УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » СЫРДОН |
Нарты рæсугъд Дзерассæ рацæйцыдис донмæ. Доны хицау Гæтæг схудт Дзерассæмæ, йæ цæст æм æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры: — Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ радтдзынæн! Фæтарст Дзерассæ Гæтæгæй, аздæхт æнæ донæй æмæ бацыд сæхимæ. Дзерассæ та дыккаг хатт ацыди донмæ. Æнхъæл уыдис, нал ыл сæмбæлдзæнис Гæтæг, фæлæ йыл сæмбæлд. Дзерассæйæн гæнæн нал уыд, æмæ æмуд æрцыд Гæтæгимæ, æмæ йын райгуырд лæппу, номæй та йæ схуыдтой Гæтæджы фырт Сырдон. Сырдон райдыдта хъомыл кæнын æмæ зыдта æппæт дæр, цы уыди цы уыдзæн, уыдæттæ. Нартимæ нæ фидыдта, цыди сыл сайдæй, æмæ йæ сæхуыдтæг дæр сайдтой, фæлæ-иу æм кæд Нарт мæсты дæр сысты, уæддæр æй уарзгæ дæр бирæ кодтой. Сырдон уыдис зондджын æмæ мадзалджын Нæртон лæг. | |
Категория: СЫРДОН | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 1919 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |