УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ » УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА |
Фыр мæстæй иухатт загъта Уырызмæг йæ ус Сатанайæн: — Дæ Хуыцауы тыххæй, фæцу дæ цæгатмæ! Ахæсс нæ хæдзарæй, цы дæ бафæнда, уыдон иууылдæр, дæ зæрдæ цы хæзнатæ зæгъы, уыдон, æмæ мæ ныууадз,— нал дæ фæразын! — Иттæг хорз,— загъта Сатана.— Гæнæн мын нал ис, мæ лæджыхай, дæ коммæ бакæсдзынæн, фæлæ ма дæ курын иу хъуыддаг. Æз Нарты цæхх æмæ кæрдзынæй хайджын дæн, уыдон дæр — афтæ. Ныр мын куывд скæн,— æз Нартæн мæ нуазæн радтон. Уырызмæг сразы ис æмæ йын куывд скодта. Сатана заманайы фынг сарæзта — къæбицты ницыуал ныууагъта хуыздæр хæринагæй, хуыздæр нуазинагæй. Нарты адæм куывды авд æхсæвы æмæ авд боны фæбадтысты, стæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, æрмæст ма уырдыгыстджытæ фæстæдæр аззадысты. Æмæ сын Сатана загъта: — А лæгыл ма мын ацин кæнут! Уырдыгыстджытæ Уырызмæгæн нуазæнтæ авæрдтой,— æнæуый дæр цух кæм уыдаид,— æмæ Уырызмæг фæрасыг ис, æмæ тарф фынæй бацис. Уырдыгыстджытæ дæр фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Сатана хаст галтæ уæрдоны сифтыгъта, гуыффæ байдзаг кодта фæсалæй, гобан дзы айтыдта, гауыз ыл æрæмбæрзта, фынæй лæджы уым аваердта æмæ араст ис йæ цæгатмæ, хæдзары исбонæй æппындæр ницы рахаста, афтæмæй. Быдырмæ куы ахæццæ сты, уæд Уырызмæг фехъал ис,— уæдмæ æвронг дæр æрцис. Кæсы, дын, æмæ йæ фарсмæ Сатана бады, бæрз уисæй галты размæ тæры, йæ цæсгомæй йын залмы сыфæй бындзытæ асур-асур кæны. «Ай та цы диссаг у, куы ницы æмбарын!» — зæгъы йæхи нымæры Уырызмæг. — Ай кæдæм цæуæм?— фæрсы лæг усы. — Ферох дæ ис, æвæццæгæн, дæ хæдзарæй мæ кæй ратардтай, уый? Мæнæ мæ цæгатмæ цæуын,— дзуапп ын радта Сатана. — Хорз,— загъта Уырызмæг,— фæлæ мын бамбарын кæ, мæн та демæ цæмæн ласыс?.. — Куы мæ 'рвыстай мæ цæгатмæ, уæд загътай: «Дæ зæрдæ цы хæзнатæ зæгъы, уыцы хæзнатæ алас демæ!» Мæнæн мæ царды мидæг дæуæй зынаргъдæр æмæ уарзондæр хæзна нæй, æмæ дæ раластон, иннæ хæзнатæ ныууагътон. — Ай хæйрæгыл куы фæхæст дæн!— загъта, йæ мидбылты худгæйæ, зæронд Уырызмæг; йæ усимæ бафидыдта, æмæ фæстæмæ сæ хæдзармæ раздæхтысты æмæ цæргæйæ баззадысты иумæ, кæрæдзийы уарзгæйæ. | |
Категория: УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА | Добавил: Рухс (07.09.2009) | |
Просмотров: 3468 | Рейтинг: 0.0/0 | |
Всего комментариев: 0 | |