Меню сайта

Наш опрос

Посещая сайт, я уделяю внимание разделу(разделам)
Всего ответов: 1450

Форма входа

Логин:
Пароль:

Поиск

Ссылки

|

Статистика


В сети всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0

Осетия - Алания | Осетины - Аланы | Сарматы

Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » СОСЛАН

СОСЛАНЫ МÆЛÆТ

Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ,
хæрынтæ байдыдтой; бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой. Арæх-иу цыдис
Сослан цуаны Зилахары быдырмæ. Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг.
Уæд та иуахæмы бафæнд кодта фæцæуын Зилахары быдырмæ дыууадæс
æмбалимæ. Ацыдысты. Зилахары быдыры æрцарæзтой сæхицæн мусонг.
Райсомæй-иу сихормæ фæцуан кодтой, стæй-иу æрцыдысты мусонгмæ сæ
фæллад уадзынмæ; сæ фæллад-иу суагътой æмæ та-иу изæрæй ацыдысты
цуаны.
Иу бон куы уыд, уæд та райсомæй цуаны ацыдысты æмæ сихормæ
фæстæмае сæ бынатмæ фæлмæстæй æрцыдысты. Цуанонтæ æркъултæ кодтой,
нæ фæллад суадзæм, зæгтьгæ. Сослан фæллад нæ зыдта æмæ, цалынмæ ме
'мбæлттæ сæ фæллад уадзынц, уæдмæ искуыты куы разилин, зæгъгæ,
рацыдис мусонгæй. Адард ис мусонгæй æмæ иу комы бацыд. Уым
бафтыдис иу цадмæ. «Ай æнтæфы ацы цадмæ куыд ницы 'рбацæудзæн дон
нуазынмæ», загъта йæхицæн æмæ æрбадтис цады был. Бады Сослан,
фæлгæсы алырдæм. Уалынмæ кæсы, æмæ иу хъуаз æрбацæуы дон нуазынмæ.
Афтæ рæсугъд уыдис уыцы хъуаз, æмæ йæ конд, йæ уындæн æмбал нæ
уыди, йæ дæллагхъуырæй Бонвæрнон тыбартыбур кодта. Сослан æм фат
фæцарæзта æмæ йæ, гъа, ныр фехсон, куыд загъта, афтæ хъуаз чызг
фестадис æмæ дзуры Сосланмæ:
— Æгас æрцæуай, Сослан!
— Хорз амонд дæ хай, хорз чызг,— дзуапп ын радта Сослан.
— Сослан, æз уæларвæй ардæм дæу фенынмæ куы 'рцæуын æмæ дыл
куы никуы æмбæлын, уæд кæм вæййыс? Ацал-ауал азы дæм æнхъæлмæ
фæкастæн, ныр мæ дæхицæн бинонтæн фæхон.
— Ам дзæгъæл чызгæй кæй арон, уыдон мæхицæн бинонтæн куы
хонон, уæд Нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзысты,— загъта Сослан.
— Макæ, фæсмон кæндзынæ, Сослан,— дзуры та йæм чызг.
— Дæу хуызæн цады бадæг дзæргъытæ Сослан бирæ федта æмæ уыдоны
бинонтæн куы хастаид, уæд йе 'ндон сау æфсæйнаг куы суыдаид.
Чызг æваст йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæкодта, базыртæ йыл фестадис,
ныппæрпæр кодта æмæ атахт. Сослан ма йæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ
ницыуал... Тæхгæ-тæхын ма иу дзырд скодта чызг:
— Нæртон Сослан, æз дæн Балсæджы чызг, æмæ дæм ныр бæрæг
уыдзæнис!
Чызг уайтагъд йæ хæдзармæ фæхæццæ ис, радзырдта йæ фыд
Балсæгæн, Сослан æй кæй бафхæрдта, уый.
Балсæг рарвыста йæ Цалхы: «Цæугæ æмæ Сосланы амар!»
Рараст ис гуыргуыр гæнгæ Балсæджы Цалх Сосланы марынмæ. Ныхъæр
кодта Балсæг Сосланмæ:
— Фæхъахъæн-ма дæхимæ, Нæртон гуырд!
— Æмæ дæм цы цæвæнгарз ис, цæмæй мæ амарынмæ хъавыс?— хъæр æм
кæны фæстæмæ Сослан.
— Цæвæн дзаума дæм фæцæуы!
— Æмæ йæм цы бадарон?— дзуры та йæм Сослан.
— Дæ ных æм бадар!
Болат Сослан æм йæ дыууæ æрфыджы астæу сарæзта. Ныццæлхъ æй
ласта Балсæджы Цалх æмæ Сосланы болат ныхæй фæстæмæ фесхъиудта,
цъæррæмыхст дæр æй нæ фæкодта. Фæлæбурдта йæм, бæргæ, Сослан, фæлæ
йæ бон нæ баци Цалхы рацахсын — аирвæзти Цалх.
Дыккаг хъæр та йæм ныккодта Балсæг:
— Фæцæуы та дæм!
— Цы йæм бадарон?— ныхъæр кодта Сослан.
— Дæ риу-ма йæм бадар!— дзуры йæм Балсæг.
Гуыргуыр гæнгæ та рауагъта Балсæджы Цалх йæхи Сосланыл. Болат
Сослан дæр та йæм йæ риу ныддардта.
Ныццæлхъ та кодта Цалх Сосланы риу. Цырд æм фæлæууыд Сослан
дæр æмæ, ныр фæстæмæ асхъиуа Цалх, афтæ йæм фæлæбурдта æмæ йæ йæ
болат къухтæй рацахста. Иæ быны йæ ракодта æмæ йын йæ фæрчытæй
дыууæ 'рбасаста.
Ныллæгъстæ йын кодта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд мын ма аскъуын, Сослан, æмæ мæхи «Балсæджы Цалх» нал
схондзынæн — «Сосланы Цалх» хондзынæн ардыгæй фæстæмæ мæхи.
— Фæсайдзынæ мæ, Балсæджы Цалх! — дзуры йæм Сослан.
— Хуыцауæй дын ард хæрын, куыд «Бæлсæджы Цалх» мæхи нал
схондзынæн, хондзынæн мæхи «Сосланы Цалх».
Баууæндыдис ыл Сослан, уæдæ цы, æмæ йæ суагъта, æмæ Цалх йæ
хæдзармæ афардæг ис. Сослан дæр рацыдис йе 'мбæлттæм.
Фæндагыл Нарты фыдбылыз Сырдон æрбамбæлдис Балсæджы Цалхыл æмæ
йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх!
— Сосланы Цалх мæ хон, Балсæджы Цалх мæ ма хон, æндæра мæ
Сослан амардзæн.
— Гъæ, фесæфай, Балсæджы Цалх! Дæ бирæ тых цæуыл фесæфт? Де
стыр кад цæуыл фесæфт?— зæгъы йын Сырдон.
— Ма дзур, Сырдон, æрдхорд лæг дæн!— загъта Балсæджы Цалх.
— Дæ кæстæр æнгуылдзæй туг рауадз, уымæй дæ ард ссæудзæн.
Сосланæн йæ адзал дæуæй у, æмæ ма йыд иу скъæрд ракæн дæхи,—
загъта Сырдон.
— О, фыдæбоны лæг у уый, иу хæст ма мыл куы фæуа, уæд мæ
дæндагæй дæр бахæрдзæнис. Ницы бакæндзынæн йемæ,— загъта Балсæджы
Цалх.
— Куырдалæгонмæ ссу æмæ йын болат фæрчытæ саразын кæн. Стæй
æрцу æмæ Сосланæн йæ уæрджытыл атул, хуысгæ куыд кæна, афтæмæй,—
зæгъы йын Сырдон.
Фæсасти Балсæджы Цалх Сырдоны ныхæстæй.
— Æмæ йæ кæм ссардзынæн хуысгæйæ, кæд ма йыл фембæлдзынæн?—
бафарста Балсæджы Цалх.
— Уый алы бон дæр вæййы цуаны Зилахары быдыры. Уым ын ис
мусонг. Сихорыл ын мусонджы æнæ хуысгæ нæй, æмæ уым цыдæриддæр
адæм уа,— æмбæлттæ ма йын уыдзæн, иунæг нæ уыдзæн,— се 'ппæтыл дæр-
иу ратул,— дзуапп ын радта Сырдон.
Фæцыдис Балсæджы Цалх Куырдалæгонмæ æмæ йын саразын кодта
болат фæрчытæ.
Сослан дæр цуан кæны Зилахары быдыры йæ дыууадæс æмбалимæ. Иу
бон улæфтафон рарвыста йе 'мбæлтты мусонгмæ:
— Ацæут мусонгмæ, уæ фæллад суадзут, сихор хæрын афон дæр у,
æз та ма искуыты разилон, тагъд мæ уырдæм хъæуы мæн дæр.
Дыууадæс цуаноны рацыдысты. Мусонджы æрхуыссыдысты — æхсæзæй
иуырдыгæй, æхсæзæй иннæрдыгæй — сæ къæхтæ кæрæдзимæ, афтæмæй.
Балсæджы Цалх дæр ныггуыргуыр ласта, Сосланы уым æнхъæлæй. Сар
мын ныр дæ сæр кæны, Сослан, зæгъгæ, йæхи рауагъта æмæ дыууадæс
цуанонæн дæр сæ зæнгтæ ахауын ласта. Дыууадæсæй дæр фæмард сты.
Уалынмæ Сослан дæр æд саджы мард æрбахæццæ ис.
— Æттæмæ-ма мæм ракæсут,— дзурьг йе 'мбæлттæм Сослан, фæлæ йæм
æттæмæ кæсæг нæй. Æрæппæрста саджы мард æмæ мидæмæ бацыд. Хорзау
нал фæци: йæ дыууадæс æмбалы мардæй лæууынц, се 'ппæтæн дæр сæ
зæнгтæ къуырд.
— Гъæ, Хуыцау мæ куыд федта! Ай Балсæджы Цалхы йеттæмæ ничи
уыдаид!— загъта йæхицæн Сослан æмæ æттæмæ рауад. Кæсы, æмæ
Балсæджы Цалх фæлидзы быдыры. Сослан æй фæсте фæсуры. Быдырты йæ
расур-басур систа.
— Бауром æй!— дзуры Сослан быдырмæ.
Ницы баурæдта быдыр, æмæ йæ Сослан ралгъыста:
— Авд азæй фылдæр дæ æнæ зылдæй пайда ма уæд!
Хохмæ балыгъди Балсæджы Цалх. Сослан дзуры хохмæ:
— Бауром æй, ме 'мбæлтты мын ныццагьта!
Ницы баурæдта хох дæр.
— Зæйбынтæ, хуырызгъæлæнтæ у!— ралгъыста йæ Сослан.
Балыгъдис Цалх хъæдмæ. Фæлидзы фæрвбыны.
— Ма ауадз, дæ хорзæхæй, фæрв, ме знаджы!— дзуры Сослан
фæрвмæ.
Нæ йæ баурæдта фæрв.
— Хъæды фыддæр фæу,— загъта Сослан,— дæ цъар дын ахорæнæн куыд
стигъой, дæхæдæг та хуыскъ куыд кæнай! Сусхъæд бæлас фæци йæ разы
Балсæджы Цалхæн.
— Гъæйтт, сусхъæд,— дзуры йæм Сослан,— ме знаджы мын бауром!
— Ставд бæргæ дæн,— загъта сусхъæд,— фæлæ йæ бауромын мæ бон
нæу — æгæр фæлмæн дæн.
— Æлгъыст фæу, уæдæ, ды дæр,— загъта Сослан сусхъæдæн,—
дидинæг рæсугъд куыд калай, дыргъ дыл куыд нæ зайа, афтæ, адæм дæ
'рмæст дæ цъары тыххæй куыд агурой!
Фатхъæдбынмæ баирвæзти Цалх.
— Ма ауадз, фатхъæд, фæуром мын æй!— дзуры уымæ дæр Сослан.
Нæ йæ баурæдта фатхъæд дæр, æмæ та уый дæр ралгъыста Сослан:
— Арты судзынæн дæ цы агурой адæм, афтæ дæ Хуыцау скæнæд!
Фæлидзы дарддæр Балсæджы Цалх; тæрсбыны фæуайы.
— У, мардзæ, тæрс, ме знаг фæлидзы, æмæ мын æй бауром!—дзуры
йæм Сослан.
— Ноджы дын фыддæр куы фенин: мæ иу бæлас хъæуваг уыдаид, фæлæ
мын уидаг æмæ къалиу нæ уагътай.
— Хуыцау дæ адæмæн æнцонгуыст фæкæнæд,— загъта тæрс бæласæн
Сослан.
Лидзы дарддæр Цалх. Тулдзбынмæ бахæццæ ис.
— Тулдз, ды мын.уæддæр бауром ме знаджы! Ницы баурæдта тулдз
дæр, ды мæ фæттæн мæ цъуппæй мæ уидæгтæм фæлыгтæ кодтай, зæгъгæ.
— Дæ уæлæ гыркъо зайæд, хæрынæн дын ма бæззæд!— загъта йын
Сослан.
Фæлидзы Балсæджы Цалх бæрзджыны.
Дзуры та Сослан уымæ дæр:
— Гъæйтт, бæрз, ма ауадз, чысыл мын ме знаджы æруром!
— Дæуæн знаг чи у, уый мæнæн дæр знаг у,— загъта бæрз,
æруагъта Цалхы размæ йæ лыстæг къæбæлдзыг къалиутæ, фæлæ Балсæджы
Цалхы бауромын йæ бон нæ бацис.
— Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физонæджы уæхстæн куыд
агурой адæм! — раарфæ йын кодта Сослан. Фæуайы Цалх дарддæр хъæды.
Æхсæры къутæрмæ фæхæццæ кæны. Æхеæры къутæрыл хуымæллæг стыхстис.
Сослан хъæр кæны хуымæллæгмæ:
— Йе, хуымæллæг! бауром мын æй, уый мæ тудæджын у: мæ дыууадæс
æмбалы мын амардта.
Хуымæллæг йæ бæндæнтæ рауагъта, Балсæджы Цалхыл стыхстысты æмæ
йæ ныуурæдтой.
Æхстбæрцмæ йæ баййæфта Сослан. Иу æхст æй фæкодта фатæй æмæ
йын йæ иу фарк ныппырх кодта, дыккаг æхст æй фæкодта — дыккаг фарк
дæр ныппырх ис. Стæй бауадис Цалхмæ æмæ йыл æрхæцыд. Æхсæры къутæр
æмæ хуымæллæгæн раарфæ кодта Сослан:
— Æхсæр бæлас, адæмæн дыл адджын дыргъ куыд зайа æмæ дæ дардмæ
куыд агурой, уыцы хорздзинад дæ уæд! Хуымæллæг, дæу та адæм сæ
хъæлдзæджы рæстæджы куыд агурой нуæзтыл кæнынмæ, ахæм дæ Хуыцау
фестын кæнæд!
Стæй фелвæста Сослан йæ цирхъ; æркъуыхтæ кæнон Балсæджы Цалхы,
зæгъгæ, куыд загъта, афтæ та йæм сдзырдта Балсæджы Цалх:
— Мæ уд де уазæг, Сослан, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.
— Фæсайдзынæ та мæ,— загъта Сослан,— мæнгард дæ, æууæнк дыл
нæй.
Дзырд ын радта Балсæджы Цалх.
— Хорз, уæдæ,— загъта Сослан,— дæ бинонтæй мын дыууадæсы амар,
æмæ дæ удæгасæй уадзын.
Ард бахордта Балсæджы Цалх, йæ бинонтæй дыууадæс кæй
амардзæнис, ууыл, æмæ йæ ауагъта Сослан.
Фæцæуы æнкъардæй Балсæджы Цалх йæ хæдзармæ. Сырдон дæр та
базыдта, Балсæджы Цалхæн кæй нæ бантыст Сосланы амарын, уый, æмæ
иу ран йæ разы фестадис зæронд лæджы хуызы.
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх!— дзуры йæм зæронд лæг.— Цы
кæныс, цæй æнкъард дæ?
— Цы ма кæнон — Нарты Сосланæн дзырд радтон, æмæ мæ бинонтæй
дыууадæс хъуамæ амарон,— дзуапп ын радта Балсæджы Цалх.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Цæмæй дæ ард ма фехалай, уый
тыххæй дæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ
къухы ныхтæ,— загъта зæронд лæг.
Ницы йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, йæ цыды кой кæны. Иу
дзæвгар куы ацыд, уæд та Сырдон февзæрдис йæ разы зæронд усы хуызы
æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Балсæджы Цалх! Цы кæныс, цæй æнкъардæй
цæуыс?
— Цы кæнон, дæ рын бахæрон,— загъта Балсæджы Цалх,— мæ
бинонтæй дыууадæс марынмæ цæуын. Сосланæн уый тыххæй ард
бахордтон.
— Æмæ сæ маргæ цæмæн кæныс? Дæ ард цæмæй ма фехалай, уый
тыххæй дæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн йæ къухы
ныхтæ.
Ницы та йæм байхъуыста Балсæджы Цалх, фæцæуы дарддæр. Сырдон
дæр та разæй ауадис æмæ йыл иу ран æрбамбæлдис фыццагхъуынтæуадзæг
лæппуйы хуызы.
— Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы Цалх!— дзуры та йæм лæппу.— Цы
кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
— Нарты Сосланæн дзырд радтон, мæ бинонтæй дыууадæсы кæй
амардзынæн, ууыл, æмæ ныр цæуын мæ дзырд æххæст кæнынмæ,— загъта
Балсæджы Цалх.
— Маргæ с.æ цæуыл кæныс, дæ ард куыннæ фæдзæгъæл уа, афтæ дæ
бинонтæй кæмæн йæ къахы ныхтæ ракæн, кæмæн та йæ къухы ныхтæ,—
загъта лæппу.
Ницы байхъуыста уæддæр Балсæджы Цалх, фæцæуы сæхимæ. Иу чысыл
куы ауади, уæд хъуыды кæны йæхи нымæры: «цымæ мæ уыцы зæронд лæг,
зæронд ус æмæ лæппу сæхицæн цы агурынц? Цæй, æмæ мын кæй загътой,
уый бакæнон».
Ссыдис йæ хæдзармæ æмæ йæ бинонтæй дыууадæсæн кæмæн йæ къахы
ныхтæ ракодта, кæмæн йæ къухы ныхтæ æмæ æнцад сбадтис йæ хæдзары.
Бонтæ, къуыритæ рацыдис. Йæ мæстытæ ссыдысты Балсæджы Цалхæн.
Гæтæджы фырт гæды Сырдон дæр та йæм цæуын байдыдта.
— Гъей, мардзæ, Балсæджы Цалх, иу скъæрдма ракæн Сосланыл
дæхи, дæ маст дзы райс,— дзуры йын Сырдон.
— Мæнæ гæды гацца, ныууадз мæ. Ай æппæт фыдбылызтæ мын ды
уыдтæ.
Кæм ныууагътаид уыцы ныхæстæй йæ фæнд Нарты фыдбылыз Сырдон!
Йæ гæды 'взаг та суагъта Балсæджы Цалхмæ. Сразы та ис Балсæджы
Цалх, Ацыдис та Куырдалæгонмæ æмæ та йæ саст фæрчытæ сыгъдæг
болатæй саразын кодта.
Сослан дæр та Зилахары быдыры цуан кодта. Иу бон сырдмæ
гуыбыныл куыд фæцæй хъуызыди, афтæ йыл сусæгæй рауагъта йæхи
Балсæджы Цалх æмæ йын йæ уæрджытæ сæ тæккæ сæртыл атæхын кодта,
йæхæдæг æм сæ бинонты къæхтæ æмæ къухты ныхтæ бакалдта. Аздæхти
Цалх фæстæмæ æмæ сфардæг ис уæларвмæ. Сослан уыцы ран баззадис.
Кæсы Сослан, æмæ Нартмæ хъæргæнæг кæй арвита, ахæм нæй. Уалынмæ йæ
сæрты æрбатæхы цæргæс.
— Ахсæртæггатæм мын фæдисхъæргæнæг фæу, Уырызмæг æмæ Хæмыцмæ,
мæ дыууæ 'фсымæрмæ, Нарты Сослан Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй
мæлы, зæгъгæ.
— Фыддæр дын куы фенин!— дзуры йæм фæстæмæ цæргæс.— Фæлладæй-
иу быдыры искуы къуыппыл, йе бæласыл куыд абадтæн, афтæ-иу мæм дæ
фат фæдардтай,— æнæрай дзы фæуай!
Уалынмæ та йæ сæрты хъæрццыгъа æрбатахтис.
— Уæ, хъæрццыгъа,— дзуры йæм Сослан,— атæх, Ахсæртæггатæм мын
фæдисхъæргæнæг фæу, Сосланæн уын, зæгъ, йæ уæрджытæ Балсæджы Цалх
ахауын кодта.
— Куыннæ, куыннæ! Нарты Сатанайы бирæ кæрчытæй мын иу цъиу
ахæссын никуы бауагътай, уайтагъд та-иу мæм дæ фат фæдардтай,—
загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис дарддæр.
Æнхъæлмæ та кæсы Сослан. Æрбатæхы йæ сæрты цъыбар-цъыбур гæнгæ
зæрватыкк.
— О, уæлæ зæрватыкк,— дзуры та уымæ дæр Сослан,— атæх
Ахсæртæггатæм æмæ сын зæгъ Сосланæн уын Балсæджы Цалх йæ уæрджытæ
ахауын кодта, æмæ Зилахары быдыры æнæ цæстылхæцæгæй мæлы, зæгъгæ.
— Хорз,— загъта зæрватыкк,— æвгъау лæг дæ ды ам æнæ
цæстылхæцæгæй амæлынæн, фæуыдзынæн дын æз фæдисхъæргæнæг: искуы-иу
мыл къæвда куы 'рцыди, уæд-иу мæ ды дæ роны бакодтай, бахъарм-иу
мæ кодтай, стæй-иу мæ хордоны нывæрдтай, æмæ-иу уым мæхи
бафсæстон. Дæ хорздзинæдтæ дын никуы ферох кæндзынæн æз.
— Адæмæн уарзон маргъ фæу, зæрватыкк,— арфæ йын ракодта Сослан
йæ фæстæ.
Æнхъæлмæ кæсы Сослан Нарты фæдисмæ. Уалынмæ йæм æрбатахт сау
сыыт; куы ауыдта Сосланы, уæд ныккуыдта:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, дæ фæстæ, мæ гуыбын мын æфсæстæй ды
куы дардтай: дæу фæрцы-иу мын алы ком, алы адаг фыдæй йе 'дзаг куы
уыдис!
— Хъыгæй ницыуал ис, фæлæ æрбацу æмæ мæ тугæй дæхи бафсад,—
дзуры Сослан сынтмæ.
— Гъеуæууæй, Сослан, уый мын цæмæн афтæ загътай, æз дыл хъыг
куы кæнын!— загъта йын сынт.
Сослан ын бамбæрста йæ зæрдиаг æмæ йын арфæ ракодта:
— Арвы кæрон куы уа холы, уæд дæр дæ цæстмæ туджы цæджындз
куыд лæууа, æмæ-иу æй уымæй куыд зонай, Хуыцау дын ахæм амонд
радтæд!
Атахтис сынт.
Æрбатахтис та уæд йæ сæрты халон æмæ кæуы Сосланыл:
— О, нæ алы боны дзаг фынг, алы ком нын фыдæй дзаг чи дардта,
куыд ма цæрдзыстæм дæ фæстæ!
— Рацу, мæнæ цы фыдтæ æмбидзæни, кæнæ цы туг ныццахстис,
уыдонæй истытæ ахæр, дæхи бафсад,— дзуры йæм Сослан,—хъыг кæнынæй
пайда нал ис.
Халон дæр æм йæхи æрбаласта, æмæ йæ уæд Сослан ралгъыста:
— Бон-изæрмæ адæмы куыд æлгъитай, фæлæ сыл де 'лгъыст куыд нæ
цæуа, æмæ æхсæв-бонмæ бæласы къалиуыл ауыгъдæй куыд лæууай,
афтæмæй дæ цард æрвит!
Уый фæстæ иæм цæуын байдыдтой сырдтæ. Фыццаг æм æрбацыд арс.
Йæхи тоны йæ дзæмбытæй æмæ дзуры:
— Цы ма кæндзынæн, Сослан, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал
уыдзынæ! Дæ хæрдæй хæрдджын уыдтæн, дæ нуæзтæй нуæзтджын.
— Мауал хъыг кæн, арс, хъыгæй ницыуал рацæудзæн, фæлæ мæнæ
мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад,— дзуры йæм Сослан.
— Уый та мын куыд загътай,— дзуры арс æмæ тынгдæр хъыг кæнын
байдыдта.
— Ахæм амонд дын Хуыцау радтæд, æмæ дæ фæд адæмыл тас куыд
æфтауа, стæй лæгæты фондз мæйы æнæ хæргæйæ куыд цæрай!—зæгъы арсæн
Сослан.
Арс ацыдис; уалынмæ та бирæгъ фæуайы йæ цурты. Бардиаг та йыл
кодта уый дæр:
— Цы ма кæндзынæн, дæу фæрцы æфсæстæй куы цардтæн, алы адаг
мын фыдæй куы дзаг кодтай! Ныр ма куыд цæрдзынæн æнæ дæу!
— Хъыг мауал кæн, бирæгъ, дæ хъыгæй ницыуал рауайдзæн,— дзуры
йæм Сослан,— фæлæ рацу æмæ мæнæ мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыцы
фыдтæй истытæ бахæр, дæхи сæ бафсад.
— Цæмæн мын афтæ бафæрæзтай,— ныккуыдта тынгдæр бирæгъ,— æз
уый куыд бакæндзынæн!
Бауырныдта Сосланы бирæгъы зæрдиагдзинад дæр, æмæ йын раарфæ
кодта:
— Фосмæ бацæуынмæ дын мæ зæрдæ куыд уа, раздæхынмæ та —
æнæкуырд чызджы зæрдæ, дæ бæрзæйы та мæ кæстæр æнгуылдзы хъару
куыд уа, уыцы амонд дæ уæд.
Бирæгъ дæр та ацыдис. Уалынмæ æрбалæууыд йæ цуры рувас,
цъыллинджытæ гæнгæ.
— Уæ, цы ма кæндзынæн æнæ дæу, Сослан!— æрдиаг кæны гæды рувас
дæр.
— Дæ кæуын ныууадз, рувас,— дзуры йæм Сослан,— фæлæ рацу æмæ,
мæрдтæм цы фыдтæ хæссын, уыдонæй дæхи бафсад.
Рувас æм тугтæ стæргæ бацыдис æмæ йын йæ уæрджыты фыдтæм куыд
февнæлдта, афтæ йыл фæхъæр кодта Сослан:
— Æлгъыст фæу! Адæм дæ дæ цармы тыххæй куыд марой, дæ фыд та
хæрынæн куыд нæ бæзза, ахæм бон дыл æркæнæд!
Алыгъдис рувас дæр, уæдæ цы уыдаид...

* * *
Бахæццæ ис зæрватыкк Нарты хъæумæ, Ахсæртæггаты хæдзары
аххæрæгыл абадтис. Ныцъыбар-цъыбур кодта: «Сосланæн уын Балсæджы
Цалх йæ уæрджытæ ахауын кодта Зилахары быдыры, æмæ мæлы уым æнæ
цæстылхæцæгæй».
Нарт — хистæрæй, кæстæрæй — æмниуд ныккодтой, чыртæ-чыртæй
цæуынц фæдисы, æз фæразæйуонæй, Зилахары быдырмæ.
Сырдон йæ бæх разæй аскъæрдта. Сосланмæ раздæр бахæццæ ис æмæ
йын зæгъы:
— Гъе-уæууæй, Сослан, ныры онг дæр дæ мæлын куы хъуыдис, дæ
хъæу рацæуынц чыртæ-чыртæй, семæ — фæйнæ зарæгамонæджы, афтæмæй
цæуынц заргæ æмæ хъырнгæйæ!
Сослан уый куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ куыннæ скъуыдаид фыр
мæстæй!
Фæдис куы 'рхæццæ ис, уæд дзы лæг чи уыди — йæ рустæ тындтытæ,
ус чи уыди — йæ дзыккутæ тындтытæ.
Сослан сæм дзуры:
— Сырдон мæм иу æнæуаг ныхас æрхаста уæ разæй,
æмæ ма мын æй мæ цæстæн фенын кæнут.
Сырдоны ма чи ссардта,— афардæг ис æмæ бамбæхст.
Нарты фæсивæд рахастой Сосланы уырдыгæй. Фæнда гыл та Сырдон
сæ иуфæрсты йæхи цæуæг акодта æмæ дзуры:
— Уæ, мæгуыр дæ бон, Сослан, дæ уарзон æрвадæлтæ дын цы
бакодтой: калмы хæрвæй дын чырын сарæзтой, хæфсы цъарæй —
мæрддзаг.
Æрхастой Сосланы йæ хæдзармæ, æмæ сæм дзуры:
— Ме 'рвадæлтæ, удæгасæй мын мæ мæрддзæгтæ æмæ мæ чырын фенын
кæнут.
— Цæмæн дæ хъæуы сæ фенын, æнæзæрдæмæдзугæ мæрддзæгтæ æмæ
чырын дын не сты, Сослан. Махæн нæ тыхы рæстæджы тых ды куы
лæвæрдтай, уæд мах дæуæн æвзæр мæрддзæгтæ кæнæ æвзæр чырын кæй не
скæндзыстæм, уый нæ зоныс?
— Нæй гæнæн,— загъта Сослан,— Сырдон мын иу ныхас загъта, æмæ
сæм мæ зæрдæ 'хсайы.
Уæд æм рахастой йæ мæрддзæгтæ, фенын ын кодтой йæ чырын дæр:
йæ мæрддзæгтæ уыдысты сыгъдæг харæйæ, йæ чырын та — сыгъзæринæй.
Скæнын кодта мæрддзæгтæ удæгасæй йæ уæлæ æмæ чырыны нывæрын кодта
йæхи.
Уæд мæрдтæй Сосланмæ рацыдис Кæфтысæр-Хуый-æндонæлдар æмæ йæм
дзуры:
— Йе, Сослан! Мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис,
уый мæ фæнды.
— Цæй-ма, цы скуыхты фæдæ, цæй тыххæй дын ис дзæнæт?— фæрсы йæ
Сослан.
— Æз кæрдзындæдтон уыдтæн, æмæ мын уый тыххæй ис дзæнæт.
— Дæхи куы аласис, дæ кæфы смаг калгæ, мæн дæуимæ цæугæ чи
фена, уый мын цы зæгъдзæн?!
Рацыдис æм мæрдтæй уæд мæгуыр лæджы гал.
— Йе, Сослан, мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ мемæ куы уаис,
уый мæ фæнды,— дзуры йæм гал.
— Цæй-ма, цы скуыхты фæдæ?— фæрсы уый дæр Сослан.
— Мæгуыр лæджы гал уыдтæн,— дзуапп ын радта гал,— алы лæджимæ
дæр цæдисæй фæкуыстон; сихоры хæрдыл-иу хицауы галæн — хос, мæнæн
та — фæлхортæ. Гъе уыдæтты тыххæй мын ис дзæнæт.
— Ацу,— загъта Сослан,— дæу дæ бæрзæй хордта, ныр æз та демæ
цæуон! Галы йеттæмæ куы ницы дæ.
Уæд æм рацыдис мæрдты бæстæй мæгуыр лæджы фырт.
— Сослан, лæппу дæн, нæ дæм уæндын, фæлæ мæнæн мæрдты дзæнæт
ис, æмæ мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.
— Ды та цы скуыхты фæдæ, цæмæн дын ис дзæнæт?— бафарста та уый
дæр Сослан.
— Æз мæ мадæн иунæг лæппу уыдтæн,— радзырдта лæппу,— æмæ мæ
'ртæ хъал барæджы сæ хуыцауы хъалæй амардтой. Куы мардтæн, уæд мæ
мадæн загътон: «Мæ гæрзтæ мын мемæ цæвæр, стæй мын-иу уыимæ æртæ
сабатæхсæвы сабатизæртæ скæн». Æд гæрзтæ мæ бавæрдта, æртæ
сабатæхсæвы мын сабатизæртæ скодта. Фыццаг хатт куы ахаста
сабатизæр, уæд Хуыцау уыцы æртæ хъал барæджы уæлмæрдты кæрæтты
æруагъта. Мæ мад устытæм дзуры: «Уæртæ уыцы барджыты æрбаздахут,
мæ фырты карæнтæ сты,— хорз сæ фенут». Æрбаздæхтой лæппуты. Хорз
сæ федтой. Араст сты лæппутæ; фæцæуынц. Сæ иу иннæтæм дзуры: «Ныр
æз куы нæ уыдаин, уæд уын ацы минас кæм уыдаид?» Алчи дæр сæ
йæхицæй æппæлы, мæ фæнд дзы уыд, мæ фæнд дзы уыд, зæгъгæ, æмæ
хъазгæ фæцæуынц. Уыдон базыдтой, дыккаг сабатæхсæв дæр та
сабатизæр кæндзысты, уый, æмæ та æрбацыдысты сæ хъал бæхтыл
уæлмæрдтæм. Хæрз æмбисонды уынд та сын уæд фæкодтой. Хæрз
хъæлдзæгæй та уæд афардæг сты хъазгæ, худгæ, ай нæ къæхты фæллой
у, зæгъгæ. Æртыккаг сабатæхсæвы дæр та æрцыдысты ууылты. Зыдтой,
сабатизæр та дзы кæй уыдзæнис, уый. Хорз та сæ федтой мæ рухсаджы
тыххæй, æмæ та араст сты, фæцæуынц хъазгæ 'мæ худгæ, фыццаг
æхсæвтæй тынгдæр. Мæн мæ ингæны къæйтæ нал баурæдтой, стыдтон сæ
хæрдмæ æмæ æртæйы дæр амардтон. Гъе уый тыххæй мын ис дзæнæт.
— Уæдæ æз демæ цæуын,— загъта Сослан,— мæрдтæй рацæугæйæ йæ
туг чи райста!
Стæй уæд йе 'фсымæртæм дзуры:
— Йе, Уырызмæг æмæ Хæмыц, ингæн мын скъахут æмæ мын-иу дзы иу
рудзынг Хурыскæсæны 'рдæм ныууадзут, хур мæм-иу дзы райсомæй куыд
кæса, афтæ, иу рудзынг — йæ тæккæ астæу, хур мæм-иу дзы.æмбисбон
куыд кæса, афтæ, æртыккаг рудзынг — Хурныгуылæны 'рдыгæй, уырдыгæй
та-иу мæм изæрырдæм куыд кæса хур, афтæ; мæ фæттæ мын-иу цæвæрут
мемæ æд æрдын. Фæлæ ма иу хъуыддаг: цалынмæ Балсæджы Цалхæй мæ туг
ист æрцæуа, уæдмæ мын нæй æрынцой, æмæ мын мæ туг чи райсдзæнис?
Нарт иууылдæр сæхи фæстæмæ аластой: йæ ныфс сæ ничи бахаста
Балсæджы Цалхмæ.
Уæд Сосланæн йæ хæрæфырт æрбалæууыд æмæ загьта:
— Сослан, Балсæджы Цалхы æз дæуæн дыууæ дихæй цыртæн куы нæ
ныссадзон, уæд ме 'мбæлтты 'хсæн мауал ацæуон!
Сослан уый куы фехъуыста, уæд ингæны йæхи нывæрын кодта, Куыд
бафæдзæхста, афтæ йын йемæ нывæрдтой йе 'рдын æд фæттæ æмæ йын йæ
ингæнæн сарæзтой æртæ рудзынджы.
Иу къорд бонтæ йыл куы рацыдис, уæд Уырызмæг æмæ Хæмыц загътой
Сырдонæн:
— Сосланы бæх æгæр хъал кæны æнæ бадтæй,— дæ хорзæхæй, абад-иу
ыл.
Гæтæджы фырт гæды Сырдон, цыма йæ нæ фæндыдис, уыйау кæуын,
æрдиаг кæнын систа:
— Мæ хæдзар фехæлд, уый зæгъын та мын уæ зæрдæ куыд тæры?! Ме
'фсымæры бæхыл!..
— Нæй гæнæн, Сырдон, бакоммæ кæс!
Цыма йæ нæ фæндыди, уыйау та скодта йæхи, фæлæ сын разыйы
дзырд радта æмæ бадын райдыдта бæхыл. Куы-иу фæцæйцыдис бæхмæ, уæд-
иу афтæ:
— Уæ, дæуыл та мын чи бады, мæ зæрдæ дыл бадын нæ комы!
Хъæугæрон-иу куы фæцис, уæд-иу бæх иуырдæм, иннæрдæм аскъæрдта,
йæхæдæг та-иу афтæ бакодта:
— Гъе, цы ма дын фенон, Сослан, дæ бынтæ мæнæн баззадысты!
Иу бон Сосланы бæхыл сбадтис æмæ йыл ацыдис уæлмæрдтæм. Уым æй
Сосланы ингæны алы фарс ратæр-батæр систа.
— Гъе, Сослан, цы ма дын фенон, дæ буц бæх мæнæн баззадис,—
хъæр кæны Сырдон Сосланы ингæны 'рдæм. Ацы бон дын дæхиуыл дæр
бæхбадт куы нæ скæнон, зæгъгæ, бæхæй рахызт æмæ Сосланы ингæныл,
раст астæурудзынгыл бæхбадт æркодта.
Куыддæр рудзынгыл æрбадтис, афтæ йæ бынæй Сослан фатæй сæхста,
æмæ,— дæ фыдгул афтæ,— фат растæндæр сæры астæуæй сгæпп ласта.
Сырдон уым ныммардис.
— Дæуæй уал мæ маст систон,— загъта Сослан.— Гъе ныр ма
Балсæджы Цалхæй мæ туг ист куы 'рцæуид, уæд æрынцаин.
Сосланæн йæ хæрæфырт Куырдалæгонмæ ссыдис æмæ йын загъта:
— Æфсæйнагæй мын егъау мæцъис сараз. Куырдалæгон ын стыр
мæцъис сарæзта. Лæппу мæцъис рахаста æмæ Балсæджы Цалхмæ фервыста:
— Хызы быдырмæ мæм хæццæ кæн, фæнды мæ демæ схæцын, æмæ
æмбæхсгæ ма бакæн!
— Æз кæддæриддæр цæттæ!— æрæрвыста йæм фæстæмæ Балсæджы Цалх.
Рацыдис дын лæппу йæ дынджыр мæцъисимæ Хызы быдырмæ. Балсæджы
Цалх дæр ыл йæхи рауагъта гуыргуыр гæнгæ, зилгæзилгæ.
Лæппу Цалхмæ фæцырд ис, йе 'фсæйнаг мæцъисæй йын йæ фæрчытæ
ныххырхта — иу дæр дзы йæ уæлæ нал аззадис.
Фæтарсти Балсæджы Цалх, йæхи ацц фестын кодта æмæ фæтæхы.
Лæппу дæр йæхи хъæрццыгъа фестын кодта æмæ йæ фæсуры. Сурынтæ йæ
байдыдта. Балсæджы Цалх та дзы фæтарстис æмæ цъæнутджын фæтæнмæ
йæхи баппæрста.
Лæппу дæр та йæхи лæг фестын кодта, йæ къухтæ кæрæдзиуыл
æркъуырдта. Къухтæй уый бæрц цæхæр акалдис, æмæ фæтæн æмсыгъд
скодта.
Балсæджы Цалх та фæтарстис; йæхи хъæддаг карк фестын кодта æмæ
фæтæны стахти. Сосланы хæрæфырт æй ауыдта, йæхи цæргæс фестын
кодта æмæ та йæ фæсуры. Балсæджы Цалх куы суынгæг ис, уæд ратахтис
Нарты хъæумæ æмæ къулбадæг усы хæдзары смидæг ис.
Лæппу дæр та йæ ауыдта, йæхи та лæг фестын кодта æмæ усмæ
бацыд.
— Ам дæ хæдзармæ цы хъæддаг карк æртахт, уый цы фæцис? Тагъд
мын æй зæгъ, æндæра дæ æд сывæллæттæ басудздзынæн!— дзуры лæппу.
Ус фæтарстис æмæ йын радзырдта:
— Уæлæ уæлмæрдмæ ссыдис, æмæ дзы нæуæгдæр цы мард ис, уый
ингæнмæ ныххызтис.
Лæппу йæхи богъа фестын кодта. Уæлмæрдты нæуæгдæр цы ингæн
уыдис, уымæ бацыдис æмæ йыл абухын байдыдта. Бынæй йæм Балсæджы
Цалх дзуры:
— Æнæрай дæ фæуа дæ хицау! Æз ам Сосланы хæрæфыртæй æмбæхст
дæн, æмæ мæ цæуылнæ ныууадзыс!
Иæ ныхас ын фехъуыста лæппу, йæхи лæг фестын кодта æмæ йæм
уырдыгæй дзуры:
— Багъæц, æмбæхст кæмæй дæ, æз дæр уый дæн! Фæлæбурдта лæппу
æмæ йæ ракъахта. Ингæнæй йæ фелвæста æмæ йæ Сосланы ингæнмæ
бахаста æмæ дзуры йæ хъæлæсы дзаг:
— Сослан, Балсæджы Цалх дын мæрдты фæлдыст фæуæд, дондзау æмæ
дын лæггадгæнæгæй фæхæтæд, уæлæуыл та дын цырт уьгдзæн!
Йæ цирхъ фелвæста лæппу, Балсæджы Цалхæн йæ сæрастæу ныххырхта
æмæ йæ йæ астæуыл æрфаста: йæ иу æрдæг ын Сосланы ингæнæн йæ
нывæрзæны ныссагъта, йе 'ннæ та йæ дæлфæдтæм.
Категория: СОСЛАН | Добавил: Рухс (07.09.2009)
Просмотров: 1795 | Рейтинг: 5.0/1 |

Схожие материалы:
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]