътон мæхи нымæры. Сыстадтæн æмæ йæм
фæцæуын.
«Курын дæ, æмæ мæм хæстæг ма 'рбацу,— хуыздæр дын нæ уыдзæн»,
дзуры мæм ус.
Бын бауа нозтджын лæг... Уæддæр мæ мæ хæрд æмæ мæ нозт
батардтой. Бацыдтæн æм. Уый мæ нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодта, æмæ
хæрæг фестадтæн. Цалдæр азы мæ иу лæгмæ кусынмæ радта. Ме 'рагъ
схаудта, фæхуынчъытæ сты мæ фæрстæ. Уымæй куы рацыдтæн, уæд та мæ
ныццавта нымæтын ехсæй, æмæ ефс фестадтæн æмæ та цалдæр азы ефсæй
фæцыдтæн.
Стæй та мæ ныццавта, æмæ куыдз фестадтæн. Куыдз куы фестадтæн,
уæд дунейыл мæ кой айхъуыст — уыцы усмæ ахæм хорз куыдз ис,
зæгъгæ. Уæд иу æлдарæн йæ фосыл хины сырдтæ сагъуыдысты. Æлдар
уыцы усмæ æрцыди: «Курын, æмæ мын дæ куыдз радт — дунейыл йæ кой
кæмæн айхъуысти,— кæд мын иу æхсæв мæ фосы бахъахъæнид».
«Нæ радтдзынæн, мæнæн мæ куыдз буц даринаг у».
«Æмæ бирæгътæ кæй ныццæгъдынц мæ фосæй иу æхсæв, уымæй йæ
фылдæр хъæуы?» Æмæ мæ радта.
Аласта мæ æмæ мæ йæ фийæуттæм скодта. Æлдар ногусджын уыди,
æмæ загъта йæ фийæуттæн: «Ацы куыдзмæ-иу хорз базилут, æз нæ
хæдзармæ цæуын».

Адзæхст ласта æлдар йæ хæдзармæ, йæ хъал бæхыл сбадт, афтæмæй.
«Дарæг дзы ма баззайæд дæ куыдзæй, кæд ма уый хъуаг нæ
уыдыстæм; бирæгътæ куы 'рбацæуой, уæд дзы мах фос куы нæ къаддæр
кæндзысты», загътой фийæуттæ æмæ мын ницы радтой.
Æмбисæхсæв куы ныллæууыди, уæд дыууадæс бирæгъы нынниудтой:
«Уæ, Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæмдæм!»
Æз дæр нынниудтон: «Æз уæм мæ сæр дæр не схъил кæндзынæн,— уæ
фæндон уæ бар!»
Уьгдон дыууадæсæй дæр æрбацыдысты; боны цъæхмæ сын цы 'нтысти,
уымæй нæ бацауæрстой цæгъдыныл.
Райсом æлдар йæ хъал бæхыл схæццæ ис.
«Цы фестут, исты бахъахъæдта?» — бафарста фийæутты.
«Мæнæма æрбакæс — фос æмбис фæкодтой бирæгътæ», загътой
фийæуттæ.
Æрцахстой мæ, нæмын мæ байдыдтой, чи мæм куыд æххæст, афтæ.
Æлдар мæ аласта мæ хицаумæ нæмгæ-нæмгæ,— уый бæхыл, æз бæхы
фарсмæ.
«Цы фæдæ?— фæрсы ус,— ницы дын бахъахъæдта?»
«Æнæдарæг дын фæуæд,— мæ фос мын æмбис фæкодтой бирæгътæ
дысон».
«Хуыцау дын ма ныббарæд! Хорз æй нæ федтай, æндæра, ацы
куыдзмæ цы хъарутæ ис, уый æз хъæлæкк зонын», загъта ус.
Иу æндæр æлдар та курæг æрцыди усмæ. «Дæ куыдз мын радт,— мæ
фосыл мын хины сырдтæ сагъуыдысты».
«Нæ радтдзынæн, ибон дæр ма мын æй иу æлдар нæмгæ-нæмгæ
æрласта, мæ фос мын нæ бахъахъæдта, зæгъгæ».
«Уый иу мыккагæй у, æз — æндæр мыккагæй. Уый уыцы æлдар у, æз
та æндæр æлдар дæн: мæн ууыл ма нымай».
Ус ын ницыуал загъта. Æлдар зæлдаг бæндæн йæ дзыппæй систа æмæ
мын æй мæ хъуырыл бафтыдта æмæ мæ уыцы хуызæнæй йæ фосмæ аласта.
Æххуырстытæм дзуры: «Тагъд, нæл фыстæй стырдæр чи у, уый
раласут!»
Бурæ нæл фыс раластой.
«Тагъд æй аргæвдут æмæ йæ сфыцут!»
Уайтагъд æй аргæвстой æмæ йæ сфыхтой фийæуттæ.
Фыдтæ мын дыдзы хъармæй дæдтынц, фæлмæнæй фæлмæнмæ.
«Сæгътыл разилут æмæ йын æхсыр йæ басыл ныккæнут!» Æмæ мын мæ
басыл æхсыр ныккæнын кодта.
Хорз мæ федтой — дзидзайæ, басæй.
Æлдар мын йæ фæсарц гауыз бабаста, йæ хæдзарæй куы раст
кодтам, уæд,— фысты кæрон мын æй æрытыдта. Йæхæдæг дæр уым
ныллæууыди фосимæ.
Гауыз мын куы 'рытыдта, уæд ыл æрхуыссыдтæн æмæ мæ дыууæ
раззаг къахы кæрæдзиуыл дзуарæвæрд æркодтон æмæ сыл мæ сæр
æруагътон.
Æлдар дæр бафынæй ис, фийæуттæ дæр бафынæй сты. Æмбисæхсæв
ныллæууыд, афтæ та уыцы дыууадæс бирæгъы нынниудтой: «Уæ,
Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм!»
Æз нынниудтон: «Мæнмæ уын фос нæй,— дзæгъæл цыд ма ракæнут!»
Дыккаг хатт нынниудтой: « Фæцæуæм дæм, Уырызмæг!»
Æз нынниудтон: «Дзæгъæл цыд ма 'рбакæиут,— мæнмæ уын фос нæй!»
Æртыккаг хатт нынниудтой: «Дæ фыдæх нæ уæд, Уырызмæг! Ды — иу,
мах — дыууадæс!»
«Рацæут, рацæут!» — дзурын сæм æз дæр.
Æрбацыдысты æмæ,— гъæйда-гъа!— алырдыгæй лæбурынц, суанг боны
цъæхмæ.
Æз сæ фыстæй иумæ дæр не 'рбауагътон, афтæмæй сæ дыууадæсæй
дæр кæрæдзиуыл самадтон — дыууадæсы дæр амардтон. Уалынмæ æлдар
æмæ фийæуттæ райхъал сты. Сбон и.
«Хуыцау нæ фесæфта, ай нæ фыстæ цæй чысыл баисты?!» — уый
фыстæ кæрæдзиуыл бакъорд сты, æхсæвы сæ дыууадæс бирæгъы куы
сулæнтæ кодтой алырдыгæй, уæд.
Ранымай-банымай кæнынц, æмæ фыстæ — бæрæг, æнæхъæн: иу сæныччы
хъус дæр сæ нæ фæхъуыд. Фысты кæронмæ æрцыдысты, æмæ — дыууадæс
бирæгъы кæрæдзиуыл амад. Æлдар мæ йæ хъæбысы ныккодта.
«Ацы бирæгътæ канд мæнæн н.æ, фæлæ ма искæмæн дæр уыдысты
фыдбылыз. Ацы дзæбæхтæ æз ацы куыдзæн цæмæй бафиддзынæн! Ацæут,—
дзуры фийæуттæм,— æмæ нæл фыстæй стырдæр чи у, уый раласут!»
Нæл фысыл дæр, стæй мæныл дæр зæлдаг бæндæнтæ бабаста æлдар
æмæ нæ усмæ æрласта.
— Йе, мæнæ ус! Ацы хорздзинад дын никуы ферох кæндзынæн,
цалынмæ дуне дуне уа, уалынмæ, фæлæ уал дын мæнæ ацы нæл фыс — мæ
лæвар».
Æлдар афардæг ис йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид.
Цуанæттæ та æрбацыди усмæ: «Дæ куыдз нын радт,— дунейыл йæ кой
куы айхъуыст,— уæлæ хъæды иу урс арс и, æмæ нын ратæрын дæр нæ
комы, марынмæ дæр æм нæ арæхсæм, æмæ нын æй кæд дæ куыдз ратæрид».
«Мæ куыдз буц даринаг у, æмæ йæ буц куы нæ бадарат, уæд уын
ницы бакæндзæн».
«Ау, æмæ мах уый фаг куыннæ ссардзыстæм? Цалынмæ уыцы арсмæ
цæуæм, уæдмæ дæр исты амардзыстæм, уæдæ ма цуанæттæ цæмæй стæм!»
Радта мæ. Акодтой мæ. Арс кæм уыд, уырдæм куы сæввахс стæм,
уæд мæ феуæгъд кодтой. Арс лидзынмæ фæци, урс арс. Уæлæ хохмæ йæхи
сарæзта. Хохмæ куы схæццæ ис, уæд æрбадти йæ фæстагыл. Уалынмæ йæ
æз дæр сыййæфтон, æмæ мæм дзуры арс: «Мæнæ-ма мæ фарсмæ сбад. Æз
арс нæ дæн, æз Æфсати дæн, æмæ дын дæ хъуыддæгтæ куы бамбæрстон,
уæд арсы хуызы бацыдтæн. Бæхæй цы фыдбылызтæ федтай, хæрæгæй,
уыдон мæ зæрдыл хъæлæкк лæууынц, фæлæ мæн дæр кæм æвдæлы. Ныр
уадз, æмæ цуанæттæ цуан кæной, ды. цæугæ дæ хæдзармæ æмæ дæхи
срынчын кæн. Ус дын алы хæринаг дæдтдзæн, фæлæ-иу дæхи ауадз, дæ
дзыхмæ-иу комдзаг мауал ис. «Дарæг дæ ма уæд,— куыдзы къæбыла
йеттæмæ ма исты дæ!» æмæ дæ сæрты ахиздзæн, уазæгдонмæ ацæудзæн.
Йæ нывæрзæн йæ нымæтын ехс, æмæ ус дуарæй куы ахиза, уæд-иу ды
нымæтын ехс райс æмæ-иу дзы дæ къахæй дæхи æрсæрф. Æмæ Уырызмæг
уыдтæ æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Усæн-иу йе 'рбацыдмæ йæ хуыссæны
сбад, нымæтын ехс дæ къухы, афтæмæй.
Æфсатийы амындтæ æз иууылдæр сæххæст кодтон. Уырызмæг
фестадтæн, нымæтын ехс мæ къухы, афтæмæй усы хуыссæны бадын,
æнхъæлмæ кæсын йе 'рбацыдмæ. Уалынмæ мæнæ уазæгдонæй æрбацæуы.
«Гъе додой мын фæци дæ къона: ныр та ма мын кæй мæрдтæм
цæудзынæ, æз дæ мæ фыдæбæттæ райсдзынæн!» зæгъын мæхи нымæры.
Усæй уыцы ран фæхъазыдтæн æхсæв-бонмæ, стæй йæ нымæтын ехсæй
æрцавтон, хæрæг фест, зæгъгæ, æмæ ус хæрæг фестад.
Æртардтон æй Нартмæ, æмæ йæ алчи дæр зоны сымахæй,— уый у
Борæты цъæх хæрæг.
Гъе уый та дын мæ таурæгъ. Уымæй диссагдæр æз ницыма федтон мæ
царды,— фæци конд йæ ныхас Уырызмæг.
Ацæ тæрхон кæнын байдыдта æмæ загъта:
— Диссаг куыннæ сты Хæмыцы таурæгъ дæр æмæ Сосланы таурæгъ
дæр, фæлæ уыдонæй æмбисонддæр сты Уырызмæджы хъуыддæгтæ, хæрæгæй,
бæхæй, куыдзæй чи фæцыди. Ацы рувасдзарм æмбæлы Уырызмæгæн.
Уырызмæг рувасдзармæй йæхицæн кæрц бахуыйын кодта.
Ныр дæр ма ис Уырызмæджы кæрцы кой.
Категория: ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 2791 | Рейтинг: 0.0/0 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]