УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА |
Уæд, дын, цъиу бæласыл куы абадти, Уым хуымæллæг куы ратыдта. Æртæ гагайы дзы ахордта. Уырдыгæй, дын, куы ратахти, Хуртуаныл куы абадти, Зады нæмыг, дын, фелвæста. Зады нæмыг куы ахордта, Зæхмæ, дын, куы ахаудта, Ратул-батул куы байдыдта. Нарты Уырызмæг æй куы ауыдта, Сатанамæ йæ куы бахаста. Мæнæуы цæстмæ йæ бахæссы, Мæнæуы цæсты йæ куы нывæры. Сæрæй исгæ 'мæ бынæй ахадгæ куы фæвæййы. Цъиу, дын, уым куы æрчъицы. Сатана йыл сагъæс куы байдайы, Уырызмæджы лæмбынæг куы æрфæрсы: Уый йын хъуыддаг куы радзуры... Ныр бæгæны цæмæй кæнгæ у? Сау бæгæны — хъæбæр хорæй. Йе 'нтуан та цæмæй кæнгæ у? Нарты Сатанайы бафæрсут. Æхсæры къутæрыл бур хуымæллæг, Йе 'нтуан та уымæй вæййы. Рахæсс нын, Сатана, сау бæгæны, Ракув нын дзы, Нарты Уырызмæг! Дзæбæх бонтæ дзы фендзыстæм, Дзæбæх зарджытæ йыл куы кæндзыстæм. | |
Категория: УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 2395 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |