УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » СЫРДОН |
Сырдонмæ уыдис хæрзхаст тохъыл. Нарт æм бабæллыдысты æмæ йæ сфæнд кодтой бахæрын. Иу бон та Ныхасы бадтысты æмæ дзурынц Сырдонмæ: — Хъаймæт æрхæццæ кæны, Сырдон, æмæ дæ тохъыл афтæмæй фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм æмæ йæ аргæвдæм доны был. Физонджытæ скæндзыстæм æмæ уæд Хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ. Сырдон уæлдай ницыуал загъта, сразы ис. Иу хур бон Нарт ацыдысты доны былмæ; Сырдон дæр аласта йæ тохъыл. Æрбынат кодтой донбыл иу бæласы бын, раргæвстой Сырдоны тохъылы æмæ йæ уайтагъд асыгъдæг кодтой. Цæй, нæхи уал ауазал кæнæм, зæгъгæ, сæ дзауматæ раластой æмæ сæхи найын байдыдтой. Сырдон баззад кусарты уæлхъус. Нарт сæхи найынц. Сырдоны Хуыцауы 'лгъыст сын сæ дзауматæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты донбылмæ. Сæхицæн загътой: «Цом ныр æмæ Сырдоны тохъылæй нæхи хорз фенæм». Фæлæ кæсынц, æмæ сæ дзауматæ цыдæр фесты. — Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг йæхимæ фæхаста?— фæрсынц Нарт Сырдоны. — Мæнæ сæ арты бакалдтон,— дзуапп радта Сырдон. — Ау, уый та куыд? — Æмæ ма сæ цы кæнут, хъаймæт тагъд уыдзæн, зæгъгæ, куы загътат, уæд,— зæгъы сын Сырдон. Нарт кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ницыуал сдзырдтой. | |
Категория: СЫРДОН | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 1868 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |