УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » СОСЛАН |
— Кæд æмæ мын мæ фырты фæцæф кæнат æмæ йæ амарат, уæд мæ ницы хъæуы, кæд æмæ йæ нæ фæцæф кæнат æмæ йæ нæ амарат, уæд мын хæдзарæн гал куыд радтат, афтæ. — Хорз,— загътой Нарты фæсивæд æмæ 'хсын байдыдтой Сырдоны фырты. Алы бон дæр æй æхстой, фæлæ йын фæцæф кæнынæн ницы фæрæзтой. Бирæ бонтæ куы фæтухæн кодтой æмæ йæ куы нæ цæф кодтой, уæд сыл худæгæй мардис Сырдон, йæхи цæттæ кодта хæдзарæн гал райсынмæ. Уалынмæ, дын, сæм Нарты Сослан кæцæйдæр фæзындис. Нарты фæсивæд Сосланы куы федтой, уæд йæ размæ азгъордтой æмæ йын радзырдтой Сырдоны хъуыддаг. Стæй йæ алыфæрсты æрлæууыдысты æмæ йæ сусæгæй Сырдоны фыртмæ æхстбæрцмæ бакодтой. Сослан лæппуйы фехста, æмæ,— дæ балгъитæг афтæ,— иунæг æхстæн лæппу дзыхъмард фæци. Бацыд Сырдон йæ фыртмæ 'мæ йæ рахаста, ингæн ын скъахта 'мæ йæ баныгæдта. Уый тыххæй Сырдон æмæ Сослан знаг рахастой. | |
Категория: СОСЛАН | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 2129 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |