УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ |
В разделе материалов: 71 Показано материалов: 21-30 |
Страницы: « 1 2 3 4 5 ... 7 8 » |
Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы куырдта,
фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта. Авд азы йыл фæдзырдта Сослан — нæ йьгн сразы ис ЧелАхсæртæг йæ чызджы радтыныл. Уæд иуахæмы Алæгатæ сцæттæ кодтой, хæрдæй, нуæзтæй цы хъуыдис, уый, æмæ сарæзтой стыр куывд. Æрхуыдтой Нарты адæмы сæ куывдмæ. Рабадтысты Нарт Алæгаты стыр хæдзары рæгъытæй. Иу рæгъы уæле хистæрæн Уырызмæг бадтис, иннæ рæгъы уæле Хæмыц, æртыккаг рæгъы уæле та Сырдон. Сæмбæлдис сæ куывды Хызы фырт ЧелАхсæртæг дæр. Хæрынц æмæ нуазынц Нарты адæм, Алæгаты стыр куывды уæле дæлæмæ гаджидæуттæ уадзынц. Иу дзæвгар куы абадтысты, уæд Сослан æмæ Хызы фырт ЧелАхсæртæг фæбыцæу сты,— алчи сæ йæхицæй æппæлы. — Мæ фыды стæн, æз дæуæй хуыздæр лæг дæн,— загъта Хызы фырт ЧелАхсæртæг.— Алцæмæй дæр мæ бон у демæ афæлварын. Цæй-ма, хæснагыл ракафæм, кæддæра чи кæй амбулид. |
Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис
Хурыскæсæны 'рдæм. Иæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы астæуты фескъæфы. Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын байдыдтой, йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм, зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: «Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй мæрдтæм барвитæм — зындоны цады йæ баппарæм». Барвыстой Сатанамæ: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ фæкув». Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ цæсты сыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта Сатана, ме 'нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон, зæгъгæ. |
Иу изæр Сослан Нарты хъæуы уынгты уæлæмæ фæцæуы. Иу тигъмæ
схæццæ ис, æмæ дзы лæппу-фæсивæд лæууынц. Сосланы нæ уынынц æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» Дыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр лæууынц лæппу-фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» Æртыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр та лæууынц фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» «Мæ хуыцауы стæн, адоны мын æнæ бавзаргæ нæй», загъта Сослан æмæ æрæмбырд кодта фæсивæды иу ранмæ. — Гъей, мардзæтæ! — дзуры сæм Сослан. — Уарбийы 'фсæдтæ Хызыны 'фцæгыл ссæуынц, æмæ сын сæ ис, сæ хæзна байсæм. Алчи уæ æд фæндаггаг, æд хæцæнгарз райсом боны цъæхыл рæвдзæй куыд рацæуа, афтæ. |
Иу изæр куы уыдис, уæд Сослан бадти Нарты Ныхасы.
Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис. — Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг?— фæрсы йæ Сослан. — Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуы-ма сæмбæлд,— загъта Уырызмæг.— Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ. Æхстбæрцмæ йæм бацыдтæн, ме 'рдын æм фæцарæзтон, æмæ, гъа ныр фехсон, куыд загътон, афтæ мæ фæттæ иууылдæр фæпырх сты, иу дæр дзы нал аззадис мæ фатдоны. Уæд мæ цирхъ фелвæстон æмæ йæ басырдтон, фæлæ та йæ æрцæвон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ цирхъ мæ къухтæй асхъиудта, æмæ иунæг Хуыцау зоны, цы фæци; саг дæр фестадис æмæ алыгъди. Бæргæ ма азгъордтон йæ фæдыл, фæлæ ма ацу æмæ йæ ды ссар: уайтагъд æрбадæлдзæх и! Саг та — ахæм саг, æмæ йæ хъуын уыди сыгъзæрин. |
— Рацыдтæн уырдыгæй. Кæсын, æмæ иу обауыл фыцы пæлхъпæлхъæй
фæрсæй-фæрстæм æртæ цæдæджинаджы, сæ быны саджы сыкъатæй цырын арт. Дыууæ кæройнаг аджы кæрæдзимæ æппарынц дзидзатæ армгай æмæ агъдгай, ас тæуккагмæ дзы басы цъыртт дæр нæ хауы — сурæй сырсыр кæны. Уый та цæмæн афтæ у?— бафарста Сослан, — Диссаг дæм ма кæсæд уый дæр. Уый та уый амоны, æмæ ахæм рæстæг æркæндзæн, æмæ æцæгæлон адæмтæ кæрæдзимæ æфсымæрæй æнгомдæр суыдзысты, алы мыккæгтæ æфсымæртау хæларæй цæрдзысты, æрвадæлтæй лымæндæр бауыдзысты. — Уырдыгæй рацыдтæн,— загъта Сослан,— æмæ федтон ноджы диссагдæр: иу ран фæндаджы был усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ хæцынц хъæбысæй. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы — се 'ннæ. Бирæ фæхæцыдысты, стæй, æппын фæстаг, фæрсæйфæрстæм æрлæууыдысты фæндагыл. |
Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ,
хæрынтæ байдыдтой; бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой. Арæх-иу цыдис Сослан цуаны Зилахары быдырмæ. Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг. Уæд та иуахæмы бафæнд кодта фæцæуын Зилахары быдырмæ дыууадæс æмбалимæ. Ацыдысты. Зилахары быдыры æрцарæзтой сæхицæн мусонг. Райсомæй-иу сихормæ фæцуан кодтой, стæй-иу æрцыдысты мусонгмæ сæ фæллад уадзынмæ; сæ фæллад-иу суагътой æмæ та-иу изæрæй ацыдысты цуаны. |
Нарты рæсугъд Дзерассæ рацæйцыдис донмæ. Доны хицау Гæтæг
схудт Дзерассæмæ, йæ цæст æм æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры: — Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ радтдзынæн! Фæтарст Дзерассæ Гæтæгæй, аздæхт æнæ донæй æмæ бацыд сæхимæ. Дзерассæ та дыккаг хатт ацыди донмæ. Æнхъæл уыдис, нал ыл сæмбæлдзæнис Гæтæг, фæлæ йыл сæмбæлд. Дзерассæйæн гæнæн нал уыд, æмæ æмуд æрцыд Гæтæгимæ, æмæ йын райгуырд лæппу, номæй та йæ схуыдтой Гæтæджы фырт Сырдон. Сырдон райдыдта хъомыл кæнын æмæ зыдта æппæт дæр, цы уыди цы уыдзæн, уыдæттæ. Нартимæ нæ фидыдта, цыди сыл сайдæй, æмæ йæ сæхуыдтæг дæр сайдтой, фæлæ-иу æм кæд Нарт мæсты дæр сысты, уæддæр æй уарзгæ дæр бирæ кодтой... |
Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ
иннæтæ — сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иу бон араст сты. Хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды кодтой: «гъей джиди, Сырдон дæр ма немæ куы уаид,— дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у!» Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы: — Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз ныртæккæ ракæнин, — Фæлæудзыстæм,— зæгъгæ, йын загътой,— æрмæст тагъд цу æмæ фæстæмæ дæр тагъд фездæх. Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ балæууыд, æмæ мидæмæ дзуры: — Йе, Сырдон, æттæмæ-ма ракæс, кæд ам дæ, уæд! — Мæнæ дæн,— зæгъгæ, йæм радзырдта Сырдон æмæ йæм æттæмæ рауади æмæ йæ бафарста: — Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ? Хъусын дæм... |
Нарт иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой
афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фау ма 'рхастаид, уый тыххæй. Уæд сцæттæ ис хæдзар, æмæ загътой. — Ныр фенын кæнæм нæ хæдзар Сырдонæн, кæддæра ма йæм исты фау хæссы æви нæ? Арвыстой, дын, Сырдонмæ Сосланы. Сослан æм ныццыди æмæ йын загъта: — Нарты æмбырды дæм дзурынц. Уæд ын Сырдон загъта: — Ацæудзынæн!.. Æмæ араст сты иумæ. Æмæ бацыдысты Нарты иумæйаг хæдзармæ. Нарт се 'ппæт дæр уым уыдысты æмæ загътой Сырдонæн: — Нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви ма йæм исты фау ис? Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты. — Хорз у, фæлæ ма...,— зæгъгæ, загъта Сырдон æмæ сыстад æмæ рацыди. |
Иу бон Нарт ацыдысты хæтæны. Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы
бафтыд сæ къухы, æмæ раз дæхтысты фæстæмæ. Уæд Нарт зыдтой æнæбын цад тар хъæды астæу æмæ загътой: «Уыцы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм, æмæ кæд фесæфид». Цадыл пыхсытæ мæнг калд æркодтой. Æмæ арвыстой Сырдоны цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад кæй уыдис, уый æмæ дзы ныххаудта. Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ амæлттæй раирвæзтис цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахус кодта йæ дзауматæ æмæ Нарты размæ азгъордта. Нарт Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм уый хъæр кæны: — Фæлæуут-ма, Нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон, дунейы диссаг! |