УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ |
В разделе материалов: 71 Показано материалов: 31-40 |
Страницы: « 1 2 3 4 5 6 7 8 » |
Иу бон Нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны.
Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы: — Уæдæ Нарт кæм сты,— куы ничи сæ зыны æттæмæ? Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры: — Мæн-иу ма схъæр кæн, фæлæ Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты. Сырдон йæ хæдзармæ бацыди, йæхи арæвдз кодта æмæ араст ис сæ фæдыл. Иу æртæ боны куы фæцыди, уæд сау хъæды æрынцад æмæ уым бонасадæн кодта. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры: — Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у! Уæйгуытæ йæм дзурынц: — Мах кæнæм уаргæ æмæ нæ фидауæм. |
Нарты адæмæй иу дæр, иннæ дæр дзырдта:
— Сырдон, дæ мæрдтæн хист скæн, кæннод иннæ мæрдтæм æнхъæлцау уыдзысты, дæхи цæмæн тæригъæдджын кæныс мæрдты æгъдауæй? Иутæ ма йын фидис дæр кодтой: — Дæуау исчи йæ мард æгадæй уадзы?! Сырдон дзæбæх æмбæрста, уыцы ныхæстæ цæй фæдыл уыдысты, уый: адæмы фæндыди мæгуыр Сырдоны иунæг хъуг бахæрын. Æмæ Сырдон иукъорд рæстæджы йæхи ныхъус кодта. Æрæджиау зæгъы Нартæн: — Цæмæй мын хист кæнын кæнут мæ мæрдтæн, куы ницы мæм ис, уый куы зонут, уæд? — Æрæмбырд кæн дæ хæстæджытæ æмæ дæ лымæнты, æмæ дæм фæкæсæнт, уæддæр дæ мæрдты æнæ хист ма ныууадз,— загътой Сырдонæн Нарт. Марды кæндæн цы 'мбæлдис — хæрдæй, нозтæй — уый фаг уæлдайджынтæй æрæмбырд кодта Сырдон. |
Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын йс, тын хæсджын. Цыбыркъух лæг
уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæдтæг, фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй. Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд. Æдзух ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта Сырдон. Иу æмгъуыдмæ та хæсдæдтæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ. — Йе, Сырдон, уым нæ дæ? — Сырдон ам нæй,— радзырдтой хæдзарæй. — Кæм ис? — Дæлæ хъæугæрон догъгъæрæг къахы. Хæсдæдтæг араст ис хъæугæронмæ. — Байрйай, Сырдон! |
Сырдонмæ уыдис хæрзхаст тохъыл. Нарт æм бабæллыдысты æмæ йæ
сфæнд кодтой бахæрын. Иу бон та Ныхасы бадтысты æмæ дзурынц Сырдонмæ: — Хъаймæт æрхæццæ кæны, Сырдон, æмæ дæ тохъыл афтæмæй фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм æмæ йæ аргæвдæм доны был. Физонджытæ скæндзыстæм æмæ уæд Хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ. Сырдон уæлдай ницыуал загъта, сразы ис. Иу хур бон Нарт ацыдысты доны былмæ; Сырдон дæр аласта йæ тохъыл. Æрбынат кодтой донбыл иу бæласы бын, раргæвстой Сырдоны тохъылы æмæ йæ уайтагъд асыгъдæг кодтой. Цæй, нæхи уал ауазал кæнæм, зæгъгæ, сæ дзауматæ раластой æмæ сæхи найын байдыдтой. Сырдон баззад кусарты уæлхъус. Нарт сæхи найынц. Сырдоны Хуыцауы 'лгъыст сын сæ дзауматæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты донбылмæ. Сæхицæн загътой: «Цом ныр æмæ Сырдоны тохъылæй нæхи хорз фенæм». Фæлæ кæсынц, æмæ сæ дзауматæ цыдæр фесты. |
Нарты Сырдон куы марди, уæд йæ усæн ныффæдзæхста: «Сæрд мыл
мидгъуын кæрц макæд бадар, зымæг мыл тæвд дзул макуы бахæр æмæ уый фæстæ уазал дон макæд бануаз!» Нартæн дæр загъта, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм хъуыса, уым мæ ма бавæрут, зæгъгæ. Сырдон куы амард, уæд йæ ус йæ фыдæнæн мидгъуын кæрц дарын байдыдта, зымæг та-иу тæвд дзул хордта, стæй-иу уазал дон банызта, æмæ йæ дæндæгтæ разгъæлдысты. Сырдоны мард Нарт фыддæрадæн бавæрдтой Ныхасы,. æмæ-иу адæм кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыста: «Махæй, уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!» |
Нартыл фыд стонг аз скодта. Цы бахордтаиккой, уый сын нал
уыди. Цуаны хаттысты æмæ сырды фыдæй сæ царды уаг æрвыстой. Хæмыц чи уыди, уый сын райдыдта Бурфæсалæй бур сæгуыттæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын райдыдта Хуыскъадагæй хуыскъ хъуазтæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын Сау хохы сæрæй райдыдта хæссын сау зымтæ уæргътæ-уæргътæй. Уæд та, дын, иу бон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не 'рыййæфта, сырды мыккаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры онг. Изæрæй кæсы, æмæ, дын, иу æрдузы цъæх кæрдæгыл хизы сагты дзуг. Се 'хсæн — иу дынджыр урс саг. «Хуыцау мын радта», зæгъгæ, дын, урс сагмæ ныхъавыди Хæмыц. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ кæмттæ ныццарыдтой. Сагтæ фæпырх сты, фæлæ урс саг йæ бынатæй нал сызмæлыд. Дис бафтыд Хæмыцыл: «Мигъ дæр куы никуы ис, уæд арвы цæф дæр куыд уыдзæн?! |
Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта, бон-иу хæфсы цъары бадти ус,
æхсæв та-иу рахызти, афтæмæй. Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ усыл, æмæ кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Уæд, дын, иуахæмы Хæмыц Нарты стыр Ныхасмæ рараст ис æмæ йæ усмæ дзуры: — Быценон, абон дын Нарты стыр Ныхасмæ æнае хæсгæ нæй! Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Ма мæ ахæсс, кæннод дын мæнæй ницыуал пайда уыдзæн. Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта, афтæмæй ацыд Ныхасмæ. Сырдон рагæй дæр Нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмыцæн йæ ус йемæ кæй уыд, уый бамбæрста æмæ бавдæлд æмæ фæсивæды йæхиуыл сардыдта, нæмут мæ, зæгъгæ. фæсивæд дæр æй нæмын райдыдтой. |
Лæппу денджызы бын хъомыл кæнын байдыдта. Мæймæ-иу, æртæ азмæ
цас сырæза адæймаг, уый бæрц сырæзтис. Доны бычмæ йыл сæвæрдтой ном — Хæмыцы фырт Батрадз, зæгъгæ. Нарты сывæллæттæ-иу зымæгон цыдысты денджызмæ — ихыл хъулæй хъазынмæ. Батрадз-иу их стыдта, сывæллæттимæ-иу хъулæй фæхъазыди æмæ-иу сæ амбылдта. Уæд та иу хатт куы уыдис, уæд Нарты лæппуты фыд æмбылд ныккодта Батрадз. Лæппутæ æрцыдысты Нарты Ныхасмæ æмæ уым æнкъардæй бадынц. — Цæуыл æнкъард стут?— бафарстой сæ Нарт. — Куыннæ уæм æнкъард?! Денджызæй нæм иу иæ карæн æмæ не 'нгæс лæппу рацæуы æмæ нын нæ хъултæ амбулы,— загътой лæппутæ. Сатана базыдта, уый Хæмыцы фырт кæй у, уый. Зилын райдыдтой Нарт, цæмæй лæппуйы денджызæй расайой, ууыл, фæлæ ницы амал ардтои,— нæ сæм цыди æттæмæ. |
Батрадзы митæ 'мæ æууæлтæм куы бакаст золынджын Сатана, уæд
бамбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Искæмæн исты фыдбылыз куы скæна, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, æттæмæ нал уагъта Батрадзы æмæ йæ иу хицæн талынг агъуысты бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ цы уыдаид! Иуахæмы йæм кæцæйдæр хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынди. «Ай æтте рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?» — бафарста йæхи нымæры Батрадз. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ дуармæ фæкомкоммæ ис, йæ уæлныхты йæ рахаста æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — уынджы Нарты сывæллæттæ кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд Батрадз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд уынг цъæхахст æмæ æрдиагæй баидзаг ис — йæ цонгыл-иу кæмæн фæхæцыд сывæллæттæй Батрадз, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуыста, уымæн та-иу йæ зæнг фæмур ис. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста, цъæхснаг уисимæ разгъордта уынгмæ æмæ Батразы цъыччытæ кæнгæ батардта сæхимæ. |
Нарты хъæуы, Нарты Уырызмæджы хæдзары, Ахсæртæггаты зæронд
хæдзары цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана. Къонайыл, дæлтъурыл, арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй æмæ къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй. Артмæ бадынæй цъыхыры сысты лæппуйы зæнгтæ. Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди Нарты Сатана. — Уазæг, æгас цу! — Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис? — Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу,— фысым дын уыдзыстæм; хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды — фæздæгджын сихорæй, кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй. — Бузныг, хорз ус, арфæгонд у Хуыцауæй,— фæлæ мæ æхсызгон хъæуы Нарты Сослан. |