УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТÆ [7] |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА [7] |
СОСЛАН [12] |
СЫРДОН [9] |
ХАМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ [22] |
АЦÆМÆЗ [2] |
ХИЦНÆН КАДДЖЫТÆ [10] |
НАРТЫ СÆФT [2] |
Главная » Статьи » НАРТЫ КАДДЖЫТÆ |
В разделе материалов: 71 Показано материалов: 51-60 |
Страницы: « 1 2 ... 4 5 6 7 8 » |
Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Уымæ ахæм
миниуæг уыд, æмæ, æвæдза, адæймаг йе скуыхтдзинæдты тыххæй æцæгтæ дзуры, уæд-иу æнæвналгæйæ йæхи систа æмæ-иу адæймаджы дзыхы размæ бацыд, на 'мæ-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтаид. Иуахæмы та Нарт бадтысты æмæ сæ Уацамонгæйы сæ разы æрæвæрдтой, къуымæлæй йе 'дзаг, афтæмæй. Æмæ алыхуызон таурæгътæ кæнын байдыдтой сæ лæгдзинæдты тыххæй. Иу-иу загъта: æз афтæ дæр бакодтон æмæ уфтæ дæр, æз уым æмæ уым фескуыхтæн; иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ. Фæлæ кæсынц, æмæ Уацамонгæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны. Батрадз æнцадæнцой бады æмæ хъусы. |
Арвы рухс æмæ зæххы фидауц баскуыхти авд æфсымæры иунæг хо
Акула-рæсугъд. Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы 'хсæн, авд фæндаджы астæу, æфсæн мæсыг æмæ уым бадти, æттæмæ нæ каст; йæ цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не 'фтыди. Уæд иу бон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Уырызмæгæй фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой. Симгæ та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, сау хъæды бæлæстæ фæзтытæ кодтой, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта. |
Иухатт Нартæн сæ дзуар æргом рацыд. Устытæ йæм иугай-дыгай
цыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой: «Хорз нывы конд мын радт, хорз нывы конд мын радт!» Иннæты хынцмæ йæм Батрадзы ус дæр ссыд æмæ йæм бадзырдта: — Табу дæхицæн, нæ дзуар!— мæ кувинæгтæ мын айс æмæ мын исты хæрзиуæг бакæн. Дзуар æм радзырдта: — Дæ хуызæн мондадæджынтæн æз хæрзиуæг нæ кæнын. Ус ма цы загътаид!— аздæхт æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзармæ ныццыди. Батрадз сæхимæ нæ уыд — балцы та ацыд кæдæмдæр. Бады æнкъардæй Батрадзы ус. Уæд мæнæ зæрватыкк æрбатахт æмæ хæдзары ердойыл абадт. Батрадзы ус æм дзуры: |
Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бадæнтыл.
Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл. — Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йеттæмæ куы ницы ирвæзти, Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой. Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр. — Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардыл уæд хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; ацы рæстæджы хуызæн сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фыр нозтæй се 'фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се 'хсар куы нæ састой. Афтæ загъта дыккаг хистæр. |
Нарты Хæмыц Нарты 'хсæн номдзыд лæг уыди. Цæуæнты цыди,
хæтæнты хатти æмæ бирæ хæрзтæ фæци Нартæн. Фæлæ йæм Борæты Бурæфæрныг рагæй мæсты уыд. Уый афтæ рауад. Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу æй сылгоймаджы мыккагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый- иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ. загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт райста Хæмыц. Йæ ус Быценон куы нæуал уыдис, уæд Борæты Бурæфæрныджы усмæ дæр фæрæдыди. Бурæфæрныг маст йæ зæрдæйы нытъыссæн кодта, фæлæ йæ куыд райстаид, уымæн ницы амал ардта,— йæ ныфс нæ хаста Хæмыцмæ. |
Ахсæртæггатæ Хæмыцы мард бавæрдтой.
Батрадз уым нæ уыд — кæдæмдæр та дард балцы фæцыди. Ахсæртæггатæ бауынаффæ кодтой, цæмæй фехъусын кæной Батрадзæн, дæ фыды дын чидæр амардта, зæгъгæ; фæлæ нæ зыдтой, кæм ис Батрадз, уый. Уæд бавдæлдысты, æмæ Изæры Ирдгæйы Райсомы Ирдгæмæ арвыстой æмæ йын бафæдзæхстой: «Арвæй, зæххæй — тагъд æрзил, ссар Хæмыцы фырт Батрадзы æмæ йын зæгъ: дæ фыды дын чидæр амардта. Кæд бадгæ кæна, тагъд сыстæд, кæд лæугæ кæна, мауал сбадæд». Изæры Ирдгæ Ахсæртæггаты ныстуан Райсомы Ирдгæмæ фæхæццæ кодта. Райсомы Ирдгæ æрзылди арвыл, зæххыл, фембæлди Батрадзыл æмæ йын, Нарты 'гъдаумæ гæсгæ, тæфæрфæстæ ракодта, стæй йын загъта: — Нарты гуыппырсартæ мæ сæудары хъæргæнæг рарвыстой дæумæ: де 'ндонрихи фыд Хæмыц кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд. |
Уымæй фæстæмæ зилын райдыдта зæдтæ 'мæ дауджыты фæдыл Батрадз
æмæ сыл кæм хæст кодта, уым сæ тыхсын кодта, цагъта сæ. Уæд зæдтæ 'мæ дауджытæ 'рæмбырд сты æмæ Хуыцаумæ бахъаст кодтой: — Хæмыцы фырт Батрадз нæ цæрын нал уадзы, æмæ йæ фесаф! — Цы уын кæнон?— уый ме 'вастæй равзæрд, æмæ йын мæ къухы мæлæт нæй,— загъта сын Хуыцау. Батрадз куы бамбæрста, зæдтæ 'мæ йыл дауджытæ Хуыцаумæ хъаст кæнынц, уый, уæд загъта йæхицæн: «цавæр Хуыцау у, зæдтæ 'мæ дауджытæ сæ хъаст кæмæ хæссынц, уый? Цон æмæ йæ бабæрæг кæнон». Æмæ барæвдзытæ кодта йæхи æмæ араст ис уæларв Хуыцаумæ. Цæуы йæ фæндагыл. Хуыцау куы базыдта, Батрадз æм ссæуы, зæгъгæ, уый, уæд ын зæххы æмуæз дзæкъул йæ размæ æрæппæрста... |
Насран-æлдармæ фыццаг æрцыдис хуын, æмæ йæм хуынæн цы 'рцыди?
Хуынæн æм æрцыди урс фыры æвзаргæ хъуынæй конд нымæт. Уый фæстæ та йыл уац сæмбæлдис, дæ усы дын Мысыры æлдар аскъæфта, зæгъгæ. Насран-æлдар Нартыл фидиуæг ныхъæр кæнын кодта: «Алы хæдзæр дæр æфсæддон куыд сцæттæ кæна, афтæ! Æфсæддон цы хæдзар нæ рарвита, уымæн аргæвддзыстæм йæ гал иварæн, йæ артыл ын дон ауадздзыстæм, йæ фæнычы къæрмæг ын дымгæмæ ныддардзыстæм». Æмæ се 'ппæт срæвдз кодтой æфсæддонтæ Насран-æлдары æфсадæн. Насран-æлдар кæсы æмæ йе 'фсады æхсæн нæ уыны йæ мады 'рвадæлтæ — Ацæты мыккагæй æфсæддон. Ацæтæй мыккаг нал уыдис — Ацæ йæхæдæг зæронд баци, йæ фырт Ацæмæз та ма дзидзидай уыдис. |
Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ
уарыныл ныллæууыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ-иу ныббыцæутæ сты. Нарты хорз лæгтæ сын уыдысты уарæг æмæ сын ницы фæрæзтой сæ хъуыддаг алыг кæнынæн. Авд Ныхасмæ рахастой хъуыддаг, авд Ныхасы йыл фæтæрхон кодтой, уæддæр ницæуыл ахицæн сты. Нарты хистæр — зæронд чъиуцæст Мæгуырæг — фæстагмæ сæ уарæг уыдис æмæ стæрхон кодта: фос — хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та — кæстæрæн. |
Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан цуаны рацыдысты. Ацæ сæ
хæрæфырт уыди, æмæ йæ семæ скъæрæг ракодтой. Сау бон изæрмæ æртæ æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. Изæры 'рдæм куы уыдис, уæд та Ацæ раскъæрдта рувас. Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой, æмæ рувас расхъиудта æмæ фæтымбыл ис. Иу иннæмæ дзуры: æз æй амардтон; иннæ дæр зæгъы: æз æй амардтон. Уæд сын Сослан загъта: — Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амардтон, зæгъгæ, кæд, мийаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæд дæр! Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц: — Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?! |