УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » СЫРДОН |
Иу бон Нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны. Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы: — Уæдæ Нарт кæм сты,— куы ничи сæ зыны æттæмæ? Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры: — Мæн-иу ма схъæр кæн, фæлæ Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты. Сырдон йæ хæдзармæ бацыди, йæхи арæвдз кодта æмæ араст ис сæ фæдыл. Иу æртæ боны куы фæцыди, уæд сау хъæды æрынцад æмæ уым бонасадæн кодта. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры: — Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у! Уæйгуытæ йæм дзурынц: — Мах кæнæм уаргæ æмæ нæ фидауæм. — Зæгъут-ма мын, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафидауын кæнин. Уæйгуытæ йын зæгъынц: — Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг, æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ бахæццæ кæндзæн. Фынджы та нымæтын ехсæй куы 'рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг вæййы. Бæндæнæй та æнæхъæн хорхос куы сбæдтай, уæд дæр дын уæз нæ кæндзысты. Уæд сын Сырдон зæгъы: — Уæдæ кæд мæнмæ хъусут, уæд уæ æз бафидауын кæндзынæн. Æз фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæ 'рдæм, æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи 'рхæсса, уымæн фыццаг бар, уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн та — фæстаг бар. Уæйгуытæ сразы сты. Сырдон дæр сын сæ фæттæ æртæ 'рдæм фехста æмæ сын загъта: — Уайгæут ныр! Уæйгуытæ дæр фæцагайдтой фæттæ агурæг уыцы иуырдæм, кæрæдзийы сæрты схъиудтытæ гæнгæ, кæд æмæ сæ фæттæ алы рæтты уыдысты, уæддæр. Уæд дын Сырдон æрчъиагыл фынг авæрдта, райста йæ къухмæ бæндæн æмæ сбадти 'рчъиагыл, йæхæдæг æм дзуры, æрчъиагмæ: — Уæдæ мæ гъе ныр нæ уæлхæдзар фестын кæ! Уыцы ныхасмæ Сырдон йæ уæлхæдзар фестади. Сырдон Нарты æрхуыдта æмæ сæ иннабонæй-инна бонмæ хорз федта йæ фынджы фæрцы. Уыцы бонæй фæстæмæ Нарт нал цыдысты балцы æнæ Сырдон. | |
Категория: СЫРДОН | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 1648 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |