УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ |
В разделе материалов: 71 Показано материалов: 61-70 |
Страницы: « 1 2 ... 5 6 7 8 » |
Ахсæртæггатæ æмæ Борæтæ уыдысты дыууæ мыггаджы. Уыдысты
сыхæгтæ. Кæрæдзийæ дардтой фæйнæ авд туджы. Иу бон куы уыд, уæд Ахсæртæггаты лæппутæ къорийæ хъазгæ æрбацæйцыдысты. Сæ къори Борæты куырдадзмæ батылди, æмæ лæппу йæ фæстæ бауади. Борæты куырд уыдис куырдадзы; лæппуйы рацахста, фæмард æй кодта æмæ йæ лæглæууæн дзыхъы ныппæрста, уæлæмæ куыд нæ зындаид, афтæ. Ахсæртæггатæ агурын райдыдтой сæ лæппуйы. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан арвы кæрæтты хаттысты сæ лæппуйы агурæг. Уырызмæгмæ хуыскъ хъуг уыдис. Сырдон куы базыдта, Уырызмæг лæппуйы агурæг ацыд, уый, уæд бавдæлд æмæ хъуджы сæргæвста. Изæрæй Ныхасы бадтысты лæгтæ. Сырдонæн уыдис авд лæппуйы; йæ иу лæппу æрбауад Ныхасмæ æмæ Сырдонмæ дзуры: |
Нартæ дыууадæсæй хæтæны ацыдысты. Цас фæцыдысты, чи йæ зоны,
фæлæ никуы ницæуыл сæмбæлдысты. Афтæмæй ныфтыдысты иу. быдырмæ. Уым сыл æрталынг ис. Фæцæуынц, æмæ Сосланæн йæ арц цæуылдæр фæхæцыди. Сгарынц æй, æмæ лæгæты хуызæн цæмæдæр бацыдысты. Дис кæнынц: «Ам куы нæ хъæд и, куы нæ дур, уæд ай циу?» Æхсæв уым баззадысты. Сæумæ райсом кæсынц, æмæ æхсæв кæм арвыстой, уый кæд уыди иу стыр сæры кæхц. Нарт скуывтой: «Уæ, хуыцауты Хуыцау! ацы лæг удæгасæй цы хуызæн уыд, афтæ йæ фестын кæн, æрмæст цæстæй куыннæ уына, афтæ». |
Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди, æмæ уæларвон Сафамæ арвы
цæлхъау фехъуысти. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæн бафтыдта æмæ йæ æркодта Нарты хъæумæ. Ныхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: «Чи райгуырд, уый цæринаг, йæ хъаны бар та мæн куыд уа!» Йæхæдæг гал аргæвста æмæ куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Айсана, зæгъгæ; стæй йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ. |
Иухатт Нарты Уырызмæг афæдз балцы ацыди, чи зоны — кæдæм. Йæ
ус,— Нарты Сатана,— хæстбойнон баци. Æвæдза, гъе ныр афон ралæууыди, афтæ Нарты Сатана æртæ мыдамæсты ракодта æмæ Хуыцаумæ скуывта: — Хуыцауты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Афæдзæй-афæдзмæ нæ бæстыл цы мигъ, цы 'врагъ æрбада, уый ацы сахат Нарты хъæуыл цы 'рбады, уый радт! Тар мигъ ныббадт Нарты хъæуыл. Уæд Сатана Тутыры гуырд уæнгуытæ уæрдоны баифтындзын кодта... |
Уæрхтæнæг Нарты астæу фæцард зæронды онг æнæ усæй. Нарты
фæсивæд бауынаффæ кодтой: «Уæрхтæнæгæн байзæдтаг нæй, нæй йын бындар, æмæ йын ус ракурæм. Кæд нæ коммæ нæ бакæса, уæд та йæ дуртæй амарæм». Уæрхтæнæгмæ бацыдысты Нарты фæсивæды минæвæрттæ æмæ йын загътой: — Уæрхтæнæг, байзæдтаг дын нæй, нæй дын бындар, æмæ ус ракур. Уæрхтæнæг сразы ис ус ракурыныл æмæ Нарты фæсивæды минæвæрттæн загъта: — Майрæмбоны-иу уæ алчи дæр рæвдзæй æрбацæуæд æмæ уын уæд зæгъдзынæн, усгур кæдæм фæцæуын хъæуы, уый. |
Алæгаты Алымбегæн авд фырты æмæ иунæг чызг уыдис. Йе 'хсæз
фырты æмæ йæхæдæг дæр Сосланы къухæй мард фесты; баззадис ма йын æрмæст чызг æмæ авдæнон лæппу. Лæппуйыл ном сæвæрдта Сырдон — Алымбеджы фырт Тотырадз, зæгъгæ. Лæппуйæ та ахæм уыд, æмæ разæй сыгъдæг æндон уыд, бон уыдисн рæзти, æхсæв та уылынг. Сфæнд кодта Сослан Алымбеджы мыккаг бынтон дæр сыскъуынын. Иу бон бадзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта: — Ацу æмæ Нарты адæмæн фехъусын кæ: «Абон — майрæмбон, иннæ маирæмбрны Хъазæн фæзы хъаздзыстæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа уырдæм, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!» |
Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди, Уæллаг Нартæн та чызг. Дыууæ
дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ бахъуызыди æмæ-иу æхсæв бонмæ йемæ фæци. Уый адыл гыццыл чызгыл йæ авдæн-бæттæнтæ над æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй дангæл кæна, зæгъгæ, Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди — йæ цокора сыгъзæрин, ахæм. Сатанамæ фæуадысты: «Нæ чысыл чызг лæппу куы ныййардта!» — Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый... |
Нарты Борæтæ авд азы фæллой фембырд кодтой сæ зæронд мæрдтæн
кады хист скæнынæн. Хисты бонмæ ма æртæ азы куы уыди, уæд фидиуæг ныхъæр кæнын кодтой: — Борæтæ æртæ азы фæстæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн, æмæ алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила; дугъ та уыдзæн Ахъденджыз æмæ Хъараденджызы астæу сакъадахæй Нарты Хъазæн фæзмæ; Хъазæн фæзы уыдзæн тырыса сагъд, æмæ уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн фыццаджы хай — уацайраг лæппу, дыккагæн та — уацайраг чызг; аннæ бæхтæй дæр иу дæр æнæ хай нæ уыдзæнис, хæцæнгарзæй, фосæй æмæ æндæр хæзнатæй. Фидиуæг куы фехъусын кодта, уæд алчи дæр йæ дугъон бæх æууæрдын байдыдта. |
Уастырджииæн уыдис дыууæ усы.
Дард балцы ацæуын сфæнд кодта Уастырджи æмæ йæ дыууæ усæн зæгъы: — Фæндаггæгтæ мын æрцæттæ кæнут, хæрынæн мын адджын чи уа, хæссынæн рог, стæй мын тагъд ахуыйут дзаумæттæ. Дыууæ усы февнæлдтой бæлццоны арæвдз кæнынмæ. Уæд хистæр ус кæстæрмæ афтæ дзуры: — Ахуый тагъддæр, ахуый, нæ лæг тагъд цæуы. Уæд ын кæстæр ус зæгъы: — Цас тæрсыс нæ лæгæй, Нарты Мæргъуыдз, мийаг, дын куы нæ у! Хистæр ус кæстæрмæ уæд афтæ бадзуры: — Æмгар æмгарæн нæ лæгæй сомы куы кæны, адæмы хæрзтæ нæ лæджыстæн куы кæнынц, уæд ма Мæргъуыдз та чи у? — йæ кой дæр ын куы ничи хъусы! |
Нарты тыхджынтæ иууылдæр фæцардысты хæцгæйæ. Бирæ тыхгæнджыты
тых басастой. Нал сын уыд, сæ тых ма кæимæ бавзæрстаиккой, ахæм. Хъуыды кæнын байдыдтой, чемæ ма бавзарæм нæ тых, зæгъгæ. Уæд сын фыдбылызы Сырдон загъта: — Хуыцауæн кувгæ кæнут, фæлæ ма йæ тыхæй дæр бафæлварут. Нарт ын загътой: — Кæм и, куы нæ йæ зонæм. Сырдон сын загъта: — Куы йæ смæсты Ксенат, уæд уæм йæхæдæг зындзæни. Нарт Сырдоны фæрсынц: — Æмæ йæ цæмæй смæсты кæнæ? — Цагъды фæуат, Нарт,— загъта Сырдон,— кæд искуы ис, уæд ын кувгæ мауал кæнут æмæ йын йæ ном ферох кæнут. Стæй уæ дуæрттæ бæрзонд саразут, цæмæй уæ сæртæ гуыбыр ма кæнат, на 'мæ, мæнæн кувынц, зæгъгæ, зæгъдзæн. Афтæ куы бакæнат, уæд уæ йæхæдæг агурдзæн. Нарт Сырдоны коммæ |