УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ |
Нартæн уæд сæ хистæр Уæрхæг уыдис. Уæрхæгæн райгуырдис дыууæ лæппуйы, фаззæттæ. Иу дзы райгуырдис фыццаг кæркуасæны, иннæ та райгуырдис дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Рухс хуры тынтæ ныккастис Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй — Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты. Уæрхæджы уарзон лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон: хистæрыл — Ахсар, кæстæрыл — Ахсæртæг. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдзы Нарт сæвæрдтой сæ фынгыл, æмæ сын кодта диссаджы зарæг уадындз хъæлæсæй: «Айс æй, аназ æй Хуыцауы хæларæй, Айс æй, аназ æй — ронджы нуазæн!» Уæрхæджы хуынд уазджытæ иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой, стæй уæд фæфардæг сты: Куырдалæгон абадтис цæхæр уады хъисыл æмæ ныппæррæст ласта уæларвмæ, хæдтæхгæ Пакъуындзæйау, Донбеттыр та фестадис æргъæуон цæхæр кæсаг æмæ ныцъыллинг кодта стыр фурды бынмæ; Нарт дæр фæфардæг сты хæтæны, стæронтау. Уайтагъд айрæзтысты Ахсар æмæ Ахсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та — уыдисн. Фæлæ тынг фыдуаг рацыдысты. Сарæзтой сæхицæн фæттæ æмæ 'рдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой — æрмийæ-иу æй æрæппæрстой. Айхъуысти дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæрхæгæн рахъомыл и хъæбатыр фырттæ, фаззæттæ — Ахсар æмæ Ахсæртæг. Ахсар æмæ Ахсæртæг та цæмæн хуындысты? Уымæн, æмæ Ахсар, хистæр æфсымæр, уыд Ахсарджын, Ахсæртæг та, кæстæр æфсымæр— Ахсарæй Ахсарджындæр. | |
Категория: УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 3336 | Рейтинг: 5.0/1 | |
Всего комментариев: 0 | |